РХИ-йы Парламентмæ депутатты æвзæрстыты фарстыл уынаффæ цыдис, РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæимæ цы фембæлд уыдис, уым.

Æвзæрстытæм мæйæ къаддæр рæстæг кæй баззад æмæ æвзæрстыты агъоммæ кампани кæй райдыдта, уымæ гæсгæ Президент, фыццаджыдæр бацымыдис кодта, консуладтæ æмæ минæварадты æвзарæн фадгуытæ æмæ округтæ куыд цæттæ сты, уымæ.

Плиты Беллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыст райдыдта, æвзæрстытæ аразыны бон снысан кæныны тыххæй Барамындыл Президент йæ къух куы æрфыста, уæдæй фæстæмæ.

«Фыццаджыдæр цы сарæзтам, уый уыд иумандатон æвзарæн округты схемæ саразын. Уыцы схемæ ныммыхуыр кæныны фæстæ политикон партитæ, политикон партитæй кандидаттæ æмæ хицæнæй сæхи чи раразмæ кодтой, уыдонæй исын райдыдтам куырдиæттæ депутаттæм сæхи раразмæ кæныны тыххæй. Æдæппæтæй мах райстам 263 куырдиаты», – загъта ЦÆК-ы сæрдар. Уыцы куырдиæттæй, йæ ныхæстæм гæсгæ 106 сты республикон номхыгъдтæм гæсгæ политикон партиты минæвæрттæ, 75 сæхи раразмæ кодтой уыцы политикон партитæй, фæлæ иумандатон округтæй, 82 та сты, сæхи сæхæдæг чи раразмæ кодтой, ахæмтæ.

Плиты чызг куыд банысан кодта, афтæмæй уыцыиу рæстæджы къамис куыста округтæ аразыны фæдыл. Æппæт округтæм дæр баконд æрцыдысты, Парламентмæ æвзæрстыты хайад чи исынц, æппæт уыцы политикон партитæй минæвæрттæ. «Мах ма сфидар кодтам æвзарæн фадгуыты схемæ дæр, уыдон æдæппæт сты 77 фадыджы. 73 дзы сты Хуссар Ирыстоны территорийыл, иу æвзарæн фадыг  Мæскуыйы, дыууæ Цæгат Ирыстоны нæ консулады территорийыл æмæ иу та Абхазы, горæт Сухумы», – фехъусын кодта Плиты Беллæ. ЦÆК-мæ куырдиæттæ чи балæвæрдтой æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ депутаттæм кандидаттæй сæхи чи раразмæ кодтой, уыдонæй ныридæгæн регистрацийыл кæмæн не сразы сты, уыдонæй фондзæй хъаст балæвæрдтой Уæлдæр тæрхондонмæ. Уымæ нæ кæсгæйæ, тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ къамисы уынаффæтæ иууылдæр сæ тыхы баззадысты.

ЦÆК-ы сæрдар ма куыд банысан кодта, афтæмæй абоны бонмæ йæхи æххæстæй срегистраци кодта парти «Иууон Ирыстон» – регистраци æрцыд, куыд партион номхыгъд, афтæ иумандатонты номхыгъд дæр. Регистраци ма æрцыдысты партитæ «Адæмы иу-дзинад» æмæ «Адæмон парти»-йы номхыгъдтæ дæр. Документтæ бæрæг кæныны фæдыл ЦÆК кусдзæн 18 маймæ.

Плиты Беллæ банысан кодта, зæгъгæ, куырдиæттæм æркæсыны фæстæ райдайдзысты агитацион мадзæлттæ телеуынынад æмæ газетты. Афтæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, куыст кæй цæуы ЦÆК-ы информацион центры ифтонггæрзтæ монтаж кæныны фæдыл.

17 иумандатон бынатмæ регистраци æрцыдысты 157 иумандатоны æмæ сæхи раразмæгæнджытæ, иннæ 17 бынатмæ та – политикон партитæ.

Президент куыд загъта, афтæмæй йæ ныфс ис, регистрацигонд чи ‘рцыдысты, уыдонмæ закъонмæ гæсгæ иугъуызон ахаст кæй уыдзæн.

«Мах хорз æмбарæм, регистраци чи не ‘рцыдысты, уыдонæй иуæй-иутæ райгонд нæ уыдзысты. Мæн уырны, куырдиæттæ чи балæвæрдтой, уыдонмæ иууылдæр иугъуызон ахаст кæй уыдзæн ЦÆК-ы ‘рдыгæй æмæ æппæт уæ уынаффæтæ кæй бындуриуæг кæнынц Хуссар Ирыстоны закъондæттынады принциптыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Уыимæ иумæ паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, регистрацийыл кæмæн не сразы сты, уыдонæй алкæмæн дæр Централон æвзарæн къамис лæмбынæг бамбарын кæна йæ уынаффæйы растдзинад, æмбæлон закъоныл бындуриуæг кæнгæйæ.

Плиты Беллæ уый фæдыл загъта, ацы процедурæ афтæ кæй æххæст цæуы, ЦÆК сын фыстæй ратты ахæм уынаффæ цæмæй райсой, уый тыххæй гæххæтт, закъонмæ сын бацамонгæйæ.

Уымæй дарддæр ма Президент ЦÆК-ы сæрдармæ бахатыд, цæмæй æвзæрстыты бон æвзарæн фадгуыты æппæт дæр уа бæрæгбонгъуыз.

«Адæм хъуамæ æмбарой, æвзæрстытæ бæрæгбон кæй сты. Уыдон æвзарынц Парламенты депутаттæ, кæцытæ сын хъуамæ сæ интерестæ æвдисой закъондæттынадон хицауиуæгады», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.