Ацы бонты нæ горæты 11-æм астæуккаг скъола банысан кодта йæ 45 азы юбилей. Скъолайы коллектив сæ юбилейон бæрæгбонмæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Уыдон хонæн фыстæджытæ арвыстой ацы скъолайы раздæры рауагъдонтæм, Хицауад æмæ Парла-ментмæ æмæ сæ уыдон дæр æнæхъусдардæй нæ ныууагътой. Сæ юбилей банысан кодтой цытджын æгъдауæй.

Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Парламенты спикер Бибылты Анатоли, Национ политикæ, культурæ, дин, ахуырад, зонад æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Гаглойты Элисæ, нæ горæты администрацийы сæргъ-лæууæджы хæдивæг Джиоты Эндрик, горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады хистæр Джиоты Агуындæ æмæ бирæ æндæртæ.

Скъола арæзт æрцыд 1970 азы. Кæд 45 азы бирæ не сты, уæддæр уыцы рæстæг ацы ахуырадон уагдон рацыд кадджын фæндагыл. Скъолайæн йæ фыццаг директор уыд Бекъойты Никъала, уый фæстæ йæ раивта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Нарыкъаты Любæ Никъалайы чызг. Æртыккаг директор уыд Сиукъаты Отар Димитры фырт. Скъолайы уыд аивадон хæдархайгæ къорд, ахуыргæнинæгты хор, уыдоны-иу фæхуыдтой алыхуызон мадзæлттæм, кæцытæ уагъд цыдысты нæ республикæйы æмæ уымæн æддейæ. Уыдон-иу систы конкурстæ æмæ фестивалты призертæ. Цыппæрæм директорæй дзы баурæдтой Тасойты Ефим Захары фырты, уый уыд тынг домаг, тырныдта, цæмæй скъолайы цард фæхуыздæр уыдаид. Цалдæр азы фæстæ скъолайы ди-ректорæй урæд æрцыд Гæззаты Валери. Уый фæстæ скъолайы директорæй нысан æрцыд Дзеранты Мухар. Дзераны фырт ахуырады къабазы фæкуыста 52 азы æмæ абон дæр æхсызгон æмæ хъармзæрдæйæ æрымысы, ацы скъолайы цы рæстæг фæкуыста, уый.

Скъолайы æхсæзæм директор уыд Пæррæстаты Лаврент. Уый нымад уыд тынг хорз къухдариуæггæнæгыл. Ныр 7 азы скъолайæн разамынд кæны Собаты Юзæ.

11-æм скъолайы ныры къухдариуæггæнæг раарфæ кодта мадзалмæ æрбацæуджытæн æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ. Бирæ кадджын æмæ хорз ахуыргæнджытæ фæкуыстой ацы скъолайы. Йæ рауагъдонтæй бирæтæ скад кодтой сæхицæн дæр æмæ Ирыстонæн дæр.

Сæйраг æнтыстыл Собаты Юзæ нымайы, скъолайы коллектив æнгом кæй сты æмæ сæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ кæй кусынц рæзгæ фæлтæры хъомыл кæныныл. Собайы чызг сценæмæ фæхуыдта, скъола размæ кæй фæрцы цæуы, уыцы педколлективы, се ’хсæн сты, ацы скъолайы бирæ азты чи фæкуыста, ахæмтæ æмæ æвзонг ахуыргæнджытæ дæр. Уый фæстæ ныхасы бар радта ацы скъолайы ахуыры хайады сæргълæууæг Людмила Швецкаяйæн.

— Махæн не ’ппæтæн дæр тынг æхсызгон у, кæй нæм фæуазæг стут, кæй цин кæнут немæ нæ циныл æмæ уын зæгъын стыр бузныг! Нæ коллектив сты кæрæ-дзийыл æнгом баст, кæнынц цæсгомджын куыст æмæ хъомыл кæнынц нæ рæзгæ фæлтæры. Æз сæрыстыр дæн, ахæм коллектив нæм кæй ис, уымæй. Уый фæстæ раныхас кодта ацы скъолайы рауагъдон, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик: «Мæнæн тынг æхсызгон у, ацы скъола каст кæй фæдæн, уый. Уыцы рæстæджы нæ директор уыд Любовь Никъалайы чызг. Уый у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран æмæ мæ фæнды, раарфæ йын кæнон Стыр Уæлахизы бæрæгбоны цытæн, мæ зæрдæ йын зæгъы бирæ азты æнæниз цæрæнбон. Мæнæн тынг æхсызгон у, ахæм райдзаст æмæ сыгъдæг хатæны кæй уадзæм нæ юбилей.

Скъола цалцæг æрцыд нæ Хицауады фæрцы. Фæнды ма мæ зæгъын, ахуыр-гæнæг æмæ ныййарæгæн сæ хæс кæй у, цæмæй фæсивæды хъомыл кæной æмæ йæ раст фæндагыл æфтауой. Мах та тырндзыстæм уымæ, цæмæй фæси-вæдæн сæ цард ноджы хуыздæрæй-хуыздæр кæна».

Скъолайы юбилейы цытæн ма арфæйы ныхæстæ загъта Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса. Зæрдиаг арфæтæ ма скъолайы коллективæн ракодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли: «Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уын ахуыры уа стыр æнтыстытæ, афтæ ма архайат спорты дæр æмæ Ирыстонæн хæссат сыгъзæ-рин майдантæ. Ацы скъолайы рауагъдонтæй бирæтæн ис æнтыстытæ спорты къабазы, уыдонæй иу — уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат».

Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри: «Арфæ уын кæнын уæ або-ны бæрæгбоны цытæн, мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй Ирыстоны бирæ азты ахæм юбилейтæ хъæлдзæг æмæ æнæнизæй нысан кæнат».

Скъолайæн арфæйы ныхæстæ загъта ацы скъолайы рауагъдон Джиоты Эндрик. Уый бузныджы ныхæстæ загъта йæ ахуыргæнджытæн æмæ скъолайæн балæвар кодта финансон фæрæзтæ.

Лæууойты Æхсар: «Æз сæрыстыр дæн ацы скъолайы рауагъдон кæй дæн, уымæй. Стыр бузныг мæ уарзон ахуыргæнджытæн, бирæ зонындзинæдтæ æмæ нæ æнтыстытыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй. Уæ разы цы хæстæ ис, уыдон цы æххæст кæнат цæсгомджынæй æмæ сывæллæттæн та стыр æнтыстытæ цы уа сæ ахуыры».

Коллективæн ма зæрдиаг арфæтæ ракодтой скъолайы раздæры директортæ дæр.

11-æм скъолайы рауагъдонтæй абон бирæтæ кусынц бæрнон бынæтты. Уыдон ‘хсæн сты Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, нæ горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Эндрик, нæ горæты республикон соматикон рынчындоны кардиологийы хайады сæргълæууæг Хъороты Светланæ, горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады хистæр Джиоты Агуындæ æмæ бирæ æндæртæ.

Мадзалы райдайæны скъолайы ахуыргæнинæгтæ акафыдысты «Симд». Уый фæстæ кæстæркъласонтæ бакастысты æмдзæвгæтæ скъолайы æмæ ахуыр-гæнджыты цардыл.

Хицауады номæй скъолайы коллективæн Пухаты Эрик балæвар кодта телевизор. Ахуырады министрады номæй сын лæвар æрцыд ноутбук, афтæ ма уыдон райстой бирæ æндæр зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Бæрæгбонон изæрмæ æрбацæу-джытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой, ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæй абон се ’хсæн чи нал ис, уыдоны рухс нæмттæ.

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.