Фæстиуджытæ саразыны фæдыл РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы рабадты кæронбæттæн зонæнтæм гæсгæ республикæйы æвзæрст Президентыл нымад æрцыд Бибылты Анатоли, хъæлæсты 54,8 %  æрæмбырд кæнгæйæ. Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты æвзæрстыты зонæнтимæ базонгæ кодта Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ. Уый ма афтæ банысан кодта, зæгъгæ, ног сæвзæрст Президенты инаугураци уыдзæнис 22 апрелы.

Республикæйы президентон æвзæрстытæ нымад æрцыдысты.

ЦÆК-ы сæрдар фехъусын кодта референдумы фæдыл хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæ дæр. Плиты чызджы ныхæстæм гæсгæ бæстæйы историон ном раздахыны тыххæй хъæлæс радтой республикæйы цæрджыты 80 %, уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы дыууæ ном дæр сты æмнысанон.

Плиты Беллæйы ныхæстæм гæсгæ æвзæрстытæм æрбацыдысты æвзарджытæн сæ 79,6 %.

«Бибылты Анатолийы тыххæй сæ хъæлæстæ радтой 17 мин 736 æвзарæджы, Тыбылты Леониды тыххæй  – 10 мин 909 æвзарæджы æмæ Гаглойты Аланы тыххæй та – 3 мин 291 æвзарæджы. Æппæт кандидатты ныхмæ схъæлæс кодтой 429 æвзарæджы», – загъта ЦÆК-ы сæрдар Плиты Беллæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.