Сæ кад, сæ фарн…

 

Зынгæ театриртасæг, Цæгат Ирыстон-Аланийы зонæдты сгуыхт архайæг, аивадиртасæг зонæдты кандидат, дзæнæттаг Бæциаты Агуыдз кæддæр фыста: «Ирон аивад æмæ культурæ советон азты куыд райрæзтысты, уымæн æвæджиауы хорз æвдисæн – ирон профессионалон театр. Саратæ æмæ мусонгтæ паддзахы заманы йæ авдæн кæмæн уыдысты, уыцы ирон театр дунейы диссагæн баззад… Ирон театр у нæ адæмы национ культурæйы стыр æнтыст».

Æцæгæй дæр тынг размæ ацыд нæ театралон аивад, кæд фæстаг рæстæг дуджы бархъомысæй фæцудыдта, зындзинæдтæ æвзары, уæддæр. Театры зынг цæмæй цыренæй-цырендæр кодтаид, ууыл тынг бацархайдтой нæ драматургтæ, режиссертæ, артисттæ. Уырыссаг драматург Николай Островский мæнгæй нæ загъта, зæгъгæ, театр у, наци йæ лæджы кары кæй бацыд, уый æвдисæн.

Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр. Театралон фæзуат. Кæмæн нæ уыдысты æмæ сты уарзон. Театры раздæры агъуыст ирон культурæ æмæ аивады рæзтæн тынг балæггад кодта, фарны сценæ дзы уыд! Цæй, кæд та театры ног агъуыст дæр уыцы кады фæндагыл ныллæууид, кæд та дзы Уастырджийы зарæг ныккæниккам!

Мæ цæстытыл уайынц нæ зынгæ артисттæ. Сценæйыл æмæ æнæуый дæр. Зонгæ дæр дзы бирæты кодтон лæгæй-лæгмæ. Ныр не ‘хсæн нал сты уыцы хистæр фæлтæр æмæ сын сæ рухс нæмттæ мысæм æхсызгонæн.

Цхуырбаты Барис, Цоциты Къæдзæх æмæ Нинæ, Таугазты Габо æмæ Цæбиты Нинæ, Джыккайты Иван æмæ Цæбиты Залихан, Гаглойты Зинæ æмæ Варя, Тедеты Алихан æмæ Медойты Заретæ, Кокойты Мельс æмæ Гæгойты Шота, Куымæридтаты Донарæ, Еналдыты Уæхтæнг, Дзæгъиаты Къæдзæх, Мæхъиты Дарико… Ехх, нымад сæ чи фæуыдзæни… Ирон театрыл хæрзаудæн кæнæд.

Мæнæ ма ацы къаммæ æркæсут, хорз адæм. Чи нæ базондзæн ирон сценæйы фидыцтæ, нæ сæрæстырдзинæдтæ Джелдыты Андрей, Гæбæраты Дауыт, Цæбиты Ростик, Зæгъойты Руслан æмæ Къадзты Филиппы. Къадзы-фырт се ‘рцыдмæ дзæбæхæй, æнæнизæй фæцæрæд, бирæ балæггад кодта нæ театрæн, ныр дæр ын цæстуарзонæй лæггад кæны.

Иннæ цыппар та æгæр раджы атагъд кодтой се ‘цæг дунемæ, сæ тæккæ лæджы кармæ куы бахæц-цæ сты, уæд. Æнæкæронæй уарзтой сæ раттæг Ирыстоны æмæ Иры уæззау бонтæ ацы артистты удæгас цардæй бирæ атыдтой. Уымæн æмæ уыдон уыдысты æцæг патриоттæ, тынг сæ æндæвта Ирыстоны хъысмæт.

Хорз адæймаджы ном бирæ цæры. Андрей, Дауыт, Ростик, Русланы нæ рох кæнынц сæ хиуæттæ, зонгæтæ, æмкусджытæ, сценæмæкæсджытæ. Нæ цæстытыл уайынц сæ аив ролтимæ мысинагæн!

 

Гасситы Моисей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.