Бирæтæ уарзынц диваныл, сынтæгыл хуысгæйæ, газет кæнæ чиныг кæсын. Сывæл-лонæй ууыл фæцахуыр вæййынц. Медикты хъуыдымæ гæсгæ, хуысгæйæ кæсын негативонæй æндавы адæймаджы æнæниздзинадыл, фыццаджыдæр, цæстырухсыл. Дохтыртæ куыд амонынц, афтæмæй, цæстытæй тексты онг дæрддзæг 30-35 сантиметры онг уæддæр хъуамæ уа. Хуыссæнуаты та ацы дистанци зынтæй бахъахъхъæндзысты. Ацы дæрддзæг арæх кæй ивы, уымæ гæсгæ хæлы цæсты хрусталикы фокусировкæ æмæ йæ фæстиуæг – сæр зилы, тагъд фæллайы организм. Фарсыл хуысгæйæ кæсын дæр æвзæр у æнæниздзинадæн.

–  Рухс рæстмæ куынæ уа, уæд уæз æрцæуы цæсты хæцъæфтыл æмæ лæмæгъ кæны цæс-тырухс. Цæстытæ райдайынц риссын. Ахæм рæстæджы нæ баххуыс уыдзæн стъолыл даргæ цырагъ дæр, уымæн æмæ текстмæ цы рухс кæлы, уый æрттивы цæстытæм. Бирæтæ уый аххосæй дардмæ нал фæуынынц.

–  Фарсыл хуысгæйæ чиныг, кæнæ газет кæсгæйæ, хæлы улæфыны ритм, риуы чырæгтæ æлхъывд кæй æрцæуынц, уымæ гæсгæ. Туаггуырæй хъуагдзинад бандавы сæрымагъзыл дæр. Уый фæстиуæгæн схизы туджы æлхъывдад, хуыссæг æй фæахсы. Æвæццæгæн, иуæй-иутæ уатмæ бахæссынц чиныг дæр.

–  Кæсыны  рæстæджы  хæлы  туджы  цир-куляци   адæймаджы   организмы   æмæ  туджызмæлды хæлд та æвзæрæрдæм æндавы сæры магъзыл. Фылдæр хатт расайы къæбуты рыст.

–  Сывæллæттæ арæх кæсынц хуыс-гæйæ. Хуысгæйæ кæсын сывæллæт-тæн, фылдæр хатт расайы, рагъыстæ-джы скалиоз,  хæлы  гуыры  конд.

Зæгъын ма нæ фæнды уый, æмæ ацы æвзæр ахуыр (хуысгæйæ кæсын) ду-нейы ахсы æртыккæгæм бынат карз нозт æмæ тамако дымыны фæстæ. Бацархайут, «нæ» зæгъат ацы æвзæр ахуырæн, цæмæй уæхи бахъахъ-хъæнат, цы фæстиуджытæ расайы, уыдонæй. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, иууыл хуыздæр у лæугæйæ кæсын. Бирæ нывты фенæн ис, лæугæйæ куыд кæсынц, уый. Бадгæйæ кæсын дæр æвзæр нæу, фæлæ æгæр бирæ рæстæджы нæ. Уæ зæрдыл æй дарут, фæсонтæ раст дарын кæй хъæуы, уый æмæ ма гуыбыр кæнут уæхи.

Адæмон æмбисонд ахæм у: «Бадынæн дын гæнæн ис – бад, æрхуыссынæн – æрхуысс». Кæд уæ хуысгæйæ кæсын баулæфыны тыххæй фæнды, уæд хуыздæр у æрхуыссат æнæ чиныгæй æмæ афтæ баулæфат. Чиныг гæнæн ис банхъæлмæ кæса, фæлæ организм бафæл-лайы æнхъæлмæ кæсынæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.