Амондджын хуыдтой сæхи Сталиниры районы Къостайыхъæуы цæрджытæ Тедеты Гио æмæ йе мкъай Даро. Куыстуарзаг, адæмы уарзон, æнæхин æмæ сæрныллæгæй сæ зыдтой хъæубæстæ, алкæмæн дæр сæ фæндыд хорздзинад ракæнын æмæ сын аргъ æмæ кад кодтой уыдон дæр. Ахæм уыдысты се ‘ртæ фырты æмæ дыууæ чызджы дæр. Кæстæр хорздзинадæй цæмæй вæййы æххæст, ахæм æвæрццаг миниуджытæй фесты хайджын: æххуысмæ кæддæриддæр – цæттæ, хистæртæн бахъуыды рæстæджы лæггад кæнын. Агурыны рæстæджы бахауд, Украинæйы зæххыл цы патрулон къорд уыд, уымæ æмæ ам дæр йæхи равдыста хъазуато-нæй йе ‘мбæлттимæ иумæ. Уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ йæ ныййарджытæм 1946 азы фыс-тæг кæй æрæрвыста украинаг сылгоймаг ахуыргæнæг Воробей. Уый фыста, зæгъгæ, уæ фырт Ясон 1943 азы æфсæддон-партизанон хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы цард мæ фа-теры. Ясон уыд, Приходько цы партизанон къордыл командæ кодта, уый сконды. Хъазуатон-æй хæцыд фыдгулы ныхмæ, æх-хæст кодта иууыл зындæр операцитæ æмæ йæхи æвдыста хъаруджынæй. Фæстæдæр партизанон къорд стыр тохтимæ ахауд Польшæйы зæхмæ, фæлæ дзы уый фæстæ ницыуал фехъуыстон. Фыстæджы автор куырдта, цæмæй исты бæрæг ныхас фехъусын кодтаиккой йæ хæстон ирон сахъгуырды царды тыххæй.

Лæппуты хъæлдзæгдзинадæй ноджы тынгдæр ахадыдта чындзæхсæв æмæ æндæр цины бæрæгбон, кафты рæстæджы сæ уæнгты айст никæимæ хæццæ кодта. Æмæ радысты ныййарджытæ сæ хъæбулты цинæй, арвы милтыл-иу сæхи асæрфтой.

Хъыгагæн, уыцы райдзаст бонтæ сын нæ уыдысты дæргъвæтин, зæры бонтæм нæ бафсæстысты се ртæ фырты худгæ цæсгæмттæм кæсынæй.Арвыл сау мигътæ æрбатыгуыр сты, нæ хъомысджын бæстæмæ знаг гадзрахатæй куы æрбабырста, уæд. Райгуырæн бæстæ сидт йæ фырттæм, цæмæй растой æмæ бахъахъхъæной знагæй сæ уарзон фыдызæхх. Æндæр хæстхъом фæсивæдимæ иумæ Тедеты цæхæрцæст æфсымæртæ дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты, æмбæрстой, фыдгулы ныхмæ фидар кæй хъæуы фæлæууын. Хæсты фыццаг бонты Ясон æмæ Гоги дæр сæ къухтæм райстой хæцæнгарз æмæ немыцаг фашизмы ныхмæ бацыдысты хъазуат тохы. Кæстæр æфсымæр нырма бынтон  æвзонг уыд æмæ æххуыс кодта бинонтæн хæдзарон куыстыты. Фæлæ уымæн дæр йæ зæрдæ æхсайдта хæстмæ æмæ куыддæр æфсадмæ цæуынхъом фæци, афтæ атындзыдта тохы быдырмæ.  Зæнæджы хистæр Ясон ахуырæй дарддæр æвзыгъд уыд рог атлетикæмæ æмæ йын уыд хорз æнтыстытæ куыд областы, афтæ республикæйы раззагдæр спортсменты хсæн дæр дæр. Астæуккаг ахуыр куы райста, уæд йæ ахуырад адарддæр кодта Ленинграды физкультурæйы институты æмæ уым дæр йæхи æвдыста куыд ахуыры, афтæ алыгъуызон ерысты дæр цæвиттойнагæй. Фæуд кодта уæлдæр ахуырад, хъуамæ æрыздæхтаид йæ уарзон Ирыстонмæ æмæ йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амыдтаид æвзонг фæлтæрæн. Фæлæ уæдмæ райдыдта хæст æмæ атындзыдта тохы быдырмæ. Цæттæ спортсмен æрвыст æрцыд Цæгат фронтмæ къахдзоныгъты æфсæддон къорды командирæй. Ясон хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ йæхи равдыста æвзыгъд хæстонæй, хъазуатон тох кодта Цæгат фронты, Мæскуыйы цур, Украинæ æмæ Польшæ ссæрибар кæныны тохты. Йе ‘фсæддон дæлхай ахъаззаг ных-къуырд лæвæрдта знæгтæн, бабырстой-иу сæм æнæнхъæлæджы æмæ сын кодтой сæрсæттæн цæф. Тедейы фырт иурæстæджы хæцыд Украинæйы зæххыл, бахъуыд æй стыр хæслæвæрд æххæст кæныны сæр. Бæргæ ахицæн кодта йæ вазыгджын хæс кæронмæ, фæлæ æнæнхъæлæджы бахауд знаджы фæсчъылдыммæ, афтæмæй фæиппæрд йе фсæддон хайæ, кæд ма сæ агуырдта, уæддæр.

Ясон Польшæйы зæххыл дæр йе ‘мбал хæстонтимæ стыр хъайтардзинад æвдыста æмæ сæ знаг æмризæджы рызт. Йæ хъæбатырдзинадæн æвдисæн у, СЦКП Централон Комитеты марксизм-ленинизмы институты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайады архивы характеристикæ: «Тедеты Ясон райгуырд 1917 азы Хуссар Ирыстоны Цъунары хъæуы. Хæсты рæстæджы уый уыд партизанон къорд «Олимпы» командиры адъютант. 1943 азы январы мæйæ 1944 азы июны мæймæ уыд «Олимпы» взводы командир. Немыцаг-фашистон тыхæйис-джытимæ тохы Тедейы фырт йæхи равдыста хъæбатыр æмæ ныфсхаст командирæй. Ясон йæ къорды разæй ахызтис цæугæдон Ныгуылæн Бугыл æмæ активон тох самадта, цы бирæнымæц знæгтæ уыд, уыдон ныхмæ. Яновы хъæдты иу тохы рæстæджы, знæгтæ  йæ æхстой, афтæмæй тохы быдырæй рахаста 4 цæф партизаны. Билгорайскы хъæды блокадæ куы атыдта, уæд знаджы хæстон бынатмæ фыццаг батыдтой Тедейы фырты хæстонтæ, сæ командир сæ разæй, афтæмæй æмæ дзы Ясон йæхæдæг  кодта фондз фашисты. Æдæппæт ацы тохты Тедеты Ясоны къухæй фæмард фæндзай фашистæй фылдæр».

Уыцы рæстæджы Тедейы фырт йæ ныййарджытæм æрæрвыста фыстæг æмæ сын æвæрдта ныфсытæ, зæгъгæ, кæд знаг йæхи нæ сæтты, бырсы нæм, уæддæр ын мах кæнæм ахъаззаг цæф æмæ тагъд рæстæджы дæрæн æрцæудзæн. Уæд уæм фæзындзынæн æз дæр æмæ та амондджынæй æрвитдзыстæм нæ сабыр цард. Хъыгагæн, Ясонæн нал бантыст Уæлахизы боныл сæмбæлын, 1944 азы 25 июлы Немировичы горæты цур уæззау тохты фæмард. Хъайтарты сгуыхтдзинад адæмы зæрдæйæ не ‘фты æмæ Тедеты Ясонæн дæр лæвæрд æрцыд Польшæйы Адæмон Республикæйы Хъайтар партизаны ном. Не стыр Уæлахизы 20 азы хæдразмæ Польшæйы Адæмон Республикæйы минæвар æрцыд Тбилисмæ æмæ, сæ зæххыл хъæбатырæй чи тох кодта, уыдонæн лæвæрд æрцыд хорзæхтæ. Тедеты Ясон дæр хорзæхджын æрцыд Польшæйы республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх – Виртути Милитарийы орден «Сыгъзæрин дзуар»-æй. Сæрæгасæй нал æрыздæхтысты йæ дыууæ æфсымæр Федя æмæ Гоги дæр. Фæлæ хъайтартæ нæ мæлынц, уыдон рухс нæмттæ цæргæйæ сты сæ фæстагæттæн æмæ сын алы хатт дæр мысдзысты сæ лæджыхъæд æмæ сæ рухс нæмттæ. Поэт Асаты Реуаз сыл ныффыста æмдзæвгæ «Æз дæу Польшæйы агуырдтон», сæ райгуырæн хъæу Цъунары уынгтæй та иу хæссы сæ ном.

                                 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.