Адæймаг йæ сæрибар рæстæг æрвитгæйæ, æхцондзинад цы бынæтты райсы, уыдонмæ хауынц цæдтæ дæр. Афæдзы кæцыфæнды рæстæджы дæр дзы фæисы æхцондзинад. Æрлæууыдтæ йæ былгæрон æмæ цæст йæ уындæй атонын нал фæкомы. Цъæх-цъæхид сыгъдæг дон хуры тынтæм тæмæнтæ калы, хатт та йыл рог уддзæф йæ базыртæ æрбасæрфы æмæ уылæнтæ кæрæдзийы сурæгау фæкæнынц. Афтæ кæй у, уымæн æрбахоны йæхимæ, зæрдæйы фæндиаг йæ былыл аулæфын  кæй бафæнды, уыцы æмбæстæгты.

Ахæм у Цхинвалы районы Къостайыхъæумæ æввахс цы цад ис, уый дæр. Рагæй фæстæмæ йæм цæуынц адæм сæ фæллад суадзынмæ, зæрдæйы фæндиаг атезгъо кæнынмæ æмæ сæйрагдæр та доны аленчытæ кæнынмæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ ацы цад, хъыгагæн, йæ раздæры хуыз ивта мæгуырауæрдæм, уыд антисанитарон уавæры. Уый та æнæбафиппайгæ нæ фæци Знауыры районы Тедеты хъæуккаг Тедеты Тамаз. Ацы бынат банывыл кæнын æмæ æрбацæуæг адæмæн сæ фæллад суадзынæн хуыздæр уавæртæ саразын рагæй уыд йæ хъуыдыйы Тедейы фыртæн. Уый йæ фæнд бамбарын кодта йæ фыд Васяйæн æмæ уый дæр иттæг зæрдийæ балæууыд йе ‘нцой. Фыццаджыдæр кусын райдыдтой йæ хæрзарæзтадыл, алыхуызон къутæртæ æмæ брæттæй йын ссыгъдæг кодтой йæ алыварс территори, аластой дзы 4 хæдтулгæйы дзаг брæттæ. Уыд дзы цалдæр хуызы дыргъбæлæстæ, уыдонмæ та базылдысты, стæй ма дзы ноджыдæр ныссагътой бæрз, чъерами æмæ æндæр дыргъбæлæсты мыггæгтæ.

Нæ сæ ферох сты, цады цы цалдæр хуызы кæсæгтæ ис, уыдон дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ , уыдон доны сæхицæн амал кæнынц хæлц, фæлæ сын уæддæр рæстæгæй-рæстæгмæ сæхæдæг дæр радтынц хæринаг. Хъæздыг у ацы цады алыварс территори мæргътæй дæр. Æвæдза, куыд æхсызгон вæййы зæрдæйæн, дард балцæй куы æртæхынц хърихъуппытæ, æндæр мæргътæ. Ацы цады арæх фенæн вæййы кæсаглас, доны хъазтæ æмæ æндæр мæргътæн. Зæгъын хъæуы, 2018 азæй фæстæмæ, ома, цад Тедеты бинонтæ куы райстой, уæдæй фæстæмæ, дзы нал ис бынат браконьертæн æмæ æрмæст уымæй дæр сты  раппæлыны аккаг. Сæ архайды сын баххуыс кæны нæ республикæйы геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты сæрдар Бестауты Бала æмæ йын фæзæгъынц бузныг.

Тедеты бинонтæй рох не сты, ардæм чи æрбацæуынц, уыцы адæм дæр æмæ сын аразынц уавæртæ, цæмæй сæ кæддæриддæр здæхой райгондæй. Цады былгæрон сты, Къуыдаргомæй кæй æрластой, ахæм къæйдуртæ æмæ сæ æрбацæуджытæ куы фенынц, уæд сыл тынг фæцин кæнынц, сæхи сæм баввахс кæнынц, уæлдайдæр та бинонтæ, кæнæ æмбæлтты къорд æмæ сæ цуры сисынц сæ къамтæ. Ис дзы, доны велосипедтæ кæй хонынц, ахæмтæ æртæ иуæджы, сты æртæбынатонтæ. Кæй бафæнды, уыдон фæтезгъо кæнынц доны тыгъдады. Зымæгон рæстæджы та, иугæр доны уæлцъар куы ныййих вæййы, уæд дзы фæбырынц къахдзоныгътыл. Ис сæм æмæ ноджыдæр самал кæндзысты, сæрдыгон рæстæджы æмбæстæгтæ сæхи цæмæй аирхæфсой, ахæм хъазæнтæ æмæ спортивон инвентарь дæр. Ам сын ис сæхи чысыл хæдзарад дæр. Дарынц кæрчытæ, хъазтæ, тæрхъустæ æмæ æрбацæуæг уазджытæн балæггад кæнынц сæ фыдæй. Афтæ æмæ сæхи къухты фæллойæ цы улæфæн хæдзар сарæзтой, уым сæ фæллад суадзынæй дарддæр ма бакæнынц сихор дæр. Цæмæй ардæм æрбацæуджытæ сæ дойны басæттой, уый тыххæй дзы ис цъай.

Бирæ хорз фæндтæ æмæ хъуыдытæ ис ноджыдæр Тедеты бинонтæм æмбæстæгты хæрзиуæгæн æмæ сын бантысæд сæ сæххæст кæнын.

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.