«Горæт Цхинвалы администраци дарддæр дæр пырх кæндзæн, æнæзакъонон арæзтæдтæ, кæцытæ хъыг дарынц горæтарæзтады иумиаг стратегийы реализаци кæнынæн», – фехъусын кодтой горæты администрацийы пресс-службæйы.

«Æрæджы архитектурæйы хайады кусджытæ горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытимæ иумæ айстой цалдæр гаражы Сталины уынгæй. Горæты хицауиуæгады æрдыгæй бирæнымæц бафæдзæхстытæм нæ кæсгæйæ, гаражты хицæуттæй иуæй-иутæ нæ разы кодтой, Цхинвалы цады цур сын цы æфсæн гаражтæ ис, уыдон уырдыгæй айсыныл, официалон бар сæм кæй ис, ууыл æнцой кæнгæйæ», – банысан кодтой администрацийы.

Горæты сæйраг архитектор Тадтаты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæн гаражты арæзтады тыххæй цы бартæ лæвæрд æрцыд, уыдоны æмгъуыд раджы фæцис.

«Рахицæнгонд зæххы фадыгыл æртæ азмæ капиталонæй исты арæзт куынæ æрцæуа, ныртæккæ дзырд цæуы гаражтыл, уæд сæ бар йæ тых сафы. Архитектурон хайадмæ зæхх рахицæн кæныны тыххæй цы æмбæстæгтæ бахатынц, уыдонæй алчи дæр фæдзæхст цæуы, куыд ныхасæй, афтæ фыст цæуы бадзырды дæр», – загъта архитектор.

Тадтаты Мераб куыд бамбарын кодта, афтæмæй закъонон сты æрмæстдæр уыцы арæзтадтæ æмæ гаражтæ, кæцытæ дзуапп дæттынц арæзтадон нормæтæ æмæ закъоны банысангонд фæткойтæн.

«Ацы домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, уыцы арæзтадтæ пырх цæудзысты. Закъоны домæн æххæст кæнгæйæ, горæты цады территорийыл цы гаражтæ баззад, уыдон дæр уырдыгæй ласт æрцæудзысты, куы бахъæуа, уæд та – тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ», – бахахх кодтой пресс-службæйы.

Горæты администрацийы куыд банысан кодтой, афтæмæй горæты территорийыл иуæй-иу арæзтæдтæ сты Цхинвалы администрацийы сæйрагдæр проблемæтæй сæ иу, горæтарæзтады иумиаг стратеги реализаци кæнын кæй зындæр кæнынц, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.