Æрæджы Президент Тыбылты Леонид йæ къух æрфыста республикæйы ном раивыны нысанæн референдум ауадзыны тыххæй Барамындыл.

Президенты ацы Барамынды тыххæй сæ хъуыды та загътой нæ горæты цæрджытæ:

ТАДТАТЫ Р., службæгæнæг: «Æз афтæ нымайын, æмæ Президенты ацы къахдзæф у æппæт ирон адæмы фæндон. Ацы Барамындмæ куыдфæндыйы цæстæй ничи кæсы. Мæнмæ гæсгæ, алы ирон дæр рахæцдзæн историон рæстдзинады фарс.

Ацы фæндон æз ахсджиагыл нымайын, уымæн æмæ æнусты дæргъы ирон адæм бæллыдысты сæ раздæры хъомысджын паддзахад Алани сæндидзын кæнынмæ, кæцы уæвынад кодта XIV æнусы онг. Ахсджиаг ма у уый тыххæй дæр, æмæ фæстаг рæстæджы аланты кадæй спайда кæнынмæ æрæвнæлдтой мæхъæлæттæ. Уыдон сæхи хонынц аланты байзæттаг, æгæрыстæмæй, сæ горæт Магасы дæр сарæзтой «Аланты дуæрттæ» æмæ «Аланты фæзуат». Æвæццæгæн уыдон нæ ахъуыды кодтой, алантæн сæ паддзахад Ирыстоны ныры арæнтæй бирæ уæрæхдæр кæй уыд æмæ алантæ сæ территорийыл дæр кæй цардысты, фæлæ мæхъæлæттæ кæй нæ уыдысты.

Президент референдум 9 апрелы ауадзын кæй сфæнд кодта, уый дæр йæ куырыхондзинад æмæ хæдзардзиныл дзурæг у, уымæн æмæ президентон æвзæрстытæ æмæ референдум хицæнтæй ауадзынæн бирæ фæрæзтæ хъæуы.

Тыбылты Леонид куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны адæм сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл сæ хъæбатыр тохæй сбæлвырд кодтой, сæ паддзахад «Алани» схоныны аккаг кæй у, уый.

Мæн ныфс ис, æмæ нæ адæм схъæлæс кæндзысты ацы фæндоны пайдайæн».

 

ТЕДЕТЫ А., амалиуæггæнæг: «Тынг æхсызгон мын уыд Президент Тыбылты Леониды уынаффæ Хуссар Ирыстоны ном «Паддзахад Аланимæ» раивын референдуммæ рахæссыны тыххæй. Раст зæгъгæйæ, рагæй йæм æнхъæлмæ кастæн.

Президент раст фæндон рахаста, нæ бæстæ дывæр ном кæй хæсдзæн «Республикæ Хуссар Ирыстон –  паддзахад Алани», уый тыххæй дæр. Уымæн æмæ дунейыл ай-хъуыстыстæм «Республикæ Хуссар Ирыстон»-æй, нæ хъæбатыр адæм дæр уыцы номимæ тох кодтой сæ сæрибардзинадыл, нæ хæдбардзинад дæр уыцы номæй æрцыд нымад, æмæ уыцы ном куынæ бахъахъхъæнæм, уæд ферох уыдзæн нæ Фыдыбæстæйы хъæбатыр историйæ.

Æппæт ахсджиаг фарстатæ дæр адæм аскъуыддзаг кæнынц, æмæ мæ уырны, ацы хатт дæр та нæ адæм равдисдзысты сæ куырыхондзинад, æмæ нæ паддзахады историон номы пайдайæн сæ фæндон зæгъдзысты 9 апрелы».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.