5-æм сентябры райсомæй, фæззыгон хуры хъарм æмæ фæлмæн тынты фæзындимæ иумæ, Цхинвалы Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ æмбырд кæнын райдыдтой скъолайы кæрты. Республикæйы иннæ скъолатæм абаргæйæ ма, ацы скъолайы ахуыр-хъомыладон фарстатæй дарддæр, стыр хъусдард здахынц æфсæдтон зонындзинæдтæм, уымæ гæсгæ ахуыры азы райдианы цытджын линейкæ дæр цасдæрбæрцæй уыд æндæргъуызон. Ахуыргæнинæгтæ се ‘ппæт дæр уыдысты сæрмагонд æфсæддон дарæсы.

Ног 2018-2019 ахуыры азы Кадетон скъолайы цытджын линейкæмæ æрбацыд Хуссар Ирыстоны хахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь. Скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ уазæгыл сæмбæлдысты æфсæддон фæткмæ гæсгæ. Уый фæстæ скъолайы кæрты айзæлыдысты паддзахады гимны зæлтæ.

Цытджын линейкæ уадзæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Цхуырбаты Нэя ахуыргæнджытæн, ахуыргæнинæгтæн æмæ сæ ныййарджытæн раарфæ кæныны фæстæ ныхасы бар радта Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг Сомхиева Ангелинæйæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, сымах гæнæн ис æмæ æххæстæй ма зонат, куыд уæм æнхъæлмæ кастыстæм, уый. Уый та, сæйраджыдæр, уымæн, æмæ ацæугæ ахуыры аз уе ‘ппæтæй дæр баззадыстæм райгондæй. Уырны мæ, ацы ахуыры аз нын нæ зæрдæтæ ноджы тынгдæр кæй барухс кæндзыстут уæ ахуыр æмæ уагахастæй.

Нæ паддзахад уæ, зæгъгæ, æвæры стыр ныфс æмæ цæмæй аккаг уат, уый тыххæй хъæуы ахуыр кæнын æмæ мæ уырны, кæй уыдзыстут цæвитойнаг, уæ дарддæры хæстæ æмæ фæндтæ æххæст кæй æрцæудзысты, зæгъгæ, – банысан кодта Ангелинæ.

Цытджын линейкæйы ма раныхас кодтой Кадетон скъолайы директор Тадтаты Артур, кадетонты ныййарджыты номæй Хъæцмæзты Мадинæ æмæ æндæртæ.

Кæронбæттæны 10-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ Хъæцмæзты Хетæг æмæ Гасситы Аннæ инсценировкæты фæрцы ног 2018-2019 ахуыры азы цытæн раарфæ кодтой скъолайы цы 95 хъомылгæнинаг ахуыр кæны уыдонæн, ахуыргæнджытæ æмæ уазджытæн.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.