Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

Абон мах нысан кæнæм нæ историйы иууыл зынгæдæр бонтæй иу – Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон.

Рацыд 14 азы хуссарирыстойнаг адæмы тырнындзинад куы сæххæст, уыцы бонæй. Уæрæсейы Федераци, ныгуылæйнаг бæстæты  тыхджын ныхмæлæудмæ нæкæсгæйæ, райста иунæг раст уынаффæ, æмæ 2008 азы 26-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстоны банымадта, куыд суверенон æмæ хæдбар паддзахад, афтæ. Махæн фадат фæцис сабыр фидæн аразынæн стыр Уæрæсейы фæрцы. Бахъахъхъæдтам не ‘взаг, нæ культурæ æмæ ирæттæ хуыйныны бар!

Сæдæ азæй фылдæр ирон адæм лæууыдысты гуырдзиаг нацизм æмæ агрессийы политикæйы ныхмæ. Мах фæлвæрдтой ассимиляци скæнын, нæ фыдæлты зæххæй  фæсурын. Нæ бæстæйы ногдæр историйы æртæ хатты  æрцыдысты егъаумасштабон хæстон архайдтытæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ, егъау зиан йын æрхæсгæйæ.

Коллективон Ныгуылæн «демократи» æмæ «сæрибардзинады» лозунгты бын  йæ æцæг фæндтæ æмбæхсгæйæ, хæцыд ирæтты ныхмæ  æмæ  Гуырдзыстоны нацистон лидерты фарс.

Æмæ æрмæстдæр Уæрæсе æппæт уыцы рæстæджы равдыста йæ фарсхæцынад нæ адæмæн, æмбæстагон бартæ йын радтгæйæ æмæ йын алыварсон æххуыс кæнгæйæ. 1992 азæй 2008 азы онг ахæссыд Уæрæсейы фидауынгæнæн операци сабырдзинады бахъахъхъæныны фæдыл, фæлæ нæ оппонентты уæддæр нæ бафæндыд  нацизмы фæзындтыты æмæ ирæтты дзыллон этникон æгъдауæй кæй сырдтой, уымæн стæрхон кæнын.

Хуссар Ирыстоны сæдæгай хуыздæр фырттæ æмæ чызджытæ, Уæрæсейы æфсады сæдæгай æфсæддон службæгæнджытæ æмæ фидауынгæнæг тыхтæ, бархионтæ æмæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджытæ сæ цард нывондæн æрхастой нæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау.

Ацы цытджын сахаты мæнæн мæ бон нæу æмæ ма æрæмысон нæ паддзахаддзинады бындурæвæрджытæй сæ иу – Цоциты Алан Резойы фырты ном, кæцы цардæй ахицæн æрæджы.

Цытджын æмбæстæгтæ!

Ирыстоны алыхатт дæр æмбæрстой, Уæрæсеимæ нæ хъысмæттæ æнустæм баст кæй сты, уый. Растдæр Уæрæсе у нæ иунæг ориентир. 1992 азы ирон адæм æппæтадæмон референдумы схъæлæс кодтой Гуырдзыстонæй хæдбардзинады æмæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй. Нæ адæм равдыста йæ тырнындзинад йæ фидæн Уæрæсеимæ æмцæдисады аразыны фæдыл.

16 азы мах цардыстæм нæ республикæйы хæдбардзинад нын банымайыны ныфсæй. Мах алыхатт дæр бузныг уыдзыстæм уæрæсейаг адæм æмæ йæ къухдариуæгадæй ацы хъысмæтхæссæн, Хуссар Ирыстоны адæмæн ирвæзынгæнæн уынаффæйы тыххæй.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын бæрæгбоны – Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны цытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.