11-æм октябры Sputnik-ы пресс-центрмæ хуынд æрцыд «Югосетнефтепродукт»-ы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Джыгкайты Сослан æмæ радзырдта, Хуссар Ирыстонмæ цы æртаг ласт цæуы «Роснефть»-ы компанийæ, уый гъæд æмæ аргъы тыххæй.

Куыд зонæм, афтæмæй фæстаг цалдæр бон социалон хызæг Fаcebook-ы абоненттæ фæдзæхсынц кæрæдзи, цæмæй машинæты æртаг кæной ахæм рæтты, цыран æртаджы гъæд у хуыздæр, уымæн æмæ, зæгъ, иуæй-иу   станцты æртаг хæццæ у биоэталонимæ æмæ    халы машинæтæ.

«Æртаг кæм кæнæм, ахæм станцтæй иуæй-иуты ис æвзæр æртаг. Машинæйæн йæ тагъдад фæлæмæгъдæр кæны», «Мæ машинæйы ижектор фехæлд, мастер мын йæ фехæлд æртаджы аххос кæны».

«Нæ зонын æртаг кæцæй ласынц, фæлæ уый халы машинæйы хæйттæ. Куыдфæндыйæ дæр ацы æртагыл цыдæр хæццæ кæнынц», – фыссынц социалон хызæгты.

Машинæты хицæуттæ фыццаг хатт нæ хъаст кæнынц æртаджы гъæдæй, фæлæ, зæгъын хъæуы, алы хатт бындур кæй нæ вæййы уыцы ныхæстæн.

Ацы фарсты фæдыл брифингы Джыгкайты Сослан загъта: «2014 азæй фæстæмæ «Югосетнефтпродукт» ссис Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ æртаджы продуктты квотæйы æххæстбарджын импортер, компани «Рос-нефть»-имæ бадзырдмæ гæсгæ. Æртаджы алы цистернæйæ дæр ист æрцæуы анализ. Анализ хаттæй-хатт сисынц Зæрæ-мæджы таможнæйы дæр. Мæнæн мæ бон у зæгъын æнæгуырысхойæ, махмæ кæй ис Дзæуджыхъæуы æртаджы станцты цахæм гъæды æртаг ис, ахæм. Кæд исчи гуырысхо кæны æртаджы гъæдыл, уæд йæ бон у немæ рацæуа æмæ йæхи цæстæй фена æртаджы æрласт æмæ реализацийы процесс», – загъта Джыгкайты Сослан.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ «Роснефть»-æй нæ паддзахад æлхæны АИ-92 маркæйы æртаг æмæ ма дизелон æртаг дæр. Фæлæ, дам, практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй фæстаг рæстæджы республикæйы æртаджы фæлхасгæнджытæ бæрæг фæфылдæр сты 2017 азимæ абаргæйæ. Авд мæймæ «Югосетнефтпродукт» ауæй кодта 1,5 мин тоннæ æртаг. 2018 азы та уыцы æмгъуыдмæ ауæй 2,5 мин тоннæйы. Æртаджы фæлхас кæй фæфылдæр, уый тыххæй паддзахады бюджет-мæ райдыдта цæуын фылдæр фæрæзтæ.

Джыгкайты Сослан зæгъы, зæгъгæ, куыстуаты фæнды саразын ног æртаджы станц, зæронды бынаты. Ног станц саразынæн Хицауадæй ист æрцæудзæнис кредит æмæ зæронд бынаты фæзындзæн, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм æртагкæ-нæн станц.

Брифингы журналисттæ цы фарстатæ лæвæрдтой, уыдонæй иу уыд, æртаг цы æргътæм реализаци цæуы, уый.

«Ныртæккæ республикон нефтебазæйы æртаджы аргъ у 40 сомы паддзахадон уагдæттæн æмæ 38 сомы та æмбæстæгтæн. Ди-зелон æртаджы литр та уæй цæуы 46 соммæ», – дзырдта «Югосетнефтпродукт»-ы сæргъ-лæууæджы хæххæстгæнæг.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ цы æртаг ласт цæуы, уымæ æмткæй сæ хъус дарынц стандартизаци æмæ металургийы комитет. Закъонмæ гæсгæ уыдонæн нефтепродукты сгарыны бар ис æрмæст афæдз иу хатт. Фæлæ сæм официалонæй хъаст куы æрбацæуы, уæд комитеты кусджытæн бар ис кæдфæнды дæр бацæуын æмæ ауадзын басгæрст.

«Цалдæр къуырийы раздæр нæм æрбацыд æртагкæнæн станцы æртаджы гъæды фæдыл хъаст. Мах ацыдыстæм æмæ йæ бабæрæг кодтам, фæлæ махмæ æртаджы гъæд базоныны тыххæй цы сæрмагонд ифтонггарз ис, уый равдыста, æртаджы гъæд хорз кæй у. Ныртæккæ интернеты тыгъдады фыссынц алцы дæр, фæлæ махæн нæ бон нæу, алы мæнг цауы фæдыл станцтæм басгæрстытимæ бацæуын», – дзырдта Стандартизаци æмæ металургийы комитеты сæрдар Цхуырбаты Зауыр.

Уый ма загъта, кæй вæййы ахæм цаутæ дæр æмæ бирæ шофыртæ сæ машинæты фехæлд барæй æртаджы аххос куы фæкæнынц. Нефтебазæйæ дарддæр æртагæй ифтонг кæныны куыст кæнынц дыууын амалиуæггæнæджы дæр, кæд æмæ, дам,  рабæрæг вæййы, мæгуырау гъæд æртаг уыдон кæй уæй кæнынц, уæд ивар бафидынц 20-100 мин сомы бæрц. «Раздæр комитет æртаджы анализ æрвыста Ставропольмæ. Ныр та уагдонæн йæхимæ ис сæрмагонд прибор æмæ йæ саразынц бынаты. Кæд хъуыддаг тæрхондонмæ бахауы, уæд анализ æрвыст æрцæуы Уæрæсемæ, уымæн æмæ бынæттон анализы фæстиуджытæ æххæст фаг нæ вæййынц. Уым цы ифтонгадмæ гæсгæ аразынц хатдзæг, уый у зынаргъ, йæ аргъ у 6 милуан сомы, махæн та ныртæккæ йæ самал кæнынæн ахæм фæрæзтæ нæй», – загъта ма Цхуырбаты Зауыр.

Уæ зæрдыл ма уын лæууын кæнæм, ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ дæр кæй бацыд хъаст æртаджы тыххæй. Уыдон басгæрстой «Югосет-нефтпродукт»-ы территорийыл æртаджы æртæ цистернæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй АИ-92 æртаджы бæсты республикæмæ ластой æвзæр гъæды æртаг. АИ-92 маркæйы æртаджы октаны нымæц хъуамæ уа растдæр 92 бæрц. Афтæ кæй нæ разынд, уый тыххæй бæрндзинадмæ конд æрцыд ацы куыстуаты раздæры сæргълæууæг.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.