Нæ горæты сæйраг «артерии» – Стыр Леуахи гæнæн ис æмæ ахъуыза зæххы бынмæ, йæ былтыл цы дурлыстæггæнæн заводтæ арæзт æрцыд, брон дзы кæй калынц æмæ дзы алырдæм дон кæй уадзынц, уый аххосæй.

Ууыл тынгдæр тыхсынц Æхсæнадон экологон организаци «Зеленая Алания» æмæ Геологи, экологи æмæ æрдзон ресурстæй пайда кæныны комитет. «Зеленая Алания»-йы сæргълæууæг Габайты Залинæ ныр цалдæр азы фæдисы хъæр кæны Леуахидоны æфхæрды тыххæй. Ивгъуыды аз та ацы организаци хъаст бахаста прокуратурæмæ.  Леуахийæ къанаутæ саразгæйæ дон æндæр рæттæм кæй ауадзынц æмæ йын йæ былтыл брон кæй калынц, уый тыххæй та видеоæрмæджытимæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыдысты æрдзон ресурсты фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны комитетмæ, парламенты профилактикон комитет æмæ ма суанг Президентмæ дæр. Фæлæ абоны онг дæр фарст йæ бынатæй нæма феггуырст.

Ивгъуыд азы «Зеленая Алания» Генералон прокуроры номыл цы фыстæг ныффыста, уым æрнымадта, цæугæдоны былыл республикæйы цал дурлыстæггæнæн куыстуаты ис.

Геологи, экологи æмæ æрдзон ресурстæй пайда кæныны комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы цы дурлыстæггæнæн мини-заводтæй   куысты лицензитæ ис æрмæстдæр дыууæйæн – «Дорэкспострой» æмæ «Проганстрой»-æн. «Дорэкспострой» кусы Дзау-Ручъы 6-8-æм километры хайыл. «Погранстрой»-та Чысыл Гуфтайы районы. Иннæ куыстуаттæн бар нæй кусынæн. Нæй сын лицензи. Æрдзон ресурсты комитеты зæгъынц, зæгъгæ, иннæтæн сæ бартæ ист ьæрцыдысты 2018 азы, рейдты рæстæджы. Лицензийы домæнтæм хауынц банысангонд фадыгæй дарддæр ма хизын, бæрæг гуырахстæй фылдæр ма исын дур, фиддонтæ фидын æмæ экологийы домæнтæ ма халын. Æнæ лицензийæ кусын æмæ ацы домæнтæ не ‘ххæст кæнын нысан кæны паддзахадæй давын. Давыны фактыл та арæзт æрцæуы акт, кæцы фæстæдæр лæвæрд æрцæуы барадхъахъхъæнæг органтæм.

«Зеленая Алания» та сбæрæг кодта, иуæй-иу дурлыстæггæнæн заводтæ уæддæр сæ куыст кæй кæнынц рæстæгæй-рæстæгмæ. «Нæхæдæг мониторинг кæнæм уавæр. Кæддæрты сыл азилæм æмæ дзы кусгæйæ баййафæм цалдæры – Пацъайыл, Мзиугомы, Дзаумæ хæстæг, горæтмæ хæстæг æмæ афтæ дарддæр», – зæгъы Габайты Залинæ.

Уазæгты  Марфа