Инвестицион программæйы фæлгæтты нæ горæты ацы азы арæзт æрцæудзæн 11 уынджы. Уыдон сæ хæрзарæзтæй адæймаджы цæстæнгас здахынц сæхимæ.

Къаддæр циндзинад нæ хæссы Гуфта-Къуайсайы фæндаг. Уым фæндаджы арæзтадон куыстытæ райдыдтой ацы аз апрелы мæйы. Фæндаг азы кæронмæ хъуамæ арæзт фæуыдаид Уæллаг Хъемултамæ. Фæндаджы иннæ æрдæгмæ, ома, суанг Къуайсайы онг бавналдзысты 2017 азы.

Ацы аз «Дорэкспострой»-æн Гуфта-Къуайсайы автотрассæйы аразыны хæс цы уыд, уый ныридæгæн у фæуынхъус. Æдæппæт бакæнгæ куыстыты дæргъ у 13 километры. Ацы арæзтадæн цы æхцайы фæрæзтæ хицæн æрцæудзæнис, уыдон та сты сметæмæ гæсгæ 546 милуан сомы.

Ныртæккæ ацы фæндаг Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг у асфальт, фæлæ цалынмæ асфальтгæнæн куыстытæм нæ бавнæлдтой, уæдмæ уым æрцыд егъау куыстытæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, цалынмæ ацы куыстытæм Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты дæлбар организаци «Дорэкспострой»-мæ лæвæрд не ‘рцыд 2012 азы, уæдмæ дзы архайдта цæгатирыстойнаг фирмæ «МАРС-Р». Хъыгагæн, уыдон сæ куыст гъæдджынæй нæ бакодтой æмæ уымæ гæсгæ лæвæрд æрцыд «Дорэкспострой»-мæ. Фыццаг кварталы сын аразын цы бантыст, уый егъау æмæ ахсджиаг куыст уыд. Фæндаг бирæ рæтты æрлæбырд æмæ фæнарæгдæр ис. Уыцы бынæтты фæтæндæр кæнынц, стæй йæ уый фæстæ слæгъз кæнынц. Фæндаджы кæрæтты скъахтой, къæвдайы дон кæдæм хъуамæ лæдæрса, ахæм къанаутæ. Раздæр фæндаджы цы донуадзæнтæ уыд, уыдонæн сæ фылдæр йедзаг уыдысты цъыфæй, уыдон дæр æрцыдысты сыгъдæг уыцы-иу рæстæджы. Объектыл æмткæй арæзт æрцыд фондз хиды.

Арæзтады дыккаг этапы фæндагыл æвæрд цыд асфальты цъар. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй цалынмæ ам куыстытæм «Дорэкспострой» æрæвнæлдта, уæдмæ ам цы арæзтадон компани куыста, уый фæндаджы иу хайыл, 4 километры бæрц, сæвæрдта асфальт, фæлæ нæ уыд гъæдджын арæзт æмæ уайтагъд фæстæмæ скалд. Уыцы хай дæр фæстæмæ ногæй æрцыд асфальтгонд.

Ам арæзтадон куыстытæ цы кусджытæ æххæст кæнынц, уыдонæн сæ нымæц у 20 адæймаджы бæрц. Техникон фæрæзтæй сты ифтонг. Хуыцъейы хъæуы цы асфальтуадзæн завод кусы, уый фаг кæны канд Гуфта-Хъемултайы фæндагæн нæ, фæлæ ма горæты цы фæндæгтæ арæзт цæуынц, уыдонæн дæр. Гуфта-Хъемултайы фæндагыл уæвгæйæ ныхас кодтам кусджытимæ. Кусджытæ иууылдæр сты бынæттон цæрджытæ, архайынц æнæзæрдæхудтæй. Кусынц улæфт бонты дæр, райсомы 8 сахатæй – изæрдалынгтæм.

«Иууылдæр хорз æмбарæм, ацы автотрассæйæн республикæйы столицæ æмæ Къуыдаргомы хъæутимæ бастдзинады хъуыддаджы стыр нысаниуæг кæй ис», – зæгъынц кусджытæ.

Ам ма нын куыд загътой, афтæ-мæй кусджыты иннæ хай та кусы Карзман-Синагуры фæндагыл. Уый дæр хаст уыд 2015 азы Инвестпрограммæмæ. Раздæр ам цы фæндаг уыд Ерцъойæ Синагурмæ, уый уыд бынтон æдзæллаг уавæры. Фæндаджы дæргъ уыд 10 километр æмæ 800 метры. Куыд æндæр арæнгæрон хъæутæ, афтæ Карзман æмæ Синагурмæ æввахс хъæуты цæрджытæн дæр æдас нæ уыд 2008 азмæ ам цæрынæн. Уымæ гæсгæ сафтид сты хъæутæ. Карзманы чи цæры, уыдонæн та сæ фылдæр сты гуырдзиæгтæ. Фæндаджы арæзтадæн йæ сæйраг нысан у арæнхъахъхъæнджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Фæлæ бынæттон адæм дæр сты райгонд æмæ æгæрыстæмæй æрбалæууынц аразджыты уæлхъус.

Ацы фæндаг асфальт нæ уыдзæн, фæлæ нымад уыдзæн фæндзæм категорийы арæзтæрцæуæг фæндагыл.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.