Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ацы къуыри уагъд æрцыд экономикон фарстаты фæдыл семинар. Уагъта йæ социалон æмæ экономикон иртæстыты хайады сæргълæууæг, экономикон зонæдты кандидат Къæбысты Мария.

Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты инженерон-экономикон хайады доцент, бирæ чингуыты автор экономикæйæ, доцент Тыбылты Азæ, хъæууонхæдзарадон зонæдты кандидат Хъæцмæзты Джони, ЗИИ-йы бæрнон кусджытæ Гаглойты Зæлинæ, Бекъойты Сослан, Дзабиты  Славик æмæ мыддардгкуыстгæнæг Тедеты Роланд.

Семинары сæйраг темæ уыд – «Зонад æмæ практикон æгъдауæй адæмы баиу кæнын».

«Абон уагъд цы семинар æрцæудзæн, уый хуымæтæг нæу. Зонад-иртасæн институты традицион семинартæ арæх æрцæуы уагъд. Уыдон фæстиуæгджын вæййынц, фæлæ ныр цы семинар ауадздзыстæм, уый у ногдзинад. Нæ хайады кусы фараст адæймаджы, уыдон активонæй архайынц зонады фадыджы, сæ куыстытæ мыхуыры рацæуынц Урæсейы зонадон журналты. Афтæ ма хуынд æрцæуынц зонадон-практикон конференцитæм. Зæгъинæгтæ сæм бирæ ис æмæ мæ фæнды, цæмæй журналистты фæрцы уыдонæн сæ хъæлæс фехъусой нæ республикæйы цæрджытæ. Абон цы фарстатыл дзурдзыстæм, уый у зонадон иртæсты траекторийы раст фæндаг», – дзырдта Къæбысты Мария.

Уый ма загъта, зæгъгæ, официалонæй хъæууон хæдзарад нымад цæуы нæ республикæйы экономикæйы сæйраг рахæцæныл. Уыдон та азæй-азмæ, ЗИИ-йы цы зонæнтæ ис, уымæ гæсгæ цæуынц бынмæ. Аграрон сектор сæндидзын хъæуы. Йæ разы цы ныхдуртæ ис, цавæр къахдзæфтæ саразын хъæуы, цæмæй раздæрау адæм кусын бауарзой. Къæбысты Марияйы хъуыдымæ гæсгæ республикæйы кусынæн цы бæзгæ зæххытæ ис, уыдонæй алы квадратон метр дæр хъуамæ цæуа куыстгонд. Суанг ма хъæдты цы дыргътæ зайы, уыдонæй дæр хъуамæ цæуа пайдагонд. Уый тыххæй та бакусын хъæуы ахæм программæйыл, куыд «Хъæууон территориты рæзт», «Хъæуы социалон рæзт» æмæ «Æрыгон бинонтæн æххуыс». Кæд бакусæм æвзонг бинонты хъæумæ арвитыны програм-мæйыл, уæд нæ бон бауадзæн хъæууон хæдзарад сæндидзын кæнын.

Семинары иннæ архайджытæ дæр дзырдтой сæ хъуыдытæ:

«Ацы фембæлды нысан у, цæмæй кæрæдзимæ байхъусæм æмæ алчи дæр ацы ахсджиаг фарсты фæдыл зæгъа йæ хъуыдытæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ халсар æмæ дыргъгуыст хъæууон хæдзарады иннæ къабæзтæй бирæ пайдадæр у. Уымæн æвдисæн – Краснодары край. Раздæр уыдон нæмыгон культурæтæ тыдтой, фæлæ ныр фылдæр рахызтысты дыргъгуыстмæ. Нæмыгон культурæтæ тауын дæр хорз у, фæлæ стæй сæ мæнæу цы фæкæной, уый нал фæзонынц фермертæ. Хойраджы куыстуат нæм куы уаид, уæд уый стыр ахъаз уаид арендаторæн. Бынæттон хойрагæй конд кæрдзын та адæм хуыздæр æлхæниккой. Уымæн æмæ æмбариккой, бынæттон хойраг экологион æгъдауæй сыгъдæг кæй у», – дзырдта Дзабиты Славик.

Хъæуы æхсыры завод æмæ дзидзагуыстгæнæн комбинат бакæнын дæр.

Фылдæр æхсырæрдыгъды тыххæй та дзырд цыд, зæгъгæ, раздæр уый рентабелондæр уыд, уымæн æмæ фосæн цæттæ цыд алыгъуызон холлæгтæ, уыцы нымæцы – цæхæра. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсырæрдыгъд дæр бæрзонддæр уымæн уыд. Ныр фос дарынц, фæлæ сын цъæх кæрдæг æмæ холлагæй дарддæр ницы хæрын кæнынц. Хæрын та сын хъæуы, æппынкъаддæр, авд компоненты.

Семинары дзырд цыд, ома, Хицауады ‘рдыгæй хъуамæ арæзт æрцæуа исты ахæм системæ, цæ-мæй хъæумæ ацæуа фылдæр æрыгон бинонтæ, уый тыххæй та, дам, саразын хъæуы сæрмагонд программæ. Цæмæй фылдæр æвзæнгтæ тырной хъæумæ, уый тыххæй сын саразын хъæуы хæдзæрттæ æмæ уавæртæ. Стæй ма цы продукци кæной, уый реализаци хъуамæ цæуа Хицауады æххуысæй. Дзырд ма цыд, алы хъæуы дæр кæй хъуамæ уа куырой. Уыдис, дам, ахæм рæстæг, æмæ нæхи мæнæу куы ссадтам æмæ уыцы кæрдзын куы хордтам.

Æрæмбырдуæвджытæ ма дзырдтой, ныртæккæ республикæйы дзидзагуыстгæнæн комбинат кæй нæ кусы, ууыл дæр. Уый, дам, куыннæ куса, уæд фосдард райтынг кæныныл дæр ничи архайдзæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.