Цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр, сомбоны цардаразджытæ ныфсджынæй дарддæр кæной сæ хистæрты кады хъуыддæгтæ, ууыл у сæ æрвылбонон архайд ахуыргæнджытæн. Уыдонæн æдзухдæр сæ æвæллайгæ куыст æмæ архайд у сæ ахуырдзаутæн æппæтварсон хъомылад раттын, зонындзинæдтæй сæ схотыхджын кæнын. 2016-17-æм ахуыры азы дæргъы ахуыр-хъомыладон куыстмæ се ‘ргом здæхт уыд Цхинвалы районы иумиагахуырадон скъолаты педколлективтæн дæр, цæмæй скъоладзауты ахуырфæразондзинад уыдаид æмбæлон æмвæзадыл, активон хайад истаиккой скъолайы æхсæнадон царды, алыгъуызон культурон æмæ спортивон мадзæлтты, сæ уагахастæй æндæртæн та – цæвиттойнаг æмæ афтæ дарддæр. Уыцы æвæрццаг фæстиуджытæ иутæн сæ къухты бафтыдысты фылдæрбæрцæй, иннæтæн та – къаддæр.

Бихъары скъолайы иттæг хорз ахуырдзау ис иу, æртæ сты, хæрзтыл чи ахуыр кæны, ахæмтæ æмæ æхсæзæн та сæ ахуырфæразондзинад у рæстæмбис. Скъолайы  хорз æмвæзадыл уагъд цыдысты зæрдылдарæн æмæ бæрæгбонон мадзæлттæ. Методикон баиугæндты дзы уæвынад кæны ахæм предметтæй, куыд ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, немыцаг æмæ англисаг æвзæгтæ, математикæ, физикæ, хими, информатикæ æмæ æндæр предметтæй. Цухдзинадыл ам банымайын хъæуы, скъолайы агъуыст кæй хъæуы рог цалцæг скæнын, къæвда бонты дзы дон фæтæдзы, цух у нуазыны донæй дæр.

Громы астæуккаг скъолайы ис, иттæг хæрзтыл чи ахуыр кæны, иу ахæм ахуырдзау, фондз та сты, хæрзтæ æмæ тынг хæрзтыл чи ахуыр кæны, ахæмтæ. Ацы скъолайы  9-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Къудухты Дауыт æмæ Хацырты Инал ирон æвзаг æмæ литературæйæ районон олимпиадæйы райстой хайад æмæ бацахстой фыццаг бынæттæ. Ахуыр-хъомыладон куысты сæ къухты зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ æфты ахæм ахуыргæнджытæн, куыд райдиан кълæсты ахуыргæнæг Мæргъиты Русудан, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Мæргъиты Валя, Цъæхилты Светланæ æмæ æндæртæн. Скъолайы коллектив ахуыры азы дæргъы сæ ахуыргæнинæгтимæ бацæттæ кодтой æмæ ауагътой иуæндæс алыгъуызон мадзалы. Фæлæ зæгъын хъæуы, ацы скъола дæр хъуаг кæй у партæтæ æмæ бандæттæй, нæй сын спортивон фæзуат, афтæ ма нуазыны дон дæр.

Ахуыр-хъомыладон куысты рахъастгæнæн нæй Зары иумиагахуырадон скъолайæ. Директорон контролон куыстытæ 7-æм æмæ 8-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ иттæг хорз бæрæггæнæнтыл ныффыстой ахæм предметтæй, куыд ирон æвзаг æмæ литературæйæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, хими, биологи, математикæйæ. Ацы кълæсты ахуырдзаутæ ма предметон олимпиадæты скъолайы фæлгæтты ацыдысты æнтысгæйæ. Раззагон ахуыргæнджытыл нымад сты, сæ зонындзинæдтæ æвзонг фæлтæрæн рæдауæй чи амонынц уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæ, истори, математикæ æмæ географийы ахуыргæнджытæ Хуыбиаты Маринæ, Бикойты Х., Куыдзеты М., æмæ Зæгъойты М., Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Пухаты Зæлинæ ауагъта гом урок æмæ дзы хайад райстой горæты скъолаты раззагдæр ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ æмæ Гæбæраты Фатимæ. Урок уыд 8-æм къласы æмæ уагъд æрцыд иттæг бæрзонд æмвæзадыл, йæ хайадисджытæ дзы баззадысты райгондæй. Ам ма уæвынад кæны методикон баиугæнд æмæ æрдзурынц скъолайы ахсджиаг фарстытыл, ахуыргæнджыты квалификаци фæбæр-зонддæр кæнын æмæ æндæртыл, ахуыры азы дæргъы дзы уагъд æрцыдысты алыгъуызон мадзæлттæ. Цухдзинæдты тыххæй банысан кæнын хъæуы, скъолайы æмбонд кæй у раивинаг, бæстыхай хъæуы рог цалцæг скæнын, афтæ ма доны хæтæл æмæ хъармгæнæн сты цалцæгкæнинаг.

Районы иууыл фылдæр ахуыргæнинæгтæ ис Дменисы астæуккаг скъолайы – сæ нымæц у  55. Уыцы нымæцы 4 сты, иттæг хорз чи ахуыр кæны, ахæмтæ, 19 та сты хорз нысæнттыл чи ахуыр кæны уыцы скъоладзаутæ. Ахуырфæразондзинад сæм у 100 проценты. Уагъд сæм æрцыдысты директорон контролон куыстытæ. Скъолайы фæлгæтты ауагъдæуыд олимпиадæтæ алы предметтæй дæр 5-æм къласæй 11-æм кълæсты онг, 7-æм, 8-æм æмæ 9-æм кълæсты скъоладзаутæ ма хорз цæттæдзинад равдыстой районон олимпиадæты. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæ, физикæ æмæ биологийæ дипломты хицæуттæ систы Дзанайты Маринæ, Лолоты Илонæ, Дудайты Эрик, Дзанайты Роксанæ æмæ Джиголаты Моникæ. Скъолайы разамынд йæ хъус дары ахуыргæнджыты урокты цыдмæ æмæ афæдзы дæргъы байхъуыстæуыд 300 урочы бæрцмæ æппæт предметтæй дæр. Фæлæ Дудайты чызг куыд банысан кодта, афтæмæй цалдæр ахуыргæнæджы сæ куыстмæ дарынц уазал ахаст æмæ уымæн та, нырæй фæстæмæ хъæудзæн кæрон скæнын. Хуыздæр ахуыргæнджытыл нымад сты Лолоты Р., Джиоты А., Музиаты Т., Мамытаты А., Уазæгты П., Сидамонты И., Бестауты Р., Кокойты В., æмæ æндæртæ. Ахуыры азы дæргъы ауагъдæуыд 11 алыгъуызон зæрдылдарæн æмæ бæрæгбонон мадзалы. Ахуыргæнинæгтæ хайад райстой спортивон æмæ культмассон ма-дзæлтты куыд районы, афтæ республикон фæлгæтты дæр æмæ сын уыд хорз фæстиуджытæ. Фæлæ æнтыстыты æмрæнхъ ацы скъолайы дæр ис иуæй-иу цухдзинæдтæ, уыдоны ‘хсæн ис, йæ кæрт кæй нæу æмбонд, хъæуы йæ рог цалцæг кæнын, электрохызæг æмæ доны хæтæл сты ивинаг, нæй сын фаг скъолайон инвентарь.

Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы иттæг хорз нысæнттыл чи ахуыр кæны, уыдон сты 3, хорз æмæ иттæг хорз нысæнттæй сæхи æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ чи рухс кæны, уыдон нымæц та у 21. Ахуыргæнинæгтæй районы фæлгæтты æндæр æмæ æндæр предметтæй олимпиадæты райстой активон хайад æмæ дзы уæлахиздзаутæ систы фондзæй. Скъолайы разамынд æдзухдæр йæ хъус дары ахуыргæнджыты урокты гъæдмæ, æмæ афæдзы дæргъы байхъуыстой 170 урочы цыдмæ. Ахуыргæнджытæм иууылдæр ис уæлдæр ахуырад æмæ сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныны тыххæй вæййынц курсытæ æмæ семинарты. Уыдон сæ куысты пайда кæнынц ахуыры нырыккон методтæй, æнтысгæйæ архайынц компьютерæй, хъахъхъæнынц куысты æмæ æххæсткæнынадон дисциплинæ. Скъолайы ис 6 методикон баиугæнды, уыцы нымæцы ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæ, физикæ, математикæ æмæ æндæр предметтæй. Регулярон æгъдауæй уагъд цæуынц гом уроктæ, фæлтæрд ахуыргæнджытæ кæддæриддæр æххуыс кæнынц æрыгон ахуыргæнджытæн. Скъолайы уæвынад кæны сывæллæтты рæвдауæндон æмæ нывгæнæн скъоластуди, стæй ма фæдаргъдæргонд боны къорд æмæ сæ куыст æмæ архайдæй рухс кæны зæрдæ. Хорз бацæттæ кодтой æмæ дзы уагъд æрцыд алыгъуызон мадзæлттæ. Ахуыр-хъомыладон куысты ма æнтыстытæ ис Сатихъар, Арцеу, Хелцуа æмæ æндæртæн дæр. Иумиагæй зæгъын хъæуы уый, æмæ районы алы скъолайы дæр цъус сты, иттæг хæрзтыл чи ахуыр кæны, уыцы ахуыргæнинæгтæ, фылдæр та сты, рæстæмбис нысæнттæ чи иста, уыдон æмæ уыцы згъуыдæн сæ дарддæры куысты хъæудзæн кæрон скæнын.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.