Æхсæвæй бонæй, уазал æмæ сæрдыгон тæвдты, сæхиуыл æнæауæрдгæйæ, нæ ирон хъаруджын лæппутæ, уæхски-уæхск фидар лæудæй лæууынц æмæ тох кæнынц нæ бæстæйы иумæйаг знагимæ Донбассы. Бирæтæ дзы сæ хæдзæрттæм уæдæй нырмæ цæугæ дæр не ркодтой, æрмæст рæстæгæй-рæстæгмæ телефонты руаджы сæ бинонтæн ныфсытæ авæрынц, зæгъгæ, ницæуыл тыхсынц, уавæртæн фæразынц.

Фæлæ алчидæр, сывæллæттæй райдайгæйæ, тынг хорз æмбарæм, æфсæддонтæн уым хъаны цард кæй нæй æмæ дзы, хъыгагæн, цæфтæ дæр кæй фæвæййынц, зиæнттæ дæр дзы кæй æрцыд, уый. Уымæ гæсгæ не ‘мбæстæгтæ рæстæгæй-рæстæгмæ бацархайынц гуманитарон æххуысæн фæрæзтæ æрбамбырд кæнын æмæ сæ бынатмæ хæстонтæн фæхæццæ кæныныл. Уый стыр хæрзиуæгон æмæ иумæйаг хъуыддаг у. Стыр æхсызгондзинад æмæ патриотикон æнкъарæнтæ æвзæрын кæны зæрдæты.

Æрæджы та гуманитарон æххуысимæ Донбассмæ ирон хæстонтæм фæуазæг сты Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы артисттæй цалдæр – Санахъоты Вадим, Тъехты Павел æмæ Дудайты Сæрмæт. Уыдон сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонты тыххæй сæхимæ хæс райстой æмæ æртымбыл кодтой æхцайы фæрæзтæ «Симд»-ы коллективæй. Ацы хæрзиуæгон хъуыддаг куы айхъуыст, уæд æндæрты дæр бафæндыд се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнын æмæ сфæнд кодтой Культурæйы министрады æппæт дæлведомствæты куыстуæтты коллективтыл азилын. Æнæниз æмæ æнæфыдбылыз зæрдæбын арфæтимæ адæм лæвæрдтой се ‘ххуысты фæрæзтæ. «Симд»-ы артисттæ хæстонтæн балхæдтой æнæмæнгхъæуæг æфсæддон дзаумæттæ æмæ сæ фæхæццæ кодтой бынатмæ.

Тъехты Павел куыд банысан кодта, афтæмæй сыл ирон хæстонтæ сæмбæлдысты тынг æхсызгонæй. «Нæ ирон лæппутæ фидар æмæ хъаруджынæй æххæст кæнынц се ‘фсæддон хæс. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад кæй исынц æмæ знаджы кæй дæрæн кæнынц, уымæй сты сæрыстыр», – зæгъы Павел.

Ацы æртæ артисты семæ ахастой музыкалон инструмент дæр æмæ сын сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой музыкæйы æхцон зæлтæ æмæ ирон зарджытæй.

Цхуырбаты Ларисæ