Цытджын æмзæххонтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Уæрæсейы Федерацийы рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 14 азы сæххæсты боны цытæн.

Нæ адæмы бирæазæон тохæн кæрон æрцыд нæ паддзахдзинады хæдбардзинад банымайынæй, кæцы бæрæг æрцыд хæдуагæвæрдмæ ирон адæмы фæндонæй. Уæрæсейы æмæ æндæр фæсарæйнаг бæстæтæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын ссис нæ республикæйы царды хъысмæтскъуыддзаггæнæн цау, æдасдзинад сифтонг кæныны фидар гарант, уый фадат радта экономикæ, культурæ, социалон фадыг сабыр, динамиконæй рæзын кæнынæн.

Сæрибардзинад æмæ суверенитет нæ адæм райстой бирæ зиæнтты амæттæгты пырхæнты æмæ аргъæй. Мах рацыдыстæм зын æмæ уæззау фæндагыл æндидзынадмæ. Фæлæ мах æппæт зындзинæдтыл фæтых стæм, бахъахъхъæдтам уыцы бар, цæмæй нæ зæххыл цæрæм æмæ кусæм, хæдбарæй скъуыддзаг кæнæм нæ хъысмæт, рæзын кæнынæм национ культурæ, æвзаг, традицитæ æмæ экономикæ.

Мах сæрæстыр стæм æмæ хъуыды кæндзыстæм адæмы сгуыхтдзинæдтæ, æмæ нæ сæрæй ныллæг кувæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты раз, кæцытæ сæ цард радтой сæ райгуырæн зæххы хæдбардзинады, сæ адæмы тыххæй.

Абон мах æнтыстджынæй аразæм барадон демократон паддзахад, фæд-фыдæлонæй скъуыддзаг кæнæм зын фарстытæ экономикон æмæ социалон рацаразындзинæдты фæдыл, кæцытæ ахъаз кæнынц адæмы фæрныгад фæбæрзонддæр кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны нæ адæмæн мæ цæст уарзы æнæниздзинад, сабырад, хорздзинад, æнтыстытæ снысангонд плæнттæ реализаци кæныны хъуыддаджы Фыдыбæстæйы дидинæфтыдадæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар

 ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.