Ацы бонты та ногæй æрæвнæлдтой Сырх Дзуары аргъуаны арæзтадмæ. Арæзт цæуы Алайнаг епархийы хъæппæрисæй. Йе ‘ххуысы хай гæнæн ис бакæна алчи дæр. Арæзтады процессмæ сæ хъус дарынц Культурæйы министрад, цæмæй аргъуан æндидзыд цæуа, йæ раздæры хуыз ын бахъахъхъæнгæйæ.

Историк Табуты Нелли зæгъы: «Сырх Дзуар, мах зонæнтæм гæсгæ хауы XIX-æм æнусы аргъуанты арæзтадмæ. Дзуар сырæзт уырыссаг миссионерон æхсæнады руаджы. Советон дуджы, куыд æппæт цæдисы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр аргъуантæм уадиссаг хъусдард нал цыд æмæ Сырх Дзуар дæр чысыл фæцудыдта. Зæххæнкъуыст куы уыд 1992 азы, уæд дæр бахъыгдард, фæлæ йын иууыл тынгдæр зиан та æрхастой гуырдзиаг фашисттæ. Цы стыркалиброн æхсæнгæрзтæй æхстой горæты, уыдонæй æмбæлд  кувæндоныл дæр æмæ бынтондæр ныппырх. Къорд хæттыты бавналдæуыд йæ сæндидзын кæнынмæ, фæлæ-иу куыстытæ ныкъуылымпы сты.

Алайнаг епархийы динамонæг фыд Симон зæгъы: «Ныртæккæ дзуар арæзт цæуы раздæры кувæндоны æддаг бакаст æмæ формæмæ гæсгæ. Ныридæгæн стæм арæзтады иууыл вазыгджындæр къæпхæныл. Амад цæуы дзуарæн йæ æрдынæг, аркæтæ. Ацы этап ахицæн уыдзæн дыууæ мæйы æмгъуыдмæ. Цхинвалы хицæн районты тыгуыртæй цардысты дзуттæгтæ, сомихæгтæ. Горæтæн йæ цæгат хайы та – ирæттæ. Уымæ гæсгæ Сырх Дзуар нымад цæуы ирон аргъуаныл. Уæдæ махæн ацы сыгъдæг кувæндон сæндидзын кæнын тынг вазыгджын у, ам рагæй фæстæмæ дæр Хуыцаумæ бакуывдтытæ цыдысты иронау. Уымæ гæсгæ арæзтад хъуамæ суа æхсæнадæмон. Махмæ сæ хъус  дарынц æмæ нын баххуыс кæнынц канд Дыргуисы районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма иннæ районты лæппутæ дæр. Горæты службæтæй кæмæ бахатæм, уыдон дæр фæстæ нæ фæлæууынц. Æрвылхатт дæр цæттæ сты куыд техникæйæ, афтæ лæг-дыхæй дæр баххуыс кæнынмæ. Куыд зонæм, афтæмæй Сырх Дзуар нымад цæуы карз дзуарыл, адæмы ‘хсæн уый тыххæй бирæ таурæгътæ ис. Мургай æмбырд æрцыдысты дзуары дуртæ. Амайынæн дзы бæзгæ чи уыд, уыдонæй спайда кодтам, хицæн рæтты та амад æрцыд сырх агуы-ридурæй. Дзуарæн йæ мидæггаг куыстытæ арæзт цæудзысты ноджы лæмбынæгдæрæй».

Табуты Нелли ма куыд загъта, афтæмæй Сырх Дзуар арæзт цæуы архитектурон нормæтæм гæсгæ. Цалдæр азы размæ, зæгъ, Цæгат Ирыстон-Аланийæ хуынд æрцыдысты архитектортæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.