Малиты Васойы райгуырдыл сæххæст 85 азы

 

Аивадмæ фыццаг къахдзæф чи ‘рбакæны, уымæн йæхи зæгъинæгтæ куы уа, йæ хъæлæс куы никæй хъæлæсимæ ивддзаг кæна, йæ дзырд адæммæ куы хъуыса, уæлдайдæр йæ фыццаг сныхасæй, уæд уый зæрдæзæгъгæ амонд у.

Раст ахæм дзырдаивады фарнæй хайджын фæцис зынгæ ирон поэт, прозаик, драматург æмæ тæлмацгæнæг Малиты Васо.

Малиты Геуæргийы фырт Васо райгуырд 1938 азы февралы мæйы Цæгат Ирыстоны Мостиздæхы хъæуы. Йæ сабибонтæ арвыста райгуырæн хъæуы. Уæззау уавæрты хъомыл кодта Васо. Стыр фыдыбæстæйон ‘хæст куы райдыдта, уæд ыл бæрцæй цыд æртæ азы. Уæды рæстæджы адæм иууылдæр мæгуыр æмæ тыхст уыдысты, фæлæ мæгуырты ‘хсæн вæййы ноджы мæгуырдæртæ. Йæ фыд Геуæрги уыдис стыр поэт, фыста зæрдæтæ агайæг æмдзæвгæтæ, поэмæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, куырдиатджын поэты Сыбыры хай фæуыдзæн æмæ уым æрцæудзæн йæ царды кæрон, уый нырма нæ зыдта Геуæрги. Цæй мидæг уыдис йæ аххос, уый абон дæр зын зæгъæн у. Васо скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд ахуыр кæнын райдыдта сæхи хъæууон скъолайы. Райдыдта, фæлæ кæд фырт фыды тыххæй нæу дзуапдæттæг, уæддæр æм кастысты джыгъиртт цæстæнгасæй. О, фæлæ куыд Васойæн, афтæ йæ бинонтæн дæр быхсын уыд сæ иууыл хуыздæр хос.

Ахæм уавæрты цæргæйæ, Васо каст фæцис астæуккаг скъола æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты. Йæ уацмыстæ периодикон мыхуыры арæхæй-арæхдæр зындысты æмæ йæ литературон  кусæгæй айста газет «Рæстдзинад»-ы редакци. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны телевизион студийы редактор.

Йæ куысты хъуыддæгтæ æвзæр нæ цыдысты. Цы коллективты куыста, уыдон æй уарзтой, аргъ æмæ йын кад кодтой, фæлæ фидæны фыссæгæн уыцы куыст æмæ æнтыстытæй йæ мидзæрдæ разы нæ уыд, æппынæдзух йæ зæрдæ дзырдта æмæ домдта литературæйы фылдæр æмæ хуыздæр зонындзинæдтæ. Æмæ уæд 1969-æм азы Малийы фырт рæстæгмæ ныууагъта, йæ бинонтæ дарæг куыст æмæ ацыд Мæскуымæ ахуырмæ М.Горькийы номыл литературон институтмæ. Зонгæ дæр дзы дзæвгар бакодта æмæ йæ уацмыстыл дæр хорзæрдæм бандæвта институты ахуыр.

Райдыдта Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад «Ир»-ы хистæр редакторæй кусын. Цалдæр чиныджы ныффыста.

Чиныгкæсджытæ йæ кæй бауарзтой, фысджытæ йыл се ‘ууæнк кæй бафтыдтой, уый тыххæй Васо 1987 азы нысан æрцыдис Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдарæй. Уæд йæ сæйрагдæр хæстæй иуыл нымадта дыгурон диалектыл аивадон-литературон æмæ æхсæнадон политикон периодикон журнал «Ирæф» саразын æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Журнал рухс федта 1991 азы. Йæхæдæг та ссис йæ сæйраг редактор.

Васо цы чингуытæ рауагъта, уыдонæй чиныгкæсджытæ уæлдай стырдæр аргъ скодтой «Гуыйман»-æн, цымыдисимæ кастысты йæ роман «Сурмейы хæдзар» дæр.

Уæлдæр куыд банысан кодтам, уымæ гæсгæ Васомæ дзырдаивады тых æнæнхъæлæджы не ‘рхаудта. Йæ фыд Малиты Геуæрги дыгурон диалектыл поэзийы зæрингуырд уыдис. Куырыхон Абайты Васо Геуæргийы тыххæй иу рæстæджы афтæ загъта: «именно Малиев, и только он, сумел раскрыть и показать во всей полноте, какие красоты ритма, напевности, свободного и плавного течения таит в себе дигорская речь».

Васойы поэзийы авналæнтæ дардыл, алыгъуызон сты. Рæстдзинад æмæ сæ уарзт исы бæрзонд. Йе ‘мдзæвгæйы лирикон хъайтар хуымгæнæг æнæхъуаджы æфхæрд кæй райста, уый тыххæй Васо фыссы:

Сау лæппумæ азымхæсгæ

Тар æрфыгæй ма кæс,

Рагвæззæджы рагуазæлттау

Сонт зæрдæйы сагъæс.

Йæ ацы хъуыдытæ ма фæстæдæр баххæст кодта мæнæ ахæм дзырдтæй, зæгъгæ, мæн алы хатт дæр фæнды мæ адæмы сыгъдæг æмæ рæсугъд уд равдисын.

Кæй зæрдæмæ нæ бахиздзысты Васо уарзтыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон. Уыдонæй сæ иуы афтæ зæгъы:

Сыгъдæг, æууæнк æмæ дызæрдыг –

Куыройы зилгæ фыдты ‘хсæн

Ныххауд дæ рагбæллиц – дæ фæрдыг

Мыггагæн уагъд хоры хуызæн.

 

Æмæ мæгуыр лæджы хуым гæппæл

Куыд риссы карз ихы фæстæ,

Гъе афтæ де ‘взонг зæрдæ стæппал

Æнæном цин æмæ мæстæй.

Васойæн йæ прозæ æмæ пьесæтæ дæр сты цыргъзонд, уыдоны дæр ныхас  цæуы уарзт æмæ рæстдзинадыл, фæлæ бирæ литературон критиктæ куыд банымадтой, афтæмæй Васо уæзгæдæр фæд ныууагъта поэзийы.

Васомæ нырма бирæ хорз фæндтæ æмæ хъуыдытæ уыдис, нæ бафсæст йæ раддæг адæмæн балæггад кæнынæй, фæлæ уыцы фæндтæ æмæ тырнындзинæдтæй тыхджындæр разындис низ, уымæй тыхджындæр та мæлæт æмæ 2017 азы фæззæджы, не ‘хсæнæй фæхъуыд.

                                                                     Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ГÆЗЗАТЫ Иван

       

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.