Нæ горæты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæм цы уынгтæ бахауд, уыдон нымæцы ис Джиоты Дауыты уынг дæр. Къаннæг у ацы уынг, автотранспорт дзы тынг не змæлы, фæлæ рагæй фæстæмæ ис мæгуырау уавæры æмæ уымæ гæсгæ тыхсынц йæ цæрджытæ. Уавæр бахынцыд æрцыд æмæ йæм æрæджы бавнæлдтой хæрзарæзт скæнынмæ. Уынджы фыццаджыдæр бакæнынц коммуникацион куыстытæ, аразджытæй уый нæ уыд рох æмæ уыдон сæххæст кодтой амæйразмæ, ныр та йæм фæзындысты æндæр дæсныйады кусджытæ. Арæзтады прораб Теблойты Казимир куыд загъта, афтæмæй уынджы арæзтадон куыстытæм бавнæлдтой 24 майы, райдианы уал ын грейдер къахта йæ мæр 46 см æрфæн. Уыцы сыджыт æмбæлон бынатмæ ласыныл та цырд куыстой 5 уæзласæн машинæйы æмæ сын цыбыр æмгъуыдмæ бантыст уый асæрибар кæнын. Куыстой ма дзы æндæр техникæйы дыууæ иуæджы дæр. Уыдонæн та уынджы арæзтады сæ хæслæвæрдтæ уыдысты алыгъуызон æмæ æндæртæ. Дарддæр ыл æркалдтой сæ нысаниуæгмæ гæсгæ ставд æмæ лыстæг хуыр, стæй ма уынджы фидардзинады тыххæй æндæр арæзтадон æрмæг. Теблойы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй ацы уынджы дæргъ æдæппæт у 130 метрмæ æввахс, транспорты змæлдæн та лæггад кæндзæн 6 метры фæтæнæн, газонты фæтæн дыууæрдыгæй фарс хъуамæ уа фæйнæ метры, тротуартæ та фылдæр – 175 см. Фæлæ прорабы ныхæстæм гæсгæ æмбæлынц иуæй-иу ныхдуртыл дæр. Цæвиттон, кæцыдæр аразджытæ дзы трубæ мæры хуылфы нывæрдтой бынтон уæлæнгай, нæдæр æй бетон скодтой, афтæмæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм æнæмæт куыстытæн хъуамæ бынат ма уа аразджыты æрдыгæй. Аразджытæ ма тыхсынц, ам æнгузбæлæсты цы ставд уидæгтæ ис, уыдонæй дæр. Уый йедтæмæ ма уынджы иу кæрон дыууæрдыгæй фарс дæр цалдæр цæрæджы сæ хæдзæрттæм сарæзтой асинтæ. Уыдон та хъыг дарынц тротуартæ æмæ газонты æмбæлон бæрц бахъахъхъæнынæн. Ацы фарстыл ахъуыды кæндзæн республикæйы капиталон арæзтады управлени æмæ йæ райсын бахъæудзæн æмбæлон уынаффæ, цæмæй уынджы арæзтад æххæстбæрцæй бахъахъхъæд æрцæуа. Уæд уыдзæн аив æмæ кæронмæ æххæст кæндзæн куыд транспорты хицæутты, афтæ фистæгæй цæуджыты домæнтæ дæр.

Тротуарты иумæйаг фæзуат уыдзæн 400 квадратон метры, æмæ йæ хъуамæ саив кæной рæсугъд къæйдуртæй. Бордюртæ, поребрик æмæ æндæр арæзтадон æрмæджытæ та хъуамæ сфæрæз кæной Дзæуджыхъæу, Пятигорск æмæ æндæр бынæттæй. Уынджы арæзтад фæуыдзысты цыбыр æмгъуыдмæ, ома 3 къуыримæ бакæндзысты æмбæлон куыст асфальт сæвæрыны агъоммæ, хорз боныгъæдтæ кæнæд æмæ арæзтадон æрмæгæй рæстæгыл ифтонг цæуæд, уый йедтæмæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.