Цхинвалы астæуккаг скъолаты уагъд цæуынц фембæлдтытæ ахуырдзауты ныййарджытимæ. Ацы фембæлдтыты ма ахуыргæнджыты æдде хайад исынц Ахуырад æмæ зонады, Мидхъуыддæгты министрадты минæвæрттæ, РХИ-йы Парламенты депутаттæ, прокуратурæйæ, ХИПУ-йы лектортæ æмæ ма дохтыртæ дæр. Мадзæлтты рæстæджы æрæмбырдуæвджытæ æрдзурынц ахæм темæтыл, куыд «Бинонтæ æмæ скъола», «Бинонтæ æмæ скъолайы æмахастытæ фæткхалæн цаутæ ма æруадзыны фарстаты фæдыл» æмæ «Ӕнахъомты ‘хсæн негативон фæзындтыты профилактикæйы актуалон фарстатæ».

Скъоладзаутæ æгæр арæх кæй нæ вæййынц уроктыл, сæ ахуыры æмвæзад кæй ныллæг кæны, сæ ахуыргæнджытæм арæх агресси кæй равдисынц æмæ ма ныййарджытæй дæр бирæтæ ахуыргæнджыты кæй фефхæрынц, уый фæстиуæгæн скъуыддзаг æрцыдис, цæмæй фембæлой ныййарджытимæ.

«Цæмæй нæ разы лæууæг проблемон фарстатæ скъуыддзаг æрцæуой æмæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджыты ‘хсæн конфликтон ситуацитæ фæкъаддæр уой, уый фæдыл фæндон рахастам, цæмæй комкоммæ аныхас кæнæм ныййарджытимæ æмæ сын бай-хъусæм сæ домæнтæм. Ацы темæйы фæдыл фарон декабры мæйы арæзт æрцыдис тымбыл фынг, кæцымæ хуынд æрцыдысты скъолаты дирекцитæ æмæ ма ахуырдзаутæ дæр. Мах æй фидарæй зонæм æмæ скъолаты егъау куыст кæй цæуы кæстæр фæлтæры хъомылады, – æфтауынц сæ æгъдауыл, уарзын сын кæнынц царды хорз миниуджытæ, арæзт æрцыдысты удварн æмæ æгъдауыл хъомыл кæныны сæрмагонд программæтæ. Хъыгагæн, æппæт ацы æвæрццаг хъуыддæгтæ бирæ ныййарджытæ нæ уынынц æмæ æнæбындурæй азымджын кæнынц сæ сывæллæтты мæгуырау уагахасты, ахуыры алкæйы дæр, сæхи йеддæмæ. Абоны бон уавæртæ сты бирæ хуыздæр æмæ скъоладзауты ахуыры процессыл ахæм негативон фæзындтытæ ма хъуамæ æндавой. Бæрæг куыд у, афтæмæй бирæ ныййарджыты хъæуы фылдæр хъусдард здахын сæ сывæллæттæм æмæ уæд проблемæтæ фæкъаддæр уыдзысты», – радзырдта Ахуырад æмæ зонады министрады хъомылады хайады сæргълæууæг Джиоты Эльзæ.

Ныййарджытæй бирæтæ сæ сывæллæтты фаг кæй нæ контроль кæнынц, уыцы факт банысан кодта Цхинвалы милицийы управленийы æнахъомты фæдыл хайады хистæр Гатайты Лали дæр.

«Махæн алкæцы ахуыргæнæндонмæ дæр фидаргонд у инспектор, кæцы æппынæдзух  йæ хъус дары скъолайы цардмæ, ахуырдзауты уагахастмæ. Фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ ныййарджытæ бынтондæр сæхи ауадзой æмæ сæхицæй бæрндзинад сисой. Нæдæр скъола, нæдæр ахуыргæнæг, нæдæр инспектор – бæрндзинад нæ хæссынц ахуырдзауы уагахасты тыххæй. Ахуыргæнджытæм уæлдай æвзæр ахаст равдисынц æрыгон ныййарджытæ, кæцытæ бынтондæр ферох кæнынц æфсарм, æгъдау æмæ намыс. Бирæ ныййарджыты фæнды, цæмæй сæ сывæллæтты хъомылады фарстатæ сæвæрой ахуыргæнджытæ æмæ милицийыл, æмæ ма сæ стæй æфхæргæ дæр кæной, зæгъгæ, хорз мын æм нæ кæсут. Афтæ раст нæу. Ӕгъдау æмæ удварн фыццаджыдæр цæуынц хæдзарæй æмæ уæ рæдыдтытæ искæй æфсон ма кæнут. Кæд сывæллон йæхи æнæгъдауæй дары, уæд уыцы миниуæг фыццаджыдæр хæссы йæ бинонтæй. Уæ ныфс æгасæй ахуыргæнджытыл æмæ милицийыл ма дарут, фæлæ лæмбынæгдæр кæсут уæ сывæллæттæм», – банысан кодта Гатайты Лали.

Ныхасы ма рацыд ХИПУ-йы педагогикæ æмæ психологийы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Гæбулты Индирæ дæр, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, хъомылады фарстатæ, фыццаджыдæр, хауынц ныййарджытæм, стæй уый фæстæ та ахуыргæнджытæм.

«Сывæллон хъомылад райсы бинонты ‘хсæн æмæ йын цахæмфæнды уагахаст ма уа, уæддæр вæййы йæ ныййарджыты хуызæн. Дæ сывæллоны уагахастæй цыдæриддæр дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уыдон иууылдæр сты дæ мидæг, уый у дæ характеры халдих. Ӕмæ дæ сывæллоны уагахаст куы нæ бæзза, уæд чи у аххосджын? Бирæ ныййарджытæн афтæ æнцондæр у, цæмæй искæйы фæазымджын кæной, искæуыл сæ пырх ныккалой æмæ сæхæдæг та бынтондæр мацы аразой. Ис ахæм ныхас, зæгъ-гæ дæ кæд фæнды дуне фæивын, уæд уал дæхи фæив. Кæд уæ фæнды æмæ уæ сывæллæттæ уой хæрзæгъдау, хорз ахуыр кæной, коммæгæс уой, – уæд уал уæхи уагахастмæ æркæсут», – загъта Гæбулты Индирæ.

Ныридæгæн уал ахæм фембæлдтытæ уагъд æрцыдысты Цхинвалы цыппар скъолайы ахуырдзауты ныййарджытимæ æмæ къуырийы æмгъуыдмæ иннæ скъолаты дæр уагъд æрцæудзысты ахæм фембæлдтытæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.