РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусджытæ беседæтæ уадзынц республикæйы иумиагахуырадон уагдæтты ахæм темæйыл – «Моралон-хæрзæгъдауон хъомылад æмæ антиæхсæнадон цард кæныны фæстиуджытæ», – зæгъгæ, – хъусын кæны министрады пресс-службæ.

Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспектор Гаглойты Элинæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ беседæтæ сты – æнахъомты ‘хсæн барадон фæтк халыны æмæ антиæхсæнадон архайдтыты æнæхъусдарддзинад фæдзæхсыны методтæй иу.

«Мах беседæтæ уадзæм горæт Цхинвалы 10-æм æмæ 11-æм скъолаты кæстæр кълæсты. Ахуырдзауты кæстæр контингент æнæнхъæлæджы æвзæрст не ‘рцыд. Хъомыладон куыст кæнын хъæуы чысылæй фæстæмæ. Сывæллон гæнæн ис ахъуыды кæна йæ архайдтыты фæстиуджытыл, куы йын фенын кæнæм æмæ радзурæм,  иу кæнæ иннæ æвзæр ми саразгæйæ  йæм цы æнхъæлмæ кæсы, уыдæтты тыххæй, уæд. Афтæмæй сæ бафæдзæхсæм æнæахъуыдыгонд архайдтыты тæссагдзинæдты тыххæй», – радзырдта Гаглойты Элинæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, инспекторы сæйраг хæс у сывæллæтты ‘рдыгæй барадон фæтк фехалын ма бауадзын æмæ сын ацы хъуыддаджы баххуыс кæнын. Инспектортæ ахуырдзаутæн æмбарын кæнынц, æхсæнадон бынæтты хи куыд дарын хъæуы,  скъолайы дисциплинæ æмæ фæтк хъахъхъæныны тых-хæй, бафæдзæхсынц сæ, саразгæ фыдракæнддзинады тыххæй æнахъомты уголовон бæрндзинадмæ 14-аздзыдæй кæй æркæнынц, уый тыххæй.

«Барæй саразгæ фыдракæндты, давыны цауты, вандализм æмæ фыдракæндты æндæр хуызты тыххæй æнахъомты уголовон бæрндзинадмæ æркæнынц 14 азæй фæстæмæ. Æххæст бæрндзинад та сын райдайы 16 азæй», – банысан кодта уый. Абоны бон æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хыгъды лæууынц 12 æнахъомы, кæцытимæ инспектортæ кæнынц индивидуалон куыст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.