Елбыздыхъойы тыххæй цы бирæ æрмæджытæ баззад, уыдонæн сæ фылдæр хай куынæг æрцыдысты, йæ ном æмæ йын йе сфæлдыстад куыд     куынæг кодтой, афтæ, фæлæ ма дзы уæддæр цыдæртæ баззад, уыцы нымæцы Мæрзойты Сергейы мысинæгтæ дæр, кæд ын уыдоны тыххæй йæхицæн бирæ хъыцъыдæттæ бадардтой, уæддæр. Райгуырд ирон театр, æмæ йын æгасцу зæгъын хъуыд. Драматург æй загъта символикон хуызы: «Маймули – рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр!». Æгомыг хъазæнхъул маймули тырысайы бын фестад рæсугъд лæппу. Куырыхон зæронд лæг ын фæдзæхсы: «Цу, ды сын бацамон фæндаг, ног зонд æмæ ног хъуыдытæ. Де ‘взаг уæд мæлгъæвзаг. Фæринкæй – цыргъдæр… топпы фатæй – растдæр!.. Уый уыдзæн рæсугъд æвзаг! Дæ зæрдæйы цæрæд уарзондзинад, зонд та йын – фæндагамонæг… Кæм хъæуа, уым та пакъуыйæ фæлмæндæр æмæ хъармдæр уæд дæ уарзон ныхас – йæ тавдæй хъæбæр зæрдæ фæлмæн куыд кæна! Цу адæммæ…».

Гъе, ахæм ныстуанимæ равзæрд ирон театр, æмæ йæ уымæн бæттæм Елбыздыхъойы номимæ. Йæ ныстуан, йæ фæдзæхстытæ æвдадзы хос фестадысты нæ аивадæн. Йæ эстетикæ абон дæр æнцайы Елбыздыхъойы зондахаст æмæ сфæлдыстадон бынтыл.

Бирæ нæ ацард Елбыздыхъо, дыу­уиссæдз азæй чысыл фылдæр. Бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Иу хатт ма йæ зæгъæм: бирæ. Æрмæст ирон адæмæн цы хæрзты бацыд, уыдон нымайгæйæ. Бирæ, тынг бирæ йын бантыст. Йæ фæстаг улæфты онг дæр йæ уацмыстыл куыста. Йæ царды фæстаг азтæ нывондæн æрхаста йæ ахсджиагдæр уацмыс «Амыран»-æн. Цыма хæххон цæргæсау арвы риумæ стахт, афтæмæй фæци йæ цардвæндаг йе сфæлдыстады бæрзонддæр цъуппыл.

Зынгскъæфæг, хуыцæуттæй зæххон адæмæн зынгæрхæссæг Прометейы ныфс æмæ хъизæмæрттæ æнцой нæ уагътой дунеон классикæйы зæрингуырдты. Эсхил, Гете, Шелли – нæ литературон рагфыдæлтæ сæ хъарутæ æвзæрстой уымæн йæ сурæт куыд арфдæр, куыд æххæстдæрæй равдисыны охыл. Кавказы цæрæг адæмтæй дæр бирæтæм фыдæй-фыртмæ цыдысты йæ таурæгътæ. Нырыккон фысджытæй дæр рохуаты нæ баззад. Зындгонд башкираг поэт æмæ драматург Мустай Карим дæр йе ‘ргом аздæхта Прометейы фæлгонцмæ. Тынг фесгуыхт, фæлæ-иу афтæ дзырдта: уый кавказаг темæ у, æмæ йæ хъуамæ ныффыстаид кавказаг драматург. Нæ зыдта Мустай Карим, йæхæдæг гуыргæ дæр куы нæма ракодта, уæд ирон дзырды дæсны Брытъиаты Елбыздыхъо дæр кæй сарæхст Прометейы ирон фаззон Амыраны трагеди равдисынмæ.

Искæй фæзмынæй стыр аивад нæ рæзы. Елбыздыхъойы «Амыран» у хæдбындур уацмыс. Йæ колорит, йæ сюжеты арæзт, йæ хъайтарты удыхъæды миниуджытæ – иууылдæр сты ирон традици, ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстадыл æнгом баст, ирон мифологи æмæ этнографи, стæй сын фæстæдæры цардарæзтæй фæиртасæн нæй. Уæдæ дзы автор йе ‘мзæххонты удысконды æмæ цардуаджы хицæндзинæдтæ кæй равдыста аивады фæрæзтæй, уымæй дæр нæ фæкъаддæр йæ ахадындзинад дунеон драматургийы классикæйы тæрхæгыл.

Нарты тох хуыцæуттимæ – уый дæр уыцы традицийы халдих разынд, кæд, чи зоны, хæрзæнгæстæ не сты, уæддæр.

Трагедийыл кусгæйæ дæр, Елбыздыхъо йæ рæстæджы домæн æххæст     кодта, цыма бæстæйы социалон-политикон уавæр сæрибары сæраппонд тохгæнджыты фæдисхъæрæн дзуапп лæвæрдта, уыйау. Амыраны туг æмæ цæссыг, йæ хъизæмæрттæ расайдтой цагъарты сыстад, канд Бесæйæн нæ, фæлæ сакъадахы кусджытæн дæр радтой ныфс, æууæнк, хъару. Фидæны фидиуджытау тындзынц Амыранмæ æххуысмæ.Тугдзых маргъ ма йæ мондæгтæ уадзы хъайтары игæрæй, фæсайдæуыд Бесæйы, фæлæ дардæй хъуысы сакъадахы кусджыты тохы уынæр, Бесæйы фырт Цопан та ард хæры, йæ фыды бæллиц кæй сæххæст кæндзæн, уый тыххæй. Ныфс нæ амард. Тох нæма фæци. Зынг нал ахуысдзæн. Артæй, артдзæстæй дæр, чи зоны, нæ фыдæлтæ уымæн сомы кодтой.

Мифологийы мотивты аууон нæ фесты ирон царды æцæг æууæлтæ. Уацмысы хъайтартæ кæд уæларвы бадджытæ æмæ дæлдзæхы цæрджытимæ самадтой тох, уæддæр ирæттæй баззадысты, баззадысты зæххон адæмæй, се ‘гъдæуттæ æмæ бæллицтимæ, сæ цардуаг æмæ уырнындзинæдтимæ. Нæ фæиппæрд фыссæг йæ рæстæг, йе ‘мзæххонтæй.

Академик Всеволод Миллер тынг разы уыд ирон интеллигенцийы æрыгон минæвæрттæй. Номарæн къæйдурыл сын сæ нæмттæ ныффыссын æмбæлы, – ахæм хъуыды загъта номдзыд ахуыргонд, – уыдон сарæзтой æмæ адæмы ‘хсæн ахæлиу кодтой ирон фыссынад, уыимæ ирон зонад æмæ скъола дæр. Ацы арфæйаг ныхæстæ, æнæмæнг, хауынц Брытъиаты Елбыздыхъомæ дæр.

Раст загъта нæ зындгонд критик Тыбылты Алыксандр. Уый нымадмæ гæсгæ, ис арф бастдзинад, ирон адæмы культурон цард ссæдзæм æнусы райдайæны нывыл, рæстаг уагыл кæй фæфæлдæхт, уымæн ис арф, æнæскъуынгæ бастдзинад Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстад, тох æмæ цардимæ.

Ирон театр – фыссæджы стырдæр бæллиц – Елбыздыхъойы Хæдзар схонæн дæр ис. Æнæ уый сфæлдыстадæй театрæн фæзынæн дæр æмæ рæзæн дæр нæ уыд. Национ театрæн æнæ национ драматургийæ уæвæн нæй. Дунейы классикæйы хæрзтæ æгæрон сты – театрдзаутыл рæстмæ ауды сæдæгай азты. О, фæлæ театр хæдбындур куы  нæ уа, йæ уидæгтæ йæхи адæмы цардуагæй куы нæ суадзой сыгъзæрин талатæ, мадæлон æвзаг æмæ адæмон сфæлдыстадæй куы фæиппæрд уой, уæд хус тихалæгæй баззайдзæн.

Нæй театрæн цæрæн æнæ фыддæсны актертæй, йæ адæмы культурæ, традицитæ равдисынхъом чи уа, уыдонæй аразгæ уыд йе зноны бон, уыдоны æвдисæн – йæ нырыккон уавæр, уыдонимæ баст йæ фидæн.

Цæмæй ирон театр райгуырдаид, уымæн Елбыздыхъо алцыппæт дæр сарæзта йе сфæлдыстад, йæ цардæй. Бирæ рæстæг рацыд йæ мæлæты бонæй, æмæ йæ фæдонтæ кæрæдзийы фæстæ театры къæсæрыл хизын байдыдтой.

Ирон театр царди æмæ цæры Амыраны байзæддаджы фарнæй. Елбыздыхъо æмæ театр иумæ сты нæ театралон аивады истори. Уый руаджы райдыдтой æнкъарын мадæлон æвзаджы ад, йæ бæркад, йæ рæсугъд арæзт, йæ хъæздыгдзинад. Лæгау лæг куыд æмæ цæй фæрцы свæййы зарæджы сæр, уый дæр Елбыздыхъойы сфæлдыстадон фæдзæхстæй базыдтой.

Æвидигæ сты драматурджы аивадон фæрæзтæ æмæ авналæнтæ, æмæ сæ йæ фæдонтыл байуæрста дзагармæй. Комеди, драмæ, трагеди – царды дæр æмæ аивады дæр æмдзу кæнынц, æмæ дыл цæмæй дзырды зæрингуырды ном сбада, уый тыххæй хъуамæ артау судзай сценæйы дæр æмæ дæ рæстæджы гуылфæнты дæр. Ахæм амонд къухы æнцонæй не ‘фты, фæлæ Елбыздыхъойы фæдзæхст дæ зæрдыл куы дарай, уæд дæ зын фæндагыл никуы фæцуддзынæ.

Сфæлдыстадон кусæг цæхæр куы нæ кала, йæ удæй куы нæ цæуа, уæд йæ аивадæн рæзæн нæй, адæймаджы фæлгонц уырнинаг хуызы нæ равдисдзæн. Æмæ уæд цардуаджы не ссардтай æнхъæлцау мидис, историйы цаутæн сæ арф уидæгтæ не сфæлдæхтай, æгъдау æмæ традицитæ æхсæнадæн цы хъомыс сты, уый нæ бамбæрстай, удварны хæзнатæй фенæхай дæ. Цыбыр дзырдæй, кæд Елбыздыхъойы фарнæй нæ фæхъæстæ дæ, уæд байраджы фыдæбоныл бафтыдтæ.

Ирон культурæйы хæзнадонмæ стырдæр æвæрæн чи бахаста Къостайы фæстæ, уый – Брытъиаты Елбыздыхъо. Кад æмæ ном скодта йæ адæмæн, æмæ цалынмæ ирон дзыхæй ирон ныхас   хъуыса, уæдмæ арфæйаг уыдзæн.

Йæ удæгасæй дæр æмæ амæлæты фæстæ дæр Елбыздыхъойы хъысмæт адæймаджы дисы æфтыдта. Сæрибары фидиуæг, дзырдаивады классик-иу рæстæгæй-рæстæгмæ цъыфкалджыты амæттаг баци, буржуазон националисты гакк-иу ыл сæвæрдтой. Хæсты размæ партийы обкомы бюро рахаста уынаффæ, ирон театрæн Елбыздыхъойы ном раттыны тыххæй. Хъуыддаг цæмæдæр гæсгæ нæ сырæзт, уынаффæ гæххæттыл фыстæй баззад. Ныр театр хæссы Тæбæхсæуты Балойы ном. Балойы ныхмæ ничи ницы зæгъдзæн, фæлæ театрыл, æвæццæгæн, йæ бындур-æ­вæрæджы ном хуыздæр фидауид. Уæд та йын театры цур йæ бюст сæвæрæм, Коцойты Арсенæн куыд бакодтам, афтæ.

Уынгæй дæр амонд нæ фæци Елбыздыхъойы. Хæсты фæстæ, Ростовская, зæгъгæ, уыцы уынгæн радтой фыссæджы ном. Уалынмæ та йе ‘хсæнадон архайд æмæ сфæлдыстад дзырддаг систы, уынджы ном та аивтой, æмæ абон дæр хуыйны Ростовская. Елбыздыхъойæн та æрæджы саккаг кодтой кæмдæр фæскъуымы цавæрдæр нарæг уынг – раздæр уыдис Колхозная. Бахъуаджы заман æй æнцонтæй не ссардзынæ. Черноглазы уынгæн Баллаты Валодяйы ном куы лæвæрдтой, уæддæр Елбыздыхъойы иу æрхъуыдыгæнæг нæ фæци. Ацы уынджы цард фыссæг, ам хъомыл кодта йæ цоты, ам куыста уæззау рынчынæй йæ уацмыстыл, æмæ-иу сæ Гулуты Андрей сыгъдæг рафыста. Уынг та!.. Хуыздæр ма йын кæй ном хъуамæ радтаиккой, фæлæ, Къостайы загъдау, нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн.

1939 азы Къостайы райгуырдыл 80 азы куы сæххæст, уæд А.А. Фадеев ССРЦ-ы Фысджыты цæдисы Пленумы йæ раныхасы Елбыздыхъо, Арсен æмæ Нигеры схуыдта æцæг адæмон фысджытæ, се сфæлдыстадæй нæ литературæйы дыууæ дуджы чи сбаста, ахæм кадджын лæгтæ. Цитатæйæ арæх пайда кодтой, фæлæ-иу дзы Елбыздыхъойы ном рахауд – исчи дæр ма буржуазон националисты (!) кой кæны. Иу заман нал уыдтам Хуссар Ирыстоны драмон театры спектакльтæ. Алы сæрд дæр-иу гастрольты æвдыстой сæ аивад. Фæлæ театр йæ репертуармæ бахаста Елбыздыхъойы уацмыстæ, махмæ та сын æвдисæн нæ уыд. Поэт-фронтовик Хъазбегты Хъазбеджы йæ куыстæй систой æмæ йæ ахæстоны бакодтой, Елбыздыхъойы сфæлдыстад нæфæтчиаг уыд хæсты рæстæджы дæр, уый та йæ рæгъмæ хаста йæ лекциты пединституты.

Ирыхъæуы зæронд уæлмæрдмæ бахизæны сæвзæрд нæ æдзард фысджыты æмæ рухстауджыты пантеон. Ам баныгæдтой Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ йæ бинойнаджы, Гæдиаты Цомахъы, Хъамбердиаты Мысосты, Гуыриаты Гагуыдзы, фæстæдæр та – поэт Елехъоты Мураты. Уæлмæрд заууатмæ æрцыд, ингæнты уырытæ сфæйлыдтой, хæм­пæл æмæ броны бын фесты цыртытæ. Дзырдтой, фыстой хицауадмæ, аргъуаны кæртмæ сæ рахæссæм, зæгъгæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Æмæ уæд Зариффæ æмæ йæ инæлар æфсымæр сæ ныййарджытæн ссардтой бынат Куырттаты комы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.