*  1941 азы  Литвайы Рассенейы районы иу советон уæззау танк æнæмсæр хæсты бацыд фашистты бронетанкон колоннæимæ æмæ суткæйы дæргъы урæдта инæлар-булкъон Гепнеры 4-æм немыцаг танкон къорды æрбабырст. 

* Дыккæгæм дунеон хæсты объекттæ минæтæй асыгъдæг кæныны тыххæй сапер-тæн активонæй æххуыс кодтой æрмахуыр куыйтæ.  Куыйтæй сæ иу, йæ ном Джульбарс, зæгъгæ, фадгуыты минæтæй асыгъдæг кæныны рæстæджы хæсты фæстаг аз  европæйаг бæстæты ссардта 7468 минæйы æмæ 150 снарядæй фылдæр. 24-æм июны Мæскуыйы Уæлахизы Парады размæ Мæскуыйы  Джульбарс фæцæф  æмæ йæ бон не ссис æфсæддон куыйты скъолайы сконды рацæуын. Æмæ уæд Сталин бардзырд радта, цæмæй куыдзы рахæссой Сырх фæзуаты йæ цинелы.

* 1944 азы япойнаг æфсады кæстæр лейтенант Онода Хиройæн радтой бардзырд, цæмæй слæууа филиппинаг сакъадах Лубангы партизанты къорды сæргъ. Тохты йæ салдатты фесафгæйæ, Онода йæхæдæг аирвæзт æмæ бамбæхст джунглиты. 1974 азы Онода Хиройы ссардæуыд уыцы сакъа-дахы, цыран уый кодта партизанон архайд. Хæст кæй фæци, уый йæ нæ бауырныдта æмæ лейтенант йæ хæцæнгарз нæ радта. Æрмæстдæр сакъадахмæ Онодайы  ком-андир куы æрцыд  æмæ йын бардзырд куы радта йæхи радтыны тыххæй, уæд уый рахызт джунглитæй Японы басаст банымайгæйæ.

* Немыцаг куынæггæнæг хæдтæхæг æрбатахт æмæ æхсын райдыдта нæ чысыл хæдтæхæг У-2, кæцыйы немыцæгтæ хуыдтой «рус-фанер». Нæ хæдтæхæг-скъæрæг уайтагъд бынмæ æртахт æмæ æрбадт хъæдгæрон, цыран уыд иунæг чысыл хæдзар æмæ йæхи йæ фæстæ бааууон кодта. Немыцаг стыр тагъдадæй фæстæмæ раздæхт пулеметæй æхсгæйæ, фæлæ  тæхæг йæ хæдтæхæджы хæдзары иннæ кæрон амбæхста. Афтæ уыд цалдæр хатты. Æппынфæстагмæ, немыцаг хæдтæ-хæджы бахъуыд атæхын.

* Зындгонд у уый, æмæ Германы командæкæнынад Советон Цæдисмæ æрбабырсыны хæдразмæ Советон Цæдисы территоримæ кæй æппæрста алыгъуызон диверсантты, уæлдайдæр та Сырх Æфсады афицерты формæйы. Хæстон архайдтытæ куы райдыдтой, уæд хæсты фыццаг къуы-риты раргом æрцыдысты бирæ диверсанттæ æмæ куынæг æрцыдысты. Уымæн йæ аххосаг уыдысты документтæ. Документтыл тымбыл мыхуыр æмæ къухфыстытæ дæр уыдысты, фæлæ… скрепкæтæ, кæцытæй хуыд уыдысты æфсæддон бæлвырд-гæнæнтæ, арæзт уыдысты, чи не згæ кæны, ахæм згъæрæй æмæ советон оригиналтæ та згæ кодтой иу мæйы æмгъуыдмæ дæр. Афтæ немыцæгтæ фесæфтой сæ агентты, йæ аххосаг уыд скрепкæты бæрзонд гъæд.

* Советон снайперон скъолайы леген-дæйыл нымад цыд Михаил Сурков. Хæсты рæстæджы уый скуынæг кодта знаджы 702 салдат æмæ афицеры, афтæмæй уый дунейы историйы нымад æрцыд иууыл æнтыстджындæр снайперыл. Уый фронты пайда кодта цалдæр специалон тактикæйæ. Куы-иу æй бахъуыд, уæд хуыссыд цалдæр-гай сахатты миты, кæнæ та æнæзмæлгæйæ лæууыд бæласыл.

* 1944 азы 20-æм январы советон æфсæдтæ Великий Новгород ссæрибар кæнгæйæ,  горæты федтой пырхæй æмæ æнæ цæрджытæй. 2500 цæрæн хæдзарæй аирвæзт  40 хæдзары. Горæты ссæрибар кæнынмæ дзы баззад æрмæстдæр 30 цæрæджы. Иннæты та кæнæ амынæты акодтой Германмæ, кæнæ та сæ скуынæг кодтой оккупацион æфсæдтæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Сырх Æфсады 80 мин афицеры уыдысты сылгоймæгтæ. Иумиагæй хæстон архайдтыты алы рæстæджыты фронты уыд 1 милуан сылгоймаджы онг. Уыдонæй арæзт æрцыд æхсæг бригадæ, 3 авиацион полкы æмæ фæсауæрцон æхсæг полк. Уымæй дарддæр ма организаци æрцыд сылгоймæгты снай-перты скъола, афтæ ма арæзт æрцыд сылгоймаг-денджызонты хицæн компани. Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ лæвæрд æрцыдысты 87 сылгоймагæн.

Гитлеры сæйраг знаг уыд, Сталин нæ, фæлæ Юрий Левитан. Дикторы сæрыл Гитлер лæвæрдта 250 мин маркæйы. Уымæ гæсгæ советон хицауад Левитаны хъахъхъæдтой, прессæйы йын йе ‘ддаг хуыз  ивгæйæ.

Æрмæгыл бакуыста

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.