Не Стыр Райгуырæн бæстæ уæззау уавæры куы бахауд, уæд фæстæ нæ фæлæууыдысты Ирыстоны фырттæ дæр æмæ ивылдысты тохы быдырмæ. Цæвиттойнаг уыдысты ацы хъуыддаджы Къостайыхъæуы сагсур фæсивæд дæр. Уыдон хæрзбон дзырдтой сæ ныййарджытæн, сæ хиуæттæн æмæ тындзыдтой тохы быдырмæ. Алчи дæр дзы йæ хайбавæрд хаста не стыр Уæлахизмæ.

Хæсты фыццаг бонты хæстмæ фæцыдысты Гæбæраты, Гуццаты, Чысиаты, Лохты, Бигъуылаты, Хетæгкаты, Мамиты, Хацырты, Хуыбиаты, Саулохты, Гоцъиты æмæ иннæ мыггæгты сагсур лæппутæ. Хæстмæ фæцыдысты Тедеты Гиойы æртæ фырты – Ясон, Федя æмæ Гоги дæр æмæ знаджы ныхмæ тох кодтой хъæбатырæй. Хъыгагæн, уыдонæй иу дæр нал сæмбæлд йæ хæдзарыл, нал сыл бацин кодтой сæ ныййарджытæ æмæ сæ хиуæттæ, хъæубæстæ. Æфсымæрты хистæр Ясон хæсты рæстæджы ахауд Польшæйы зæхмæ æмæ партизантимæ тох кодта знæгты ныхмæ. Ясоны Польшæйы Адæмон Республикæйы хицауад схорзæхджын кодта иууыл уæлдæр хорзæх «Милитари Виртути»-йы орденæй. Поэт Асаты Реуаз та æфсымæртыл ныффыста æмдзæвгæ “Æз дæу Польшæйы агуырдтон».

Тохы быдырæй сæ фыдыуæзгуытыл нал сæмбæлдысты Гæбæраты Лаврент, Шаликъо æмæ Георги, Гуццаты Георги æмæ Раман, Лохты Иван æмæ Исидор, Хуыбиаты Тембол æмæ Григол, Хацырты Валодя æмæ Иосиф æмæ æндæртæ. Колхозы уæды сæрдар Джиоты Мелитон 1943 азы хæдтæхджыты эскадрилийы арæзтадæн радта æхца 105 000 сомы. Уый тыххæй Сæйрагкомандæгæнæг Сталин Мелитонмæ æрæрвыста арфæйы тел.

Фæстæ нæ лæууыдысты, уыцы карз æмæ уæззау рæстæджы фæсчъылдымы цы адæм фæллой кодтой, уыдон дæр. Куыстой колхозон быдыртæ æмæ фермæты, дыргъдæтты, сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуыты. Уыимæ сылгоймæгтæ хæстонтæн цæттæ кодтой хъарм дарæс, быдтой сын цъындатæ æмæ сæ æрвыстой фронтмæ. Архивон æрмæджытæй куыд бæрæг у, афтæмæй 1943-44-æм азты Хъызлары зымæгон хизæнуæттæм Цъунары колхоз аскъæрдта 3 730 фысы. Уыцы азты колхоз ставд фосдарды план нымæц сæххæст кодта 106 процентæй, хъуццытæ, галтæ æмæ бæхтæ дарыны план æххæст уыд фæйнæ 100 процентæй æмæ хуыдарды план та 110 процентæй.

Фæсхæст чи æрыздæхтысты тохы быдырæй, уыдон дарддæр фæллой кодтой хæдзарады æмæ сæ хайбавæрд хастой адæмон хæдзарад сæндидзын кæнынмæ. Уыдоны ‘хсæн уыдысты Мæлдзыгаты Михаил, Хуыбиаты Граф, Джиоты Ясон, Мамиты Уахтъанг, Чысиаты Уана, Хъабанты Леуан, Бигъуылаты Харитон, Мæлдзыгаты Амиран, Бекъойты Ефим æмæ æндæртæ.

                                                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.