Кæронмæ бахæццæ зынгхуыст хъайтар Галуанты Олегы номарæн республикон турнир волейболæй. Ерыстæ ныр уагъд æрцыдысты фæндзæм хатт. Сæ организатортæ сты РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитет, хæрзаудæн фонд «Фæранк» æмæ Ахуырад æмæ Хъахъхъæнынады министрадтæ. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кæныны рæстæджы Фæсивæдон комитеты сæрдар Зассеты Сергей банысан кодта, зæгъгæ ацы хæрзаудæн фондимæ æнтыстджынæй  æмгуыстад кæнынц цалдæр азы дæргъы.

«Ныр дæргъвæтин рæстæджы  æхсæнадон организаци «Зиу»-имæ  иумæ  спорты  æндæр  æмæ æндæр хуызтæй ауагътам бирæ турниртæ. Уыдон се ‘ппæт дæр уыдысты зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ ссарыны тыххæй. Дарддæр дæр нæм ис стыр плæнттæ», – банысан кодта Зассеты Сергей.

Ерысты уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны церемонийы рæстæджы йæ  хайадисджытæй сæ иу Хъуылымбегты Аннæ бакаст Уацамонгæйы ордены кавалер Галуанты Олегы биографи. Уый стыр хайбавæрд бахаста Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Йæ царды фæстаг уысмтæм нæ  ныууагъта йæ  позици  æмæ  корректировкæ кодта Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты артиллерийы. Олег зна-джы нæмыгæй фæмард 8-æм августы. Турниры командæтæ сæ хæсыл банымадтой  æнæмæнгæй дæр хайад райсын, сæ  рухс сомбоны тыххæй йæ  цард нывондæн чи  æрхаста, уыцы хъайтары рухс номыл турниры. Йæ хайадисджыты нымæцмæ гæсгæ, ацы ерыстæ азæй-азмæ  кæнынц популяронæй-популярондæр. Ныр та дзы сæ тыхтæ фæлвæрдтой 24 командæйы. Уыдонæй 10 уыдысты чызджыты командæтæ, 14 та – лæппуты. Уыцы хъуыддаг бафиппайдта спорты фарстыты фæдыл Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин. Уый Президенты номæй раарфæ  кодта  æрæмбырдуæвджытæн.

«Турнир ацыд тынг хорз. Кæй зæгъын  æй хъæуы, зынгхуыст хъайтарты рухс номыл ерыстæ  уадзын хъæуы. Ацы турниры бирæ командæтæ  райстой хайад. Уый та мын у тынг  æхсызгон», – загъта Джиоты Руфин.

Турнир цыд къуырийы дæргъы. Фыццаг æртæ боны уал ерыс кодтой чызджытæ. Уыдон ‘хсæн иууыл цæттæдæр разынд 6-æм астæуккаг скъолайы командæ æмæ  ссис ерысты уæлахиздзау, 2-аг бынат бацахста 9-æм скъолайы командæ   æмæ  3-аг та ссис 1-æм скъолайы командæ. Лæппуты ‘хсæн аккаг ныхмæлæууæг нæ  разынд Цхинвалы скъола-интернатæн.  Æвзист майдантæ  рамбылдтой 12-æм скъолайы волейболисттæ,  æмæ  3-аг бынатыл ацыд 9-æм скъолайы командæ. Турниры хайадисджытæн ма Президенты номæй раарфæ  кодта РХИ-йы Æдасдзинады советы секретарь Плиты Анатоли. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахады сæргълæууæг стыр хъусдард здахы спорты размæцыдмæ.

«Тынг  æхсызгон мын у, нæ  хъайтарты кæй нæ  рох кæнæм, уый. Ацы турнир у, республикæйы къухдариуæгад спорты размæ цыды тыххæй цы къахдзæфтæ  аразы¸ уый хай. Республикæйы къухдариуæгад  æппæт дæр аразы спорты размæцыдæн, цæ-мæй алкæмæн дæр фадат уа спортæй архайынæн. Уый тыххæй гом цæуынц алыгъуызон спортивон объекттæ», – банысан кодта Плиты Анатоли.

Плиты Анатоли йæхæдæг дæр уыд Ирыстоны иууыл хуыздæр волейболисттæй сæ  иу. Уый куыд загъта, афтæмæй та йæ  ныфс ис, Хуссар Ирыстоны волейбол фæстæмæ кæй схиздзæн бæрзонд  æмвæзадмæ .

Ерыстæм ма  æрбацыд раздæры зындгонд волейболист, Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Таймураз. Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кубоктæ, майдантæ æмæ Кады грамотæтæй. Турниры организатортæн  æмæ  йæ  хайадисджытæн бузныг загъта Олегы мад Галуанты Светланæ.

«Махæн, сæ  хъæбулты чи фесæфта, уыцы ныййарджытæн тынг ахсджиаг у сæ  рухс нæмттæ  рох кæй не сты, уый. Уымæн  æмæ фæзæгъынц, кæдмæ цæры адæймаджы тыххæй мысынад, уæдмæ цæры адæймаг. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын турниры организатортæн, йæ хайадисджытæн æмæ  цытджын уазджытæн. Мæ  зæрдæ сын зæгъы сабырад æмæ   æнтыстытæ», – загъта Галуанты Светланæ.

Турниры бæрæг æрцыдысты хуыздæр хъазджытæ. Уыдон та сты Хъуылымбегты Аннæ, Цъæхилты Нинæ, Джыгкайты Аленæ, Къусраты Давид, Хъодалаты Иосиф  æмæ  Джиголаты Денис.

Ерысты кæрон йæ  хайадисджытæ  ацыдысты 5-æм скъолайы кæрты Галуанты Олегы уæлмæрдмæ æмæ йын дидинджытæ сæвæрдтой йæ цырты раз.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.