Цхинвалы уагъд цæуы æрвылазон турнир РХИ-йы Президенты Кубок рамбулыныл. Ерысты хайад исынц республикæйы районтæй, Цхинвалы микрорайонты æмæ тыхон структурæты командæтæ. Æдæппæт сæйраг призыл тох кæнынц 13 командæйы. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы турниры хайадисæг командæтæ æмæ æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Президент Бибылты Анатоли.

«Арфæ уын кæнын ерысты райдианы тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ æмæ рæсугъд профессионалон хъазт фенын кæнын, афтæ ма командæты ‘хсæн кæрæдзимбарынад. Ныфс мæ ис, æмæ уын ацы традицион ерыстæ  ноджы тынгдæр кæй бауарзын  кæндзысты футбол. Символикон ма у уый дæр, æмæ ерыстæ  уагъд кæй цæуынц Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бо-ны цытæн», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Командæтæн ма раарфæ кодта  РХИ-йы футболы федерацийы президент Джиоты Алан. Уый куыд загъта, афтæмæй йæ стыр ныфс ис, республикæйы футбол размæ кæй цæудзæн, уымæй. «Мæ зæрдæ уын зæгъы хорз хъазт. Уадз, фæуæлахиз уæд тыхджындæр!», – загъта уый.

Уый фæстæ айхъуыстысты  РХИ-йы паддзахадон гимны зæлтæ æмæ ерыстæ нымад æрцыдысты гомыл.

Турнир байгом кæныны музыкалон хайы акафыдысты г.Цхинвалы администрацийы цур хореографион ансамбль «Ирон»-ы хайадисджытæ. Йæ аивадон къухдариуæггæнæг у РХИ-йы сгуыхт артисткæ Хуыгаты Дианæ. Зарæг сæххæст кодта æвзонг зарæггæнæг Икъаты Миленæ.

Хъæзтытæ уагъд цæудзысты 10 боны дæргъы. Финалон фембæлд уагъд æрцæудзæн 26 августы, ома, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бон.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ турниры организатортæй кæй ралæууыдысты РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ æхсæнадон организацитæ Президенты финансон æххуысы фæрцы.

Фæуæлахизуæвæг æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæтæ хорзæхджын æрцæудзысты æхцайы премитæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ турниры фæстаг дыууæ хатты кæй рамбылдта Цхинвалы Хъайтарты уынджы командæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.