29-æм февралы стыр спортивон бæрæгбон уыд Дзауы районы Цъоны хъæуы. Уырдæм æрæмбырд сты, спорты зымæгон хуызтæ чи уарзы, уыдон.

Ам уагъд æрцыд Дзауы районы гом турнир лыжæтыл æмæ сноубордыл бырынæй. Ерыстæ уагъд æрцыдысты, лыжæтыл бырыны тыххæй цы трассæ арæзт æрцыд, уым. Йæ дæргъ у 900 метры бæрц. Турнир фыццаг хатт уагъд æрцыд хистæр кары адæмы ‘хсæн. Хайад дзы райстой 31 спортсмены. Уыдон уыдысты куыд республикæйы районтæй, афтæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ. Сæ цæттæдзинад ма дзы фæлвæрдтой 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ дæр. Ерыстæм бакæсынмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Президенты æххуысгæнæг Касаты Ацæмæз, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæт, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Хуыбиаты Владимир æмæ æндæртæ.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн арфæ ракодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

Ерысты хайадисджытæн ма спортивон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

Æрæмбырдуæвджытæн музыкалон лæвар сарæзтой Хуыцъейы Культурæйы хæдзары вокалон къорд «Нартæ».

Уый фæстæ райдыдтой ерыстæ. Фыццаг уал ерыс кодтой лыжæтыл бырынæй чызджытæ. Ам фыццаг бынат бацахста Цхуырбаты Олеся, дыккаг ссис  Наталья Сазонова æмæ æртыккаг та – Дзеранты Медея.

Дарддæр трассæмæ рахызтысты нæлгоймæгтæ. Ацы дисциплинæйы архайдтой 23 адæймаджы. Уыдонæй иууыл цырддæр разынд Инал Захаров, дыккаг ссис Зассеты Сергей æмæ æртыккаг бынат та фæцис Тедеты Ацæмæзы. Нæлгоймæгты ‘хсæн сноубордыл бырынæй сыгъзæрин майдан рамбылдта Илья Гамзалес. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ та адих кодтой Тедеты Родион æмæ Андрей Фименко.

Кæронбæттæны ерыс кодтой чызджытæ сноубордыл бырынæй. Ам та иууыл цæттæдæр разынд Козаты Ланæ, дыккаг бынат бацахста Тедеты Роксанæ æмæ бронзæйон призер та ссис Елбачиты Дианæ.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ кады грамотæтæй. Дунеон бахыгъдон бангы правленийы сæргълæууæг Вадим Шадян та сæ схорзæхджын кодта æхцайы премитæй.

Кады грамотæ лæвæрд æрцыд ерысты иууыл æвзонгдæр хайадисæг Алексей Сазоновæн. Уæлахизмæ тырнындзинады тыххæй та  Кады грамотæйæ хорзæхджын  æрцыд Багаты Инал.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.