Хуыгаты Георы райгуырдыл сæххæст 100 азы

Аивады бæрзонд фарн æмæ курдиæттæй хъæздыг Ирыстонæн бирæ хæрзиуджытæ æмæ номы лæгтæ бауарзта Хуыцауы цæст. Æндæр бæстæтæ æмæ нацитæм абаргæйæ армыдзаг, армытъæпæныйас Ирыстонæй царды æнæкæрон тыгъдады алы æмæ алы къабæзты дунеон æмвæзадмæ цал ироны схызт, уыдоны нымæцмæ бахæлæг кæндзысты, сæ нымæц дæсгай милуантæй нымайгæ кæмæн у, ахæм бæстæтæ æмæ адæмтæ дæр. Фæлæ уыдоны хсæн дæр бæрæг дарынц, хуыздæртæй хуыздæр схонæн кæмæн ис, фыццæгты фыццаг у кæмæй зæгъæм, ахæмтæ. Литературæйы къабазы нæ зæххы къори базыдта Къостайы фæрцы, зонады – Васойы, хæстон хъуыддаджы – Иссæйы, аивады – Махарбеджы, Балойы, Валерийы, æмæ афтæ дарддæр.

Æниу, сусæггаг нæу, Тæбæхсæуты Бало йæхицæй бирæ уæлдæр æвæрдта Таутиаты Солæманы, табу йын кодта йæ диссаджы курдиатæн, фæлæ нæ уæддæр æмæ уæддæр театралон аивады къабазы æппæт дунейы адæмтæ Балойы Отеллойы фæрцы базыдтой, театралон аивады иууыл бæрзонддæр бынаты уый æвæрæм. О, фæлæ, театралон аивадæн цыфæнды курдиатджын актертимæ дæр уæвæн нæй æнæ хъомысджын режиссурæ æмæ цæрдхъом драматургийæ… Æмæ ацы ахсджиаг къабæзты та кæй сæвæрæм иууыл бæрзонддæр бынаты?.. Кæй зæгъын æй хъæуы – Хуыгаты Георы. Уæлдайдæр та уыцы-иу адæймаджы стыр режиссер æмæ курдиатджын драматург æмсæр æмбарæй куы баиу уой, уæд! Иугæр бирæ азты дæргъы æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Цæгат Кавказы æмæ æндæр регионты театртæ дæр бæллыдысты, цæмæй сæ репертуарты Хуыгаты Георы фыст драмон уацмыс æмæ æвæрд спектакльтæ уа, кæд алы драматурджы бæллиц дæр уыд, цæмæй йын йæ пьесæ Хуыгаты Геор сæвæра, кæд алы режиссер дæр бæллыд, цæмæй Хуыгаты Георы фыст уацмысмæ гæсгæ спектакль сæвæра, кæд алы актер дæр стыр амондыл нымадта Хуыгаты Георы спектакльты хъазын, уæд ма цæмæн хъæуы дызæрдыг кæнын, уыцы дывæр нысаниуæджы бæрзонд ном кæмæ æмбæлы, ууыл. Æмæ цæмæн, цæй тыххæй йын уыд ахæм бæрзонд ном куыд театралон аивады архайджыты, афтæ театрдзауты цæсты дæр? Уымæн æмæ уыд куырыхон æмæ курдиатджын, стæй мæлæты бонмæ æнувыд уыд театралон аивады, номхуындæй режиссурæйы классикон традицийыл. Уымæн дæр йæ бон уыд рогдæр фæндæгтæ æмæ фадæттæ агурын, ронбæгъд режиссурæйы традицимæ гæсгæ кусын, фæлæ нæ – никуы радта йæхицæн уый бар. Æмæ кæд абон не хсæн нал ис, æнусмæ фæхицæн сценикон аивадæй, уæддæр баззад йæ традици – Хуыгаты Георы æнæмæлгæ традици, аивадæн зæрдæбынæй лæггад кæнын, классикон домæнтæм гæсгæ кусын. Æмæ æппæт уыдæттыл дзурæг сты, йæ æвæджиауы аивад æмæ удуæлдай куысты тыххæй йын цы бæрзонд нæмттæ æмæ хорзæхтæ лæвæрд æрцыд, уыдон дæр:

УСФСР Адæмон артист (1969 аз); УСФСР Аивæдты сгуыхт архайæг (1974 аз); К.С. Станиславскийы номыл ССР Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат (1984 аз); Æхсæндунеон театралон фестиваль «Сыгъзæрин маскæ»-йы сæрмагонд премийы лауреат æмæ афтæ дарддæр… Хорзæхджын æрцыд цæдисон нысаниуæджы ордентæ «Кады нысаны орден», «Хæлардзинады Орден», «Адæмты хæлардзинады орден» æмæ æндæр паддзахадон хæрзиуджытæй. Æмæ уыцы кадджын нæмттæ, уыцы паддзахадон хорзæхтæй алкæй æвдисæндары дæр фыст ис, лæвæрд ын кæй æрцыдысты театралон аивады рæзтмæ стыр бавæрæн бахæссын æмæ национ аивадæн æнувыдæй лæггад кæныны тыххæй.

Йæ кадджын нæмттæ æмæ алыгъуызон титулты номхыгъдау хъæздыг æмæ мидисджын у йæ биографи дæр. Райгуырд 1922 азы 9 январы, сыгъдарыд Хуссар Ирыстонæй фæхауæггаг лигъдæтты ног цæрæнбынаты – Цæгат Ирыстоны Ногиры хъæуы. Георы фыд уыд Ногиры бындурæвæрæг, зындгонд революционер, Георгийы дзуары æххæст кавалер Хуыгаты Доментъи.

Сомбоны номдзыд режиссер æмæ драматургæн йæ царды фæндаг актеры куыстæй райдыдта. Цæгат Ирыстоны аивадон училище-студи каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта ирон театры. Фæлæ æвзонг артист йæ бæллицты тырныдта режиссер суæвынмæ æмæ ныллæууыд уыцы фæндагыл. 1947 азы ахуыр кæнын райдыдта А. В. Луначарскийы номыл Мæскуыйы Æппæтцæдисон театралон аивады институты режиссерон факультеты. Каст æй куы фæцис, уæд нæ бакаст йæ ахуыргæнджыты – дунеон нысаниуæджы театралон аивады стыр дæсныты коммæ – не рлæууыд Мæскуыйы, фæстæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ режиссерæй кусын райдыдта йæ уарзон театры, цыбыр æмгъуыдмæ нысан æрцыд театры сæйраг режиссер æмæ аивадон къухдариуæггæнæгæй.

Уый – номдзыд æмæ курдиатджын режиссеры аивадон фæндаджы райдайæн, фæлæ уымæй бирæ раздæр райдыдта Геор – драматургы сфæлдыстадон фæндаг. Хуыгайы-фыртæн йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæма уыд актер кæнæ режиссер суæвын, афтæ бауарзта нывæфтыд литературæ. Райдианы фыста æмдзæвгæтæ, прозаикон уацмыстæ. Зæрдиагæй йын сæ мыхуыр кодтой периодикон мыхуыры. Цыппорæм азты æмбисы Георы æмдзæвгæ «Дыууæ фыстæгыл» фыст æрцыд музыкæ, кæцы цыбыр рæстæгмæ ссис адæмон зарæджы хуызæн æмæ рæдыдæй хаст æрцыд ирон адæмон сфæлдыстады анталогимæ. Цалынмæ йæ нуарджын драмон уацмыстæ фыссынмæ бавнæлдта, уæдмæ уал зæрдиагæй архайдта тæлмац кæныныл. Куыд советон, афтæ уырыссаг æмæ дунеон классикон драматургийæ дæр ирон æвзагыл сдзурын кодта æртынæй фылдæр уацмысы – Еврипид, Шекспир, Бомарше, Ибсен, Гоголь, Островский, Чехов, Горький æмæ æндæр классикты зындгонддæр уацмысты. Театралон аивадмæ æнæкæрон уарзондзинад æмæ йын драмон уацмыстæ тæлмац кæнын йæ уды райгуырын кодтой йæхи драматургийы жанры бафæлварыны фæндиаг дæр, бæлвырддæр зæгъгæйæ, Хуыбецты Райæ йæ сразæнгард кодта ацы вазыгджын жанрмæ, йæ комеди «Софьяйы Зарæг»-æн æй æмавтор куы скодта, уæд. Афтæ кæрæдзийы фæстæ гуырын райдыдтой, фæстæдæр ирон драматургийы хъæздыгадыл нымад чи æрцыд, Хуыгайы-фырты уыцы пьесæтæ «Æрдхорд æфсымæртæ», «Нæ фыдæлты намыс», «Чепена», «Æмпъузæнтæ», «Æххуырст фæтæг», «Сау нымæт», «Амонд кæм дæ», «Хъæздыг хæдзар», «Бинонтæ», «Мæ богал» æмæ æндæртæ.

Курдиатджын режиссер æмæ драматургы драмон уацмыстæ зындгонд систы æрмæст ирон аивадуарзджытæн нæ, фæлæ нæ раздæры Советон Цæдисы адæмтæн дæр. Æвæрд ын цыдысты куыд нæ уæды Цæдисы алы æмæ алы театрты, афтæ фæсарæйнаг бæстæты сценæтыл дæр. Йæ комеди «Сæтти æмæ Бæтти» æртын азæй фылдæры бæрц нæ рахызт Германы сæйраг драмон театры репертуарæй. Советон Цæдисы, æвæццæгæн, ахæм театр нал баззад, Хуыгаты Георы драмон уацмыстæ-водевильтæ «Мæ усы лæг» æмæ «Мæ усы мад» æвæрд кæм не рцыдысты. Йæ пьесæтæ цалдæр хатты уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй хицæн чингуытæй дæр рацыдысты æппæтцæдисон рауагъдадтæ «Советский писатель», «Современник», «Искусство» æмæ æндæрты.

Ирон театрты сценæтыл бирæнымæц спектакльтæ сæвæрдта куыд национ, афтæ дунеон классикон драматургийы уацмыстæй дæр, уæлдайдæр та Шекспиры æнæмæлгæ уацмыстæм гæсгæ спектакльтæ. Шекспиры пьесæтæй æппæты фыццаг сæвæрдта «Макбет», стæй бавнæлдта дунеон драматургийы стырдæр генийы иннæ вазыгджын уацмыстæм дæр. Фæлæ уыдонæй уæлдай стырдæр æнтыст уыд «Тимон Афинаг»-æн. Уый тыххæй фыстой куыд Советон Цæдисы централон мыхуыры фæрæзтæ, афтæ нæ уæды цæдисон республикæты газеттæ æмæ журналтæ дæр. Уыцы спектаклы тыххæй куыд æвæрæг режиссер Хуыгаты Георæн, афтæ сæйраг роль æххæстгæнæг, Цæгат Ирыстон æмæ УСФСР адæмон артист Икъаты Маирбегæн дæр лæвæрд æрцыд Станиславскийы номыл паддзахадон преми.

Номдзыд режиссер æмæ драматург кæд гуыргæ Ирыстонæн йæ цæгат хайы ракодта, уæддæр йæ уидæгтæ Къуыдары фæрнджын зæххы сты. Æмæ кæд цæргæ дæр, кусгæ дæр Цæгат Ирыстоны кодта, уæддæр æй не мбæхста, Ирыстонæн ын йæ хуссайраг уæлдæф уæлдай адджын кæй у. Æмæ стæм сезон уыдаид Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрæн – Хуыгаты Геор дзы кæнæ спектакль ма сæвæрдтаид кæнæ йын йæ фыст пьесæмæ гæсгæ спектакль ма сæвæрдтаиккой… Театры репертуары Георæн æппынкъаддæр дыууæ спектаклы ма уыдаид, уый та никуы уыд дæргъвæтин азты дæргъы. Йæ классикон традицийыл æнувыддзинады уæлдай хуссайраг театрдзаутæн кæддæриддæр стыр æхцондзинад хаста Георы хъæздыг æмæ цыргъзонд æвзаг, йе стиль, йæ тадзгæбаргæ, уырзæвзæрст юмор. Йæ комедион уацмысты ис, цавæрдæр уæздан, бынтондæр примитив æмæ ронбæгъды тæфаг кæмæ нæ хæццæ кæны, ахæм юмор. Нæй йæм, чи нæ хъæуы, сценæмæкæсæджы хъуыдыкæнынад æмæ хъус кæмæй нæ фæлмæцы, ахæм æнæхъуаджы даргъ сценæтæ, алы фезмæлд, алы мизансценæ, алы ныхас дæр æм у кардæй карстау. Уымæн уыдысты йæ уацмыстæ, йе вæрд спектакльтæ афтæ цæрдхъом театры репуртуары. «Нæ фыдæлты намыс», «Мæ усы лæг», «Мæ усы мад», «Чепена», «Сау нымæт» æмæ бирæ æндæртæ. Æрмæст йæ зындгонд комеди «Сæтти æмæ Бæтти» цал хатты æрцыд æвæрд хуссарирыстойнаг театры сценæйыл, цал фæлтæры актертæ ахъазыдысты уыцы, адæмæн æнæкæрон уарзон фæлгæнцты.

Нал ис Геор, 2005 азы ахицæн йæ уæлион цардæй. Ирон театралон аивад афтид абадт режиссурæ æмæ сценографийы стыр дæсныйæ. Фæлæ баззадысты йæ æвæджиауы сфæлдыстадон бынтæ æмæ йе ‘нусон, йе нæмæлгæ традицитæ.

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.