Театр… Нацийы культурæйы сæйрагдæр артдзæст æмæ йæ царды айдæн. Æнæ театр нацийæн уæвæн дæр нæй. уымæн æмæ театр сæйраджыдæр ахъаз кæны адæймаджы монон рæзтæн æмæ мадæлон æвзаг хъæздыг кæнынæн. Нацийы историйы цыфæнды цАуы тыххæй кæнæ цавæрдæр фæзынды тыххæй театры сценæйæ ныхас куы райхъуысы, уæд æй алы адæймаг дæр банкъары хуыздæр, райхъал ын кæны йæ æнкъарæнтæ, фæуæрæхдæр вæййы хъуыдыкæнынад. Уый та, æвæццæгæн, уымæн афтæ у æмæ алы фæлгондзы дæр театры актер бауадзы тых æмæ уд, æмæ сценæмæкæсæджы раз райгас вæййынц ивгъуыд царды хъайтартæ æмæ историон цаутæ. Афтæ æвдыст æрцæуынц нырыккон дуджы царды нывтæ дæр.

Хуссар Ирыстоны дæр 31-æм азы профессионалон театр куы фæзындис, уæд уый ирон адæмæн уыдис стыр хæрзиуæгон   хъуыддаг. Ирон адæмы культурон æмæ аивадон царды рæзтмæ бахаста ногдзинæдтæ, сценæйыл йæ бынæттæ ссардтой нæ хуыздæр драматургты уацмыстæ. Хуссарирыстойнаг сценæмæкæсæгæн театр ссис сæ уарзондæр культурон артдзæст.

Абоны хистæр кары адæмæн алкæмæндæр сæ зæрдыл æхсызгонæй æрлæууы се ‘взонджы бонты театрмæ цæуын сын бæрæгбоны хуызæн кæй уыдис. Уырдæм алчидæр цыдис культурон æгъдауæй баулæфынмæ, сæ уарзон актерты сценæйыл фенынмæ, чи та-иу йæ уарзон драмæ сценæйыл æвæрд кæй æрцыдис, ууыл цин кодта, бирæ та-иу йæ мадæлон æвзагыл алыгъуызон дугты хъайтартæ куыд дзурынц, уый фенынмæ цыдис. Алы ног спектаклы сæвæрд та-иу сын æрхаста стыр циндзинад.

Бæрæгбон зæрдæйы равгимæ кæй цыдысты нæ адæм театрмæ, уый ма бæрæг уыдис куыд сæ цины æнкъарæнтыл, афтæ сæ уæлæдарæсыл дæр.

Фæлæ нæ адæм 1990-æм азты цы бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, уый сын бирæбæрцæй бандæвта сæ цардыл æппæтварсонæй, æгæрыстæмæй нæ культурон цардуагыл, дæр бирæ культурон уагдæттæн сæ куыст фæцудыдта.

Уыцы уæззау азты Хуссар Ирыстоны иу маст иннæ масты ивта. Цыма нын уый æппæт хъизæмæрттæ фаг нæ уыдысты нæ адæмæн сæ зæрдæ тынг фæрыстис 2005 азы нæ драмон театры бæстыхай кæй басыгъд, уый тыххæй. Ацы цауыл йæ цæссыг кæмæн не ‘ркалдис, ахæм адæймæгтæ стæм разындзæнис ирон адæмы ‘хсæн. Ацы æнамонд цау æхсæвы кæй æрцыдис, уый бирæтæ дыккаг бонмæ нæ фехъуыстой. Æз дæр æй горæтгæронмæ дыккаг райсоммæ нæ фехъуыстон. Уæд мыл уыцы райсом мæ зонгæ сылгоймаг  базары амбæлдис, салам радтыны фæстæ йын йæ цæстытæм куы фæкомкоммæ дæн æмæ йын донæйдзаг куы уыдысты, уæд æй афарстон, зæгъгæ, цы хабар у, уæд йæ кæуын ноджы фæтынгдæр æмæ йæ дзуапп уыдис. «Фесæфтыстæм та…». Уыцы ныхасы фæстæ æз ахъуыды кодтон чидæр нын æввахсзонгæ адæймаг амардис. Фæлæ мын къæуынхъæлæсæй загъта, зæгъгæ, басыгъдис нæ театры бæстыхай.

Нæ национ культурæйыл ахæм æнамонд цау кæй æрцыдис, уый фенынмæ адæм иууылдæр цыдысты цæссыгкалгæйæ. Уæлдайдæр сæ зæрдæйы рыстдзинад нæ урæдтой нæ театры актертæ сæхæдæг.

Иу чысыл рæстæг æрнымæг ис нæ театры куыст, фæлæ курдиатджын актерты къорд иуран нæ бадтысты. Хицæнгонд сын æрцыд нæ горæты Профцæдисты æмбырдгæнæн зал. Ацы ран сын кусынæн кæд сæ уавæртæ куыд æмбæлы афтæ не сты, уæддæр уыдон дзæвгар спектаклтæ сæвæрдтой уыцы ног бынаты дæр.

Ныр та нæ адæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц кæд байгом уыдзæнис, кæддæр æртхутæг чи фестадис, уый бынаты цы театры ног бæстыхай арæзт цæуы, уый. Кæддæрау та рафидауын кодта йæ æддаг бакастæй нæ горæты сæйраг фæзуаты. Уæдæ куыд зонæм, афтæмæй та рæхджы хуссарирыстойнаг театруарзджытæн се стыр бæллиц сæххæст уыдзæнис.

Ирон адæмы аивадон рæзтмæ йæ хайбавæрд хæссы Цхинвалы районы администрацийы дæлбаруæвæг Адæмон теар дæр. Ацы театры артисттæн дæр сæ ирон сценæмæкæсæгæн хорз зындгонд сты. Дзæвгар спектаклтæ ис ацы театры репертуары. Сæ уавæртæ сæ куыд амонынц, афтæ сæ равдисынц, куыд нæ горæты, афтæ нæ районты цæрджытæн дæр.

Ирон аивады размæцыдæн æмæ нæ театрæн фидæны фæлтæр схъомыл кæнынæн стыр ахъаз фæуыдзысты нæ горæты скъолаты драмон къордтæ кæй байгом ис, уый. Уыдонæн семæ кусынц фæлтæрд актертæ, кæцытæ сын сæ арæхстдзинад лæвар кæнынц цæстуарзонæй æмæ сæ иузæрдион куыст фæбæрæг вæййы æмæ æвзонг актерты курдиатæн адæм æвдисæн вæййынц скъолаты ‘хсæн цы Театралон фестиваль уагъд æрцæуы, уым.

Уæдæ ирон адæмы культурæйы сæйраг артдзæст театрæн йæ фидæн бæллиццаг кæй уыдзæн, уый мах руаджы. Æмæ театры æппæт дунеон боны цытæн нæ бафæнддзæнис, цæмæй йæ ирон театры сценæйæ нæ мадæлон æвзаг æнустæм зæла. Нæ театры актертæн та нæ бафæнддзæнис зæрдæрухс, æнæниздзинад æмæ стыр æнтыстытæ сæ аивадон архайды!

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.