Цхинвалы 2-æм астæукаг скъолайы республикон политикон парти«Иугонд Ирыстон»-ы æххуысы фæрцы байгом ногцалцæг спортивон зал. Мадзалмæ фæуазæг сты нæ бæстæйы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Скъолайы директор Михаилиди Ольгæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта спортивон зал чи сцалцæг кодта, уыдонæн æмæ уазджытæн дæр.

«Ацы аз не скъолайыл æххæст кæны 85 азы æмæ уал фыццаг лæвар райстам диссаджы, рæсугъд спортивон зал. Ацы скъолайæ тынг бирæ спортсментæ  рацыдис æмæ мæ уырны, дарддæр дæр нæ ахуыргæнинæгтæн кæй уыдзæнис иттæг хорз æнтыстытæ спорты. Хæсты фæстæ нын сцалцæг кодтой ацы спортивон зал, фæлæ дзы тынг бирæ згъуыдтæ æруагътой. Арæзтадон æрмæджыты гъæд уыдис тынг мæгуырау,æмæ дзы ницы мадзæлттæ уыд уадзæн. Ныр нæ бæллиц сæххæст ис æмæ та нын ныр уыдзæнис уавæртæ ахуыры процесс æмбæлон æмвæзадыл уадзынæн. Скъоладзауты цинæн кæрон дæр нæй, ахæм аив спортивон зал сын кæй уыдзæн нырæй фæстæмæ», – банысан кодта Михаилиди Ольгæ.

Скъоладзаутæ мадзалы кæронбæттæны уазджытæн равдыстой сæ дæсныдзинад кафтæй æмæ спорты ивæн номыртæй.

Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй уымæ æрбахатыдис баххуыс кæныны фæдыл 2-æм астæуккаг скъолайы директор, зæгъгæ нæ скъоладзаутæн нæй спортивон зал. Фæлæ Парламентæн йæ бон нæу æмæ ахæм хуызы баххуыс  кæна. Уый фæдыл Парламент Сæрдар бахатыд «Иугонд Ирыстон»-ы партийы сæргълæууæг Тадтаты Аланмæ.

Тадтаты Алан бацыд æмæ бынаты федта, сывæллæттæн æцæгæйдæр кæй нæй спортивон залы æмбæлон уавæртæ, æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй ногæй цалцæг æрцæуа. Ацы хъуыддаджы сæ фарсмæ æрбалæууыд горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг дæр, кæцы сæм фæкаст цалцæггæнæн æрмæджытæй. Йе ‘ххуысы къух ма сæм фæдаргъ кодта бæстæйы Президент Бибылты Анатоли дæр, – уый  президентон хæрзаудæн фондæй рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ спортивон зал сцалцæг кæнынæн. Афтæмæй, иумæйаг тыхтæй 2-æм астæуккаг скъолайы спортивон зал цалцæг æрцыд.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.