Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсæмæджы къухты та бафтыд радон æнтыст. Ныр та йын аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг уæгъдибар хъæбысхæстæй дыууæ хатты Олимпин чемпион Андиаты Сосланы номарæн æппæтуæрæсейон турниры. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг архайдта 97 кг уæзы категорийы. Нырма уал уый рамбылдта иннæ ирон богал Плиты Азæмæты, фæстæдæр фæуæлахиз дагъыстайнаг Абдула Магомедовыл. Æрдæгфиналы та тыхджындæр уыд Адыгейы минæвар Азрет Шогеновæй. Финалы Арсæмджы ныхмæлæууæг уыд ноджы иу ирон богал Дудайты Сосланбег. 0:2 хыгъдæй æмбылды кæнгæйæ, цхинвайлагæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы дыууæ хатты партермæ рахизын кæнын æмæ афтæмæй фæуæлахиз 4:2 хыгъдæй. 

ШАШКÆТÆ

Нæ горæты уагъд æрцыд Цхинвалы районы призтæ рамбулыны сæраппонд турнир уырыссаг шашкæ-тæй. Хайад сæ райстой районы администрацийы хайæдты кусджы-тæ, æдæппæтæй 7 командæйы. Турниры уагæвæрд-мæ гæсгæ, алы ко-мандæйы дæр уыд фæйнæ дыууæ адæймаджы. Ерысты официалонæй байгом кæ-ныны церемонийы æрæмбырдуæв-джытæн раарфæ кодтой Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг æмæ РХИ-йы шашкæты федерацийы президент Лолоты Барис.

«Районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Тъуриты Тенгиз мæм ацы турнир ауадзыны хъуыдыимæ куы бахатыд, уæд сразы дæн йемæ. Ацы аз уал дзы хайад райстой нæ администрацийы кусджытæ, фæлæ йæм иннæ аз фæхондзыстæм иннæ ра-йонты администрациты ми-нæвæртты дæр», – банысан кодта Мамытаты Вахтанг.

Фæйнæ 6 парти ахъазгæйæ, иууыл фылдæр очкотæ æр-æмбырд кодта финансты ха-йады командæ æмæ бацахста фыццаг бынат. Дыккагыл ацыд районы ахуырады хайады командæ æмæ æртыккагг бынат та бацахстой  Мид-хъуыддæгты хайады кусджы-тæ. 

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, Кады грамотæтæ æмæ майдантæй.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Юность» æрдæгфиналмæ рахызт 2002 азы гуырд спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Командæйы æнтыстмæ стыр хайбавæрд бахастой Хуссар Ирыстонæй рацæугæ лæппутæ Зæгъойты Олег, Цхуырбаты Дэвид æмæ Хуыбиаты Алан. Чемпионат уагъд цæуы Сочийы. Финалы 1/4 хайы  «Юность» фембæлд Орелы командæ «Русич»-имæ. Сæйраг рæстæг фæцис 0:0, хъазты фæстæ пеналтитæ æххæстгæнгæйæ та рæстдзæвиндæр разындысты ирон футболон скъолайы хъомыл-гæнинæгтæ – 5:3 æмæ ахызтысты æрдæгфиналмæ.

Ацы ерысты фыццаг бынат кæцы командæ бацахса, уы-мæн бар уыдзæн æвзæнгты ‘хсæн УЕФА-йы къорды ахъазынæн.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.