Ирон энциклопеди «Осетия и осетины»-йы автор, национ преми «Яб-локо нартов»-ы лауреат Челехсаты Хъазбеджы цытæн уагъд æрцыд турнир шахматтæй. Традицимæ гæсгæ ацы ерыстæ уагъд фæцæуынц æрылаз дæр æмæ ныр уагъд æрцыдысты 7-æм хатт. Турниры призтыл фæтох кæнынц æрмæст республикæйы тыхджындæр шахматисттæ нæ, фæлæ ма Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ уыдон уагъд фæцæуынц командон хыгъды. Ныр та дзы сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой аст командæйы. Хистæр кары спортсментимæ иумæ ерысты хайад райстой 6 ахуыргæнинаджы дæр. Уыдонæй 4 уыдысты иу бинонтæй. Уыдон Дзæуджыхъæуæй ерыстæм сæрмагондæй æркодта сæ фыд, Теделетæй рацæугæ Танделаты Сергей.

«Рагæй мæ фæндыд мæ сывæллæтты æркæнын, цæмæй стох кæной турниры призтыл. Ныр мын æхсызгон у кæй нын бантыст æрцæуын», – банысан кодта Танделаты Сергей.

Турнирысæйраг фавориттыл нымад цыдысты Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады командæтæ. Уымæн æмæ Горæтгæрон командæ турниры уæлахиздзау ссис 2013 азы.  РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады командæйы уæнгтæ та ерысты уæлахиздзаутæ систы ивгъуыд аз. Ныр Горæтгæрон районы командæ сфæнд кодта реванш райсын.

«Турнир уагъд цæуы бæрзонд æмвæзадыл. Фарон фæхæрд стæм. Ныр нæ командæмæ æркодтам ноджы иу тыхджын  шахматисты æмæ нын уый хъуамæ баххуыс кæна турнир рамбулынæн», – банысан кодта Горæтгæрон районы командæйы уæнг  Калоты Барис.

Фыццаг туртæй Горæтгæрон районы командæ турнирон таблицæйы цыд 1-аг бынатыл æмæ йæ турниры кæронмæ не ссæрибар кодта æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынат бацахста РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады командæ. Æмæ æртыккагыл та ацыд Цхинвалы гимнази «Альбион»-ы командæ.

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемони байгом кодта турниры сæйраг тæрхонгæнæг Тедеты Владимир. Турниры хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

«Хуссар Ирыстоны размæдзыд сты уæгъдибар хъæбысхæст, уæззау атлетикæ æмæ афтæ дарддæр. Ныр мах хъæуы, интеллектуалон спорты хуызтæ кæй хонынц, уыдон популярондæр кæнын. Ацы турнир та уымæн фæуыдзæн стыр ахъаз», – загъта Бибылты Анатоли.

Æрæмбырдуæвджытæн Президенты номæй раарфæ кодта спорты фарстыты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

«Арфæ уын кæнын Президенты номæй. Райгуырæн бæстæйы раз Челехсаты Хъазбеджы лæггæдтæн саргъгæнæн дæр нæй. Турниры æмвæзад та азæй азмæ кæны бæрзонддæр», – банысан кодта Джиоты Руфин.

Ерысты хайадисджытæн бузныг загъта Челехсаты Хъазбег. Уый уæлдай бузныгæй баззад Цæгат Ирыстонæй æрцæугæ командæтæй. Афтæ ма  шахматисттæй бирæтæн балæвар кодта йæ чиныг «Осетия и осетины».

Турниры уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты призтæ æмæ Кады грамотæтæй.

   Хуриты Б.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.