Мадæлон æвзаджы бон афæдз иу хатт ма хъуамæ уа, мадæлон æвзагмæ уарзт хъуамæ цæра, тыхджынæй-тыхджындæр кæна алы уысм дæр. Фæлæ иугæр абон – майы мæйы фынддæсæм бон Ирон æвзаджы бон у, уæд нын фадат ис, цæмæй та йæ кой скæнæм, рæсугъд, райстбавæрд ныхæстæй равдисæм нæ уарзт нæ раттæг, нæ мадæлон æвзагмæ. Æниу хуыздæр уаид, нæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад рæсугъд ныхæстæй æвдисыны бæсты хъуыддагæй куы æвдисиккам, уæд… Мадæлон æвзаг паддзахадон куы уа, уæд паддзахадон æрмæст гæххæттыл фыстæй ма хъуамæ уа, хъуамæ цæргæ, кусгæ, архайгæ кæна. Фæлæ махмæ афтæ нæу. Махмæ, цæмæдæр гæсгæ, цæрæнбонты æндæргъуызон у: искæй æвзагыл дзургæйæ нæ исчи фæрæдыд, зæгъгæ, уæд æй фæндырты фæцæгъдæм, нæхи йыл худæгæй схæссæм. Нæ адæмы, ирон æвзаг кæй мадæлон æвзаг у, уыцы адæмæн сæ нæуæдз фараст проценты иронау æнæрæдыдæй дзурын æмæ фыссын кæй нæ зонынц, уый нæм худинаг нæ кæсы…

ÆНУСТÆМ ЦÆР ÆМÆ ЗÆЛ, НÆ ИРОН, МАДÆЛОН ÆВЗАГ!

Стыр уырыссаг фыссæг Константин Паустовский афтæ загъта: йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый хъæддаг адæймаг у. Махмæ уый абоны онг дæр нæма бахъардта æмæ, æвæццæгæн, никуы бахъардзæн… Не ‘взаджы хъысмæтыл зæрдæйы рæбынмæ ныссагъæс кæныны бæсты архайæм, цæмæй йæ комгай дихтæ кæнæм, дзырдтаг, быцæуаг æй кæнæм, аслам, æнæуд дзымандытæ йыл чи бацъаппытæ кæны,  уыдонæн, сæ ных сын бакъуырыны бæсты, сæ рæзты гауызтæ айтындзæм, уæларвмæ сæ сисæм…

Фæлæ уæддæр ныфс фæстагмæ амæлы. Уæддæр нæ хъуамæ уырна, Нарты, Къостайы æвзаг кæй нæ фесæфдзæн, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.