Йæ куыст кæронмæ фæхæццæ кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æв-зæрстыты æмæ бæстæйы историон ном раздахыны тыххæй референдум ауадзыны фæдыл Централон æвзарæн къамисæн.

РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры æвзæрс-тыты агъоммæ пресс-конференци уагъд æрцыд Æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæйæн бынæттон информацион фæрæзты минæвæрттимæ. Уый куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Централон æвзарæн къамис æх-хæстæй цæттæ у æвзæрстытæм.

«Централон æвзарæн къамис йæ куыст бакодта. Президентон æвзæрстытæ æмæ референдум ауадзыны фæдыл нæ республикæйы территорийыл байгом уыдзæн 72 æвза-рæн фадыджы. Фондз та Хуссар Ирыстонæн æддейæ – Мæскуыйы, Абхазы æмæ æртæ Цæгат Ирыстоны. Уыцы æвзарæн фадгуытæ ифтонг сты æмæнæгхъæуæг фæрæзтæй æмæ цæттæ сты æвзарджыты райсынмæ. Æвзæрстыты бон æвзарджытæн райсомы аст сахатæй изæры аст сахатмæ фадат ис, цæмæй бацæуой æмæ сæххæст кæной сæ æмбæстагон хæс. Æвзарджытæ хъæлæс кæндзысты дыууæ бюллетенмæ гæсгæ, иу референдумы тыххæй æмæ дыккаг та республикæйы Президент равзарыны фæдыл», – банысан кодта Беллæ.

Информацион фæрæзтæн ма радзырдта, æвзарæн фадыгмæ æрбацæуыны фадат кæмæн нæй, уыдон цы уавæрты хъæлæс кæндзысты, уый тыххæй.

«Æвзарæн фадыгæн æддейæ сæ æмбæстагон хæс бафидыны фадат уыдзæн ахæм æмбæстæгтæн, кæцытæ бæрæг аххосагмæ гæсгæ, фылдæр сæ æнæниздзинад йæ уагыл кæмæн нæу, ахæмтæ. Ахæм уавæрты æвзарæн къамисы æвзæрстыты боны 4 сахатмæ исы ныхас кæнæ фыстæй хъусынгæнинæгтæ ахæм æмбæстæгты тыххæй, кæцытæн фадат нæй æвзарæн фадыгмæ æрбацæуынæн. 4 сахатæй фæстæмæ фадыгон къамисы дыууæ уæнджы иу кандидаты минæваримæ иумæ, кæцыйæн ис бюллетеныл къухфыссыны бар, цæуынц æвзарæгмæ, æмæ бынаты уадзынц хъæлæс кæныны процедурæ», – радзырдта Æвзарæн къамисы сæрдар.

Уымæй дарддæр ма уый банысан кодта, зæгъгæ, цалынмæ ацы процедурæ нæ саразынц фадыгон къамис, уæдмæ сбæрæг чындæуы бæрæг æмбæстагæн йæ бон цæмæннæ у æвзарæн фадыгмæ æрбацæуын, уый.

Куыд зонæм, афтæмæй кæцыфæнды æвзæрстыты дæр ахсджиаг бынат ис дунеон цæстдарджытæн. Президентон æвзæрстытæ æмæ референдум ауадзыны рæстæджы Хуссар Ирыстонмæ цы цæстдарджытæ цæуынц, уыдон аккредитаци райсдзысты Централон æвзарæн къамисы, æмæ сын уый фæстæ фадат уыдзæн æвзæрстытæ куыд уагъд цæуынц, уымæ хъус дарынæн.

Æвзарæн къамисы сæрдар куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыдон уыдзысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советæй, УФ-йы Централон æвзарæн къамисæй, Цæгат Ирыстонæй, Хæххон Хъарабахæй, Абхазæй, Приднестроваг-Молдоваг Республикæйæ, Донецк æмæ Луганскæй. Дунеон цæстдарджытæн фадат уыдзæн бабæрæг кæной Цæгат Ирыстон-Аланийы æвзарæн фадгуытæ дæр, уымæн æмæ уыдон дæр сты нæ фадгуытæ.

Плиты Беллæ ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хъæлæс кæныны бон æвзарæн фадгуыты æнæмæнгдæр хайад райсдзысты кандидатты минæвæрттæ, бюллетеныл къух фыссыны бар кæмæн ис, уыдон.

Цæгат Ирыстоны æртæ æвзарæн фадыгмæ æрвыст æрцыд 6 мин бюллетены. Уæрæсейы Федерацийы цы æвзарæн фадыг ис, уырдæм та 500, Сухуммæ та – 50.

Дзырд цыд, алы æвзарæджы æмбæстаг бæлвырдгæнæг гоймаджы документыл хъæлæс кæныны рæстæджы цы мыхуыр æвæрд цæуы, уый сконд раивыныл. Уый тыххæй Плиты Беллæ афтæ радзырдта, зæгъгæ, къамисы рабадты æркастысты ацы фарстмæ, ома, мыхуыр æвæрд цæуы штемпелон ахорæнæй æмæ йæ тушæй раивæм, кандидаттæй иуы фæндонмæ гæсгæ.

«Штемпелон ахорæнæй пайда цæуы кæмфæнды дæр мыхуыр æрæвæрынæн. Æвзарæн къамисмæ цы фæндон æвдыст æрцыд, ома, ахорæн тушæй раивын – уый фæдыл мах бахатыдыстæм химийы специалистмæ, цахæм буарадтæй гæнæн ис æмæ сисай штемпелон ахорæны мыхуыр. Уымæн æмæ нæм уый тых-хæй æрбахатыдысты йæ раивынмæ, зæгъгæ, паспорты мыхуыр уыцы ахорæнæй æнцон сисæн у.

Химийы специалист нын куыд загъта, уымæ гæсгæ штемпелон ахорæн ницæмæй сисæн нæй. Уый нæ, фæлæ ма нын цы тушæй пайда кæнын кæнынц, уый хус кæны тынг рæгмæ æмæ хæрзвадат нæу пайда кæнынæн», – дзырдта Беллæ.

Æвзæрстыты агъоммæ бирæ дзырд цæуы фальсификациты гæнæнтыл. Уый тыххæй Æвзарæн къамисы сæрдар банысан кодта, æвзарæн фадгуыты фальсификаци аразынæн æппындæр кæй ницы уавæртæ ис, уый.

«Мах бюллетентæ ахæм хъуыддæгтæй сты хъахъхъæд. Бюллетены фæстаг фарс сæ къухтæ фыссынц кандидатты минæвæрттæ, галиу фарс къуымы та – æвзарæн фадыджы сæрдар æмæ Централон æвзарæн къамисы нымæрдар, кæцы фидар уыдзæн Централон æвзарæн къамисы мыхуырæй. Æвзарæджы æмбæстагдзинад æвдисæн документты – паспорты æвæрд æрцæудзæн мыхуыр, кæцы æвдисæг уыдзæн, æмбæстаг хайад кæй райста æвзæрстыты», – банысан кодта Плиты Беллæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ Æвзарæн къамисæн ныртæккæ ницы бындур ис тыхстдзинадæн, кæд æмæ бынат исты бархалæн цаутæн уа, уæд бæлвырд цæудзысты æвза-рæн фадгуыты.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ нæ æмбæс-тæгтæй бирæтæн ис, сæ рæстæг кæмæн аивгъуыдта, ахæм паспорттæ. Уыдон куыд хайад исдзысты æвзæрстыты, уый тыххæй фарстыл уынаффæ цыд Джиоты Муратимæ. Уый у паспорттæ дæттыны фæдыл сæрдар дæр. Æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм паспорты хицау иппæрд нæ цæуы æмбæстагдзинадæй æмæ йын ис æвзæрстыты хайад райсыны бар дæр. Централон æвзарæн къамис арвыстой фыстæг Джиоты Муратмæ æмæ æнхъæлмæ кæсынц дзуаппмæ.

Централон æвзарæн къамисæн æвзæрсыты бон йæ пресс-центр цы бынаты уыдзæн, уый фæдыл Плиты Беллæ афтæ радзырдта, зæгъгæ, пресс-центр кусдзæн нæ горæты Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы. Цы ифтонггæрзтæ сын уыд, уыдонæй цæудзæн пайда, æмæ ма самал кодтой уæлæмхас ифтонггæрзтæ, цæмæй информацион центр куса, иннæ азты куыд куыста, афтæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.