10 апрелы райсомæй Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ фехъусын кодта президентон æвзæрстыты æмæ референдумы тыххæй развæлгъау бæрæггæнæнтæ. Уый куыд загъта, афтæмæй 11 сахатмæ бакуыст æрцыдысты æвзарæн фадгуыты бæрæггæнæнтæ, Дзауы районы æмæ Цæгат Ирыстоны цы æртæ æвзарæн фадыджы ис, уыдоны йедтæмæ.

Суагъæты бæрæггæнæнтæм гæсгæ Бибылты Анатоли райста 57,98 проценты, Гаглойты Алан – 11,1  проценты æмæ Тыбылты Леонид та – 30 проценты.  Алкæй ныхмæ хъæлæстæ уыдысты 1,52 проценты.

Æвзарæн къамисы сæрдар фехъусын кодта референдумы бæрæггæнæнтæ дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйæн йæ историон ном раздахыны тыххæй хъæлæс радтой æвзарджыты 78 проценты. Йæ ныхмæ чи схъæлæс кодта, уыдон та уыдысты 20 проценты.

Йæ ныхасы кæрон Плиты Беллæ фехъусын кодта, зæгъгæ, бæлвырддæр бæрæггæнæнтæ фехъусын кæндзысты фондз бонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.