Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы фæдыл хъæлæс дæттыны фæстиуджыты тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 33 æмæ 34 статьятæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис Уынаффæ кæны:

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум нымад æрцæуæд.
  2. Нымад æрцæуæд референдумы хъæлæсдæтджыты фæндон ахæм фарсты фæдыл:

«Разы дæ æви нæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 1-æм статьяйы 1-аг пунктмæ ивындзинæдтæ бахæссыныл, ахæм редакцийæ равдисгæйæ:

«1. Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани – суверенон демократон барадон паддзахад, арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы хи сбæлвырд кæныны фæстиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Аланийы нæмттæ сты æмбар».

  1. 2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы хъæлæс дæттыны фæстиуджытæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы 2017 азы 12 апрелы суагъæ фидар æрцæуæд.
  2. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.
  3. Ацы Уынаффæ мыхуыр æрцæуæд дзыллон информацийы фæрæзты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Б. В.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Аулохты К.И.

г. Цхинвал, 2017 азы 12 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.