Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 79 азы сæххæсты цытæн 9-æм майы бæрæгбонон парад байгом  Паддзахадон тырыса æмæ Уæлахизы тырысайы рахастæй.

Цытджын трибунæйæ парадмæ сæ хъус дардтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады официалон уæнгтæ Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ цытджын уазджытæ.

Æфсæддон парадыл командæ кодта РХИ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæджы хæдивæг булкъон Гæбæраты Гамлет, парад иста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг булкъон Сабанты Инал.

Фæзуаты рæнхъæй лæууыдысты æфсæддон парады хайадисæг  æфсæддон дæлхæйттæ.

Президент Гаглойты Алан арфæ ракодта республикæйы адæмæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 79 азы сæххæсты бæрæгбоны цытæн. Загъта, зæгъгæ, мах ногæй нысан кæнæм стыр мысæн бон.

«1945 аз нысаниуæгджын у. Уый уыд тæссаг хæсты кæрон æмæ Советон Цæдисы æф-сымæрон адæмтæ æмæ адæймагад мæлæтдзаг тæссагдзинадæй  куы фервæзтысты, уыцы бон. Абон ныгуылæйнаг бæстæтæ зыгъуыммæ кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историон рæстдзинад», – дзырдта Гаглойты Алан.

Театралон фæзуаты цытджын маршæй рацыдысты Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ, Мидхъуыддæгты министрад, Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ, Кадетон скъолайы хъомылгæнинæгтæ.

Уый фæстæ парады рацыдысты æфсæддон техникæ.

 

«Æнæмæлгæ полк»

Æфсæддон парады фæстæ Театралон фæзуаты уагъд æрцыдис акци «Æнæмæлгæ полк». Акцийы хайад райстой горæты цæрджытæ нæ республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты кусджытæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ районты минæвæрттæ.

Ныр цалдæр азы «Æнæмæлгæ полк»-ы рæнхъытæ баххæст кæнынц Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстон хайадисджыты къамтæй. 2024 азы акци байгом ис сæ къамтæй. Сæ фæдыл та адæм рахастой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты къамтæ.

«Æнæмæлгæ полк»-ы фыццаг рæнхъыты цыдысты Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Паддзахады сæргълæууæг рахаста йæ дадайы æбæрæгæй сæфт æфсымæр Гаглойты Матейы къам.

 

Авто-мото-велозгъорд

Стыр Уæлахизы бæрæгбоныл 79 азы сæххæсты цытæн  адарддæр сты бæрæгбонон мадзæлттæ авто-мото-велозгъордæй. Риаритетон транспортыл  Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты студенттæ сарæзтой авто-мото-велозгъорд.

Студенттæ бацæттæ кодтой бæрæгбонон концертон программæ. Зарыдысты хæстон зарджытæ æмæ æххæст кодтой национ кæфтытæ.

Танделаты Вилена

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.