12-æм октябры Хъæбатырты аллейæйы Æнусон арты раз уагъд æрцыдис мадзал, концлагерь Собиборы растадыл 75 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд. Ам 1943 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон уацайрæгтæ растадысты æмæ ратыдтой лагеры æмбонд. Растады раздзог уыдис Сырх æфсады афицер Александр Печерский. Уацайрæгтæн сæ фыл-дæр фæмард сты, фæлæ ацы хабар диссагæн баззадис, уымæн æмæ уый размæ дæр æмæ уый фæстæ дæр, ахæм хъайтардзинады цау нал æрцыдис.

Мадзалы организатортæ уыдысты РХИ-йы Уæрæсейы минæварад «Россотрудничество», РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад æмæ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет. Уырдæм æрбамбырд сты Уæрæсейы Федерацийы минæварады кусджытæ Марат Кулахметовы сæргълæудæй, горæты скъолаты ахуыргæнджытæ сæ ахуыргæнинæгтимæ æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ.

Марат Кулахметов йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ахæм хъæбатырдзинад равдисынæн æгæрон тых æмæ æхсар хъуыд.

«75 азы размæ, тынг æвзæр уавæрты уæвгæйæ, советон хæстон уацайрæгтæ сæ ныфс бахастой растадмæ. Уыдон уыдысты, мæлæтæй чи нæ тарст, ахæм хъæбатыр адæм. Уыцы растад историйы диссагæн баззадис, уымæн æмæ ахæм карз заманы растад, нысан кодта æрмæстдæр мæлæт. Фæлæ зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, нæмгуыты ныхмæ цæу-гæйæ, сæ кæнон бакодтой, уымæн æмæ сæрибаруарзаг уыдысты æмæ сæ сæрмæ нæ хастой уацары бадын.  Абон мах, сæ фæдонтæ, сæ разы нæ сæртæ къул кæнæм æмæ сын кад кæнæм, цæмæй нæ кæстæр фæлтæртæ дæр ахæм историон цаутæ ма ферох кæной» – банысан кодта Марат Кулахметов.

Ныхасы ма рацыд РХИ-йы Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав. Уый дæр æрдзырдта хæстон заманы зындзинæдтыл, немыцаг фашисттæ цахæм æбуалгъ митæ кодтой, уыдæттыл.

«Хæсты заманы советон адæмы æхсæн тынг бирæ хъайтартæ уыдис. Хæсты быдыры фесгуыхын, æвæц-цæгæн, æнцондæр у. Фæлæ концлагеры дæ ныфс растадмæ бахæссай æмæ ма дын лагеры территорийæ раирвæзын дæр бантыса, уый стыр æхсардзинадыл дзурæг у. Уыдон иууылдæр фидар уды хицæуттæ уыдысты æмæ сæ хъайтардзинад дæр уымæн айхъуыст æгас дунейыл. Мах иунæг æхсарджын ми дæр макуы хъуамæ ферох кæнæм. Нæ кæстæртæ хъуамæ ацы хабæрттæ иууылдæр зоной» – загъта Бесаты Вячеслав.

Мадзалмæ æрæмбырдуæвджытæ, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой хъайтарты нæмттæ.

Кæронбæттæны скъоладзаутæ арвмæ суагътой саубын къоритæ æмæ уый фæстæ дидинджытæ сæвæрдтой Æнусон арты раз.

Джиоты Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.