Нæ республикæ хъæздыг у æрдзон æвæрæнтæй æмæ сæ пайда кæнæм зæрдæйы фæндиаг, уыдоны нымæцмæ хауы нуазыны дон дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы, нырма нæ хъæууон цæрджытæй иутæ тынг кæй тыхсынц нуазыны доны кадавардзинады аххосæй.

Цæмæй уыцы уавæр æрбæстон уа æмæ æнæкъуылымпыйæ æххæст цæуой сæ домæнтæ, ууыл та зæрдиагæй архайынц æмбæлон разамонджытæ. Нуазыны доны фарст рагæй фæстæмæ нывыл нæ уыд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы дæр. Фыдæлтæй фæстæмæ ам цы иунæг суадон ис, уымæй пайда кодтой хъæуы иууыл дæрддзæфдæр æмбæстæгтæ дæр æмæ тыхстысты. Уæд цæрджытæй иутæ скъахтой цъайтæ, фæлæ уыдон дæр алкæй домæнтæ не ‘ххæст кодтой.

Уавæр зындгонд уыд уæлдæрлæууæг органтæн æмæ æндæр æмæ æндæр рæстæджыты архайдтой йæ фæхуыздæр кæныныл, фæлæ уæддæр æмбæстæгты домæнтæ кæронмæ æххæст не ‘рцыдысты. Хъæуы доны фарст æрбæстон æрмæстдæр фæстаг рæстæджы. Республикæйы Президент Бибылты Анатолийы фæндонмæ гæсгæ амæйразмæ бавнæлдæуыд Тулдзы къохæй дон суадзыныл. Ацы куыстытæ æххæст кæныныл зæрдиагæй бацархайдта районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, йæ директор Уазæгты Мевлуды разамындæй. Æппæт куыстытæ дæр æххæст æрцыдысты рæстæгыл, æмбæлон æгъдауæй æмæ майы мæйы фыццаг бонтæй цæрджытæ пайда кæнын райдыдтой ацы донæй.

Райсом 6 сахат дæр нæма уыд, афтæ йæ куысты уæлхъус балæууыд донгæс Лохты Юри, ныккаст, дон кæм æрæмбырд вæййы, уыцы цистернæтæм, уыдон та сты 110 литруат донæмбырдгæнæнтæ. Лохы-фыртæн йæ зæрдæ барухс, бактæ йедзагæй куы федта, уæд æмæ уал бавнæлдта хъæуы æртæ цæрæн бынатмæ дон ауадзыныл. Куыд радзырдта, афтæмæй дон æмбæлон бынатæй цæудзæн алы цæрæн хæдзары кæртмæ дæр боны 3 сахаты онг. Афтæ, æмæ цæрджытæ нуазыны донæй ифтонг цæудзысты бон цухæй. Уæдæ ма цы хъуамæ уа уымæй æхсызгондæр цау цæрджытæн æмæ бузныг зæгъынц, чидæриддæр ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл бакуыста, æппæт уыдонæн.

                          ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.