Ныртæккæ нæ республикæйы цард бирæбæрцæй фæивта хуыздæрæрдæм, фæлæ Ирыстоны ногдæр историйы фыст цы бирæ трагикон бонтæ æрцыд, уыдон та ирон адæмæй рох никуы уыдзысты.

Зын æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд Ирыстон бирæ азты дæргъы, ирон лæджы туджы малы сæвдылд нæ уарзон райгуырæн зæхх уыцы азты. Гуырдзыстоны фашизмы амæттаг баисты мингай адæймæгтæ, сыгъд æмæ пырх æрцыдысты æнæхъæн хъæутæ. Уыцы цаутæ, кæд рæстæджы цыдимæ адæймаджы зæрдæйы рыст фæкъаддæр вæййы, уæддæр алы ирон адæймаджы хъуыдыкæнынады дæр баззайдзысты цæрæнбонтæм.

1989-2008 азты нæ хуссайраг сыхæгты къухæй нæ адæмæн цы бирæ фыдмитæ конд æрцыд, уыдонæй сæ иу уыд 1991азы марты мæйы Тлиахъанайы хъæуы фыдракæнд. Уым уæд  басыгътой хъæу æд цæрджытæ. Уыцы аз, уалдзæджы æрбалæудимæ ацы хъæуы цæрджытæ нывæзтой сæ фидæны царды рæсугъд фæндтæ, æфснайдтой, зымæгон миты бынæй чи ссæрибар сты, уыцы, уæзгуытæ, цæттæ кодтой сæ цæхæрадæттæ уалдзыгон куыстытæм. Гъе, фæлæ сыл рахæтыд сæ хъысмæт…

Уыцы боны æбуалгъы цауты фæстиуджытæ йæхи цæстæй чи федта, йæхи уды тæгтæй сæ чи банкъардта, уыдонæй иутæ сты, ацы хъæуккаг  Хъуылымбегты Илушайы цыппар хъæбулы дæр. Уыдон сæ мысинæгты куыд радзырдтой, афтæмæй ацы хъæуы цардысты цыппар мыггаджы  – Хъуылымбегтæ, Кокойтæ, Тыбылтæ æмæ Кудзитæ æмæ кæддæриддæр уыдысты хъæрмуд, сæ зындзинады дæр æмæ сæ цины дæр кæрæдзийы фарсмæ чи лæууыд, ахæм цæрдхъом, уазæгуарзон хъæубæстæ.  Уыцы азты Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ райдыдтой карз кæнын. Прис, Сарабукъ, Къохат, Дменис æмæ иннæ хъæутæй фæзынд ирон лигъдæттæ. Уыдонæн-иу сæ фæндаг уыд Тлиахъанайыл. 25 марты дæр та ацы хъæумæ æрбалыгъдысты лигъдæтты къорд. «Уыд мæйдар æхсæв æмæ лигъдæтты æгæр дард цæуын кæй хъуыд, уымæ гæсæ сæ мæ фыд Илуша æрбакодта нæхимæ æхсæви-уат кæнынмæ. Дыккаг райсом сæумæцъæхæй, йæхæдæг дæр семæ фæндагамонæг, афтæмæй араст сты Зал-дайы ‘рдæм, уырдыгæй та сæ рæгътыл хъуамæ ахизын кодтаид Дзаумæ. Мæ фыд йе ‘мбæлццæттимæ рагъæй куы ахызтысты, уæд Тлиахъанайы хъæуæй райхъуыстысты сармадзанты æхстытæ, адæм æмæ хæдзарон фосы æнахуыр тыхст хъæлæба. Уый  фездæхт фæстæмæ рагъмæ, акаст хъæу-мæ æмæ… дæлæ диссаг… хъæу пиллон арты судзы, судзынц йæ дыууæ хæдзары дæр» – радзырдта Илушайы чызг Рузанæ.

Илуша Стыр фыдыбæстæйон хæсты фæхæцыд йæ райдианæй йæ кæронмæ, федта æппæт зындзинæдтæ дæр, уымæ гæсгæ йын æнæзонгæ нæ уыдысты ахæм нывтæ, нæ фæтарст, фæлæ ныр цы бачындæуа: иуæй лигъдæтты аирвæзын кæнын хъуыд, аннæмæй та йæ зæрдæ ахсайдта йæ бинойнаг æмæ йæ хъæубæстæм. Фæлтæрд нæлгоймаг лигъдæттæн бацамыдта сæ дарддæры фæндаг æмæ йæхæдæг раздæхт фæстæмæ хъæумæ. «Мæ фыд хъæумæ куы ‘рбаздæхт, уæд æй æрæййæфта пиллон арты судзгæ, иунæг хæдзар дæр дзы нал уыд, знæгтæ арт кæуыл нæ бафтыдтой. Фæлæ дзы йæ хъæубæстæй иунæг адæймагыл дæр нал амбæлд… нæхи хæдзармæ куы æрбаирвæзт, уæд агуырдта мæ мады, фæлæ уый дæр нал æмæ нал ардта, фæцыс хæдзары сыгъдонты бын. Уæдмæ горæтмæ фехъуыст æнамонды хабар æмæ нæм адæм лыгъдысты фæдисы. Уыдонимæ уыдысты ме’фсымæр Пе-тя, мæ фыды æфсымæры лæппу Герсан æмæ хъæуы иннæ цæрджытыты æввахс хиуæттæ», – зæгъы Рузана. Гуырдзыйы лæгсырдтæ æнхъæл уыдысты, ома лигъдæттæ хъæуы сты æмæ сæ фæнд уыд фылдæр туг ныккалын, фылдæр ирон удтæ аскъуынын. Схъуызыдысты хъæумæ æмæ бакодтой сæ фыдвæнд. «Куыд рабæ-рæг, афтæмæй гуырдзыйы æнæформалтæ æхсæвы æрбахъуызыдысты лигъдæтты фæдыл, æрæмбæхстысты уал фæсхъæу, цæмæй ма фæстейæ цы лигъдæтты къорд æрбацæйцыд, уыдон дæр хъæумæ æрбаирвæз-таиккой. Фæлæ сæ фæнд нæ рауад. Уæд æрбафсæрстой хъæумæ æмæ сæ маст исын райдыдтой, хъæуы цы иугай цæрджытæ уыд, уыдонæй. Бацыдысты лигъдæтты фыццаг къорды фæдыл мах хæдзармæ, уым куы ничиуал уыд, уæд бафтыдтой арт нæ хæдзарыл дæр. Мæ мад Цъæхилты Надя фæтарст æмæ хъавыд алидзынмæ, фæлæ йыл знаг суагъта æхсæнгарз æмæ йын йæ сæр, карды лыгау ахицæн кодта йæ гуырæй… Пиллон арты басыгътой хъæуы æд цæр-джытæ, æд фос», – радзырдта  Илушайы фырт Петя.

Тлиахъанайы хъæумæ фæдисы чи ссыд, уыдон агуырдтой хъæуы цæрджыты, фæлæ дзы, хъыгагæн, никæйуал ссардтой удæгасæй, басыгъдысты сæ хæдзæртты. Сæ мард буæрттæй дæр сын бæлвырдæй ницыуал ссардтой, æрмæстдæр ма сæ сыгъд стджытæ æрцыдысты ныгæд.

«Гуырдзыйы лæгсырдтæ куы аздæхтысты, уæд хъæумæ æрæмбырд сты, кæмæндæриддæр уым хиуæттæ уыд, æмæ сын æххуысмæ чи ссыд, уыдон. Фæлæ гуырдзыйы лæгхортæм сæ бакæнгæ митæ фаг нæ фæкастыстысты æмæ æгæрыстæмæй, нæ лæвæрдтой, зиæнттæ баныгæныны бар дæр. Æхстой фæсхъæдтæй зианджын адæмы, æмæ цæмæй дарддæр фыдбылыз мауал æрцыдаид, уый тыххæй уал сæ цыдæрамæлттæй аластам сыхаг, Гуыцмæзты хъæуы, уæлмæрдмæ æмæ сæ уым баныгæдтам. Уый фæстæ Тлиахъанайы арæнтыл æвæрд æрцыдысты æфсæддон постытæ, уавæр фæхуыздæр ис æмæ  сæ сæ дыууиссæдзæм бонтæм фæстæмæ сластам нæхи хъæуы уæлмæрдмæ», – зæгъы Петя. Рузанæйы хо Розæ ма куыд загъта, афтæмæй сæ иннæ ‘фсымæр Эдик йæ хъæумæ куы ссыд æмæ йæ сау пиллонæй куы федта, стæй йе ‘ввахс хиуæттæ æмæ йæ ныййарæг мады  хъысмæт куы рабæрæг сты, уæд йæ сæрæн нал кодта. Дæргъвæтин рæстæджы рыст йæ зæрдæ æмæ уыйадыл йæ цардæй ахицæн.

Ахæм тæригъæдтæ бирæ фæкодтой ирон адæмы ныхмæ гуырдзыйы лæгсырдтæ. Тлиахъанайы трагедийы рæстæджы бабын сты 7 адæймаджы, Рузанæйы мад Цъæхилты Надя, йæ фыды æфсымæр Хъуылымбегты Гри-ша æмæ йе’мкъай Дзабиты Таси, Кумситы Катя, Джиголаты Алекси, Хъуылымбегты Любæ æмæ йæ фырт.

Ацы  хъæумæ ныртæккæ нæй бацæуæн фæндаг дæр. Банымæг, кæддæр цæдзджинагау цард кæм фыхт, уыцы хъæу. Уазæгуарзон æмæ иу бинонтау, æнгом æмæ хъæрмудæй цы хъæубæстæ цардысты, уыдон æгæрыстæмæй, сæ мæлæт дæр ссардтой иу бон.

Ацы трагедийыл 26 марты сæххæст ис 27 азы. Сæрибардзинады сæрыл нæ адæмы тох нæ цыд знаджы зæрдæмæ, къахта йын йæ цæстытæ, нæ ауæрста нæдæр сылгоймæгтыл, нæдæр зæрæдтыл, нæдæр сывæллæттыл. Тлиахъанайы трагедийы чи фæмард, уыдон дæр нæ иннæ æдзард удтимæ иумæ, мыггагмæ цæрдзысты нæ адæмы зæрдæты.

Рухсаг ут!

Хуыгаты Миленæ

Къамы: Тлиахъанайы трагедийы амæттæгтæй сæ иу

Цъæхилты Надя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.