Рагæй фæстæмæ размæцыд европæйаг бæстæтæн æнæуынон сты Уæрæсейы территоритыл цæрæг адæм. Уæлдай хъыхъхъагдзинад раздæр дæр æмæ ныр дæр æвдисы Англис, стæй та Герман, Франц, Швеци æмæ æндæртæ. Историмæ акæсгæйæ, Англисы «хайбавæрд» ирдæй бæрæг у алы конфликты дæр, кæцыты Уæрæсе хайад иста.

Историкты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм тенденцийæн ис бæрæг объективон аххосæгтæ. Европæйаг бæстæтæ ныр цалдæр æнусы дæргъы кæнынц абырджыты цард – сты тыхгæнджытæ æмæ æгъатыр лæгмартæ. Сæ бæллиц рагæй фæстæмæ уыд, цæмæй Уæрæсейы æнæкæрон территоритæ сæхи бакæной æмæ йын йæ цæрджытæй та сæхицæн цагъайрæгтæ саразой. «Уый та куыд? Латинаг Америкæйы, Африкæйы æмæ Азийы бæстæтæ сæ калонитæ сты, æмæ «сæ фындзы бын» иууыл хъæздыгдæр территорийыл сæ бон нæ цæуы?»

Афтæ хъуыды кæнынц хурныгуылæйнаг къухдариуæггæнджытæ абоны бон дæр æмæ сæ рагон бæллицтæ нырма дæр актуалон сты. Æмæ ам АИШ-ы нæ хъæуы хицæн кæнын – иумæйагæй сисгæйæ, хурныгуылæйнаг Европæ æмæ АИШ-æй ницы хицæндзинад ис се ‘ддагон политикæ уадзыны хъуыддаджы. Стæй АИШ-ы ныры территорийы цæрджыты дæр «размæдзыд» европæйæгтæ скуынæг кодтой æмæ дзы уыдон сарæзтой ног паддзахад. Абоны бон АИШ объективон аххосæгтæм гæсгæ бирæ æввахсдæр лæууы Англисмæ. Факттæ йæ куыд æвдисынц, афтæмæй АИШ æмæ Англис сты иу паддзахад – æрмæст юридикон æгъдауæй хицæн бæстæтыл нымад цæуынц. Ис ма сын ноджы æрдæгколони бæстæтæ дæр, куыд Канадæ, Австрали, Израиль, Хуссар Корей, Япон, кæцытæн хæдбардзинад ис æрмæстдæр гæххæттыл фыстæй. Æниу, фæстаг цаутыл афæлгæсгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, Евроцæдисы бæстæтæ дæр сæ колонитæ кæй баисты.

Уæрæсейы ныхмæ зианхæссæг политикæ уадзын, фыццаджыдæр, цæуы Англисæй. Æппынæдзух цæлхдуртæ æвæрдта Уæрæсейы размæцыдæн, ардыдта йыл йæ сыхаг бæстæты, суанг ын Иван Грозныйæ фæстæмæ хаста алыгъуызон санкцитæ. Ӕгæрыстæмæй ма 19-æм æнусы Англисы премьер-министр Палмерстон фыста – «Куыд уæззау вæййы нæ цард, Уæрæсе куы никæимæ фæхæцы, уæд». Англисаг политиктæ французæгты, немыцæгты, туркæгты æмæ æндæрты фæрцы архайдтой Уæрæсейы æрлæмæгъ кæныныл, æмæ сын æнтысгæ дæр бирæ бакодта. Фæлæ сæхæдæг æргомæй никуы бауæндыдысты Уæрæсеимæ схæцынмæ.

Англисæгтæн Уæрæсе æнæуынон кæй у, ууыл ничи дызæрдыг кæны. Фæлæ ма сыл нæй æууæнк дæр, сты фæлитойтæ, сæ туджы ис мæнгарддзинад. Уымæ гæсгæ семæ зын у дипломатон æвзагæй дзурын – æппынæдзух дыл сайдæй разилынмæ хъавдзысты. Æмæ ахæм дæнцæгтæ бирæ ис ссарæн историйы дæр.

1877-1878 азты Уæрæсе схæцыд Туркимæ, цæмæй ссæрибар кодтаид Балхъаны цæрæг славяйнаг адæмты Османы империйы æфсондзы бынæй. Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы фæнд уыд Босфор æмæ Дарданеллæйы донкъубалтæ бацахсын дæр, цæмæй Сау денджызы акваторийы сæхи сæрибар «хатыдтаиккой». Уæззау тохты фæстиуæгæн туркæгты хæстхъомдæр дæлхæйттæ састы бынаты баззадысты, 100 минæй фылдæр та уацары бахаудтой. Уæрæсейаг æфсад уыд хæрзæввахс Константинопольмæ – бацахстаиккой йæ æмæ донкъубалтæ сæхи бакодтаиккой. Фæлæ дзы уæдмæ «фæкуысси» сты англисаг дипломаттæ æмæ хæст æрлæууын кодтой – Турк æмæ Уæрæсейы импери бафыстой рæстæгмæ фидыды гæххæтт. Уæрæсейæн куы бантыстаид Босфор æмæ Дарданеллæйы донкъубалтæ бацахсын, уæд суыдаид бирæ хъомысджындæр паддзахад.

1904-1905 азты Уæрæсейы импери æмæ Японы ‘хсæн цыдысты хæстон архайдтытæ. Японмæ тыхтæ нал уыд йе знæгты ныхмæ фæлæууынæн æмæ ввахс рæстæджы дæрæн æрцыдаиккой. Уæд АИШ-ы президент Рузвельт æрлæууыд æхсæны лæгæй æмæ сразы кодта Никъала II бафидауыныл. Хæст æрлæууын кæныны фæстиуæгæн Уæрæсейы империйæ айстой Сахалины сакъадахы æрдæг хай, фæсырдтой сæ Корей æмæ Маньчжурийæ, æмæ Рузвельтæн та радтой Нобелы сабырады преми. Ам дæр ирдæй зынынц англосаксты æнаккаг митæ – Уæрæсейæн саразын кодтой ахæм къахдзæф, кæцыйы фæстиуæгæн Дард Скæсæны йæ позицитæ бæрæг æрлæмæгъ сты æмæ уымы цæуæг процесстыл йæ бар нал цыд.

1919-1921 азты та сцырен ис уæрæсейаг-польшæйаг хæст. Сырх æфсад дæрæн кæнын райдыдта знæгты, бахызтысты Польшæйы арæнтæм æмæ та ам дæр æнæнхъæлæджы æхсæны лæгæй балæууыд бритайнаг фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Керзон. Ленин хæст æрлæууын кодта, Англис польшæйаг æфсæддонты сифтонг кодтой танктæй æмæ сармадзантæй, Польшæйы æфсад фæстæмæ рбабырста Уæрæсемæ æмæ 80 мин сырхæфсæддоны бахаудтой уацары. Фæстæдæр, фидыды гæххæтт бафыссыны фæстиуæгæн, Польшæйы скондмæ бахызтысты Украинæйы æмæ Беларусы хурныгуылæн хæйттæ. Ам ма банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Ленин йæхæдæг дæр кæй уыд англосаксойнаг шпион – бритайнаг æхцаты фæрцы арæзт æрцыд Октябры революци, англисты лæвæрд æхсæнгæрзтæй большевиктæ кодтой тугуарæн большевиктæ Уæрæсейы къуымты. Абон æй бирæтæ зонгæ дæр нæ кæнынц большевиктæ кæй уыдысты англосаксонæйы бæллицтæ æххæстгæнджытæ.

2008 азы махмæ куы райдыдтой хæстон архайдтытæ, уæд уæрæсейаг æфсад ныххæццæ сты Тбилисмæ. Англосакстæ фæтарстысты, ома Гуырдзыстон нæ къухтæй фæирвæзы, æмæ уайтагъд Францы президент Саркозийы рарвыстой баныхас кæнынмæ. Хæст æрлæууыд, Гуырдзыстон фæстæмæ баззад фашистон бæстæйæ æмæ абоны бон дæр знаджы цæстæй кæсы Уæрæсемæ. Саркози куы нæ уыдаид, уæд Гуырдзыстоны къухдариуæгад ивд æрцыдаид, фæсырдтаиккой «Сорос»-ы къæбылаты æмæ абоны бон дыууæ бæстæйы хсæн хæрамдзинад нал уыдаид.

Фæстæдæр та 2014 азы Украинæйы æрцæугæ цауты дæр активон хайад райстой англосакстæ. Фыццаг уал дзы сарæзтой паддзахадон фæфæлдæхт æмæ дзы хицæуттæй сæвæрдтой фашистты, стæй сæ схæцын кодтой Уæрæсеимæ. Украинæйы æфсад дæрæн кæй цыдысты Донбассы, уый фæстиуæгæн сæ бахъуыд хæст æрлæууын кæнын, цæмæй сæ хуыздæр бацæттæ кодтаиккой хæстмæ. Уый тыххæй æрымысыдысты «Минские соглашения», зæгъгæ. Суанг сæ 2022 азмæ фæцæттæ кодтой, сифтонг сæ кодтой алыгъуызон æхсæнгæрзтæй æмæ ныр тугуарæн кæнынц æгас Донбассы цæрджытыл. Æмæ та ам дæр ирдæй бæрæг у сæ цъаммар политикæ.

Хурныгуылæйнаг политиктæй бирæтæ æргомæй дзурынц, цы хъуыды кæнынц, уый. Сæ бæллиц у Украинæйы уæлахиз æмæ Уæрæсейы капитуляци. Стæй та сæ фæнды Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейæ «демократон» бæстæтæ саразын. Уымæй уæлдай ма сæ фæнды, цæмæй ввахс рæстæджы Уæрæсейæ рахицæн уой Карели, Калининград æмæ Курилы сакъадахтæ. Ӕнæуый та сæ стратегимæ гæсгæ Уæрæсе хъуамæ ныдихтæ уа æп-пынкъаддæр 17 хайыл. Фæлæ сын не ‘нтысы. «Уæрæсейы скуынæгмæ чи бæллы æппынæдзух, уыдоны мæ фæнды бафæдзæхсын – нæ мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ уæ, мыййаг, уазал ма бацæуа æмæ ма фæрынчын уат», – зæгъы Путин Уæрæсейы æвзæрмæбæлджытæн.

ДЖИОТЫ Алыксандр