(Ахуыргæнджыты августы конференцийы)

30 августы РХИ-йы Парламенты æмбырдгæнæн залы ауагъд æрцыд ахуыргæнджыты æрвылазон августы конференци. Конференцийы куысты хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, æндæр бæрнон кусджытæ. Горæты скъолаты кæстæркъласонтæй иу къорд инсценировкæты руаджы ног 2018-2019 ахуыры азы цытæн раарфæ кодтой ахуыргæнджытæ æмæ залы уæвджытæн. Цалынмæ Конференцийы райдианы агъоммæ уазджытæ æмæ делегаттæн равдыстой документалон киноныв «Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады 10 азы». Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталийæн.

Уый фыццаджыдæр арфæйы ныхæс-тæ загъта Хуссар Ирыстоны æппæт педагогон коллективæн ног 2018-2019 ахуыры азы сæраппонд æмæ банысан кодта конференцийы темæйы актуалондзинад. «Абон мах хъæуы хæрзæгъдау, æнæниз фæсивæд, кæцыты хъомылад бындуриуæг кæны кæрæдзимæ уарзондзинады ахастыл, рæсугъд æмæ хæрзæгъдауы принциптыл. Национ культурæ, традицитæ æмæ æгъдæуттыл сывæллæтты ахуыргæнгæйæ, мах фидар кæнæм хæрзæгъдауон гоймаджы бындур. Ахуырады сæйраг æргъадтæй сæ иу у, гоймаг, йæ цард æмæ йæ æнæниздзи-над. Ахуырады модель та хъуамæ уа уыимæ баст. Рæхджы нæ министрад фæнд кæны ауадзын республикон æмвæзадыл ныййарджытимæ фембæлд, кæцыйы рæстæджы мах ныййарджытимæ райсдзыстæм иумæйаг фæндæттæ ахуыргæнинæгтимæ хъомыладон куыст кæныны фæдыл.  Хъомылады фарсты афтæ ма хъуамæ уа æмæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæй кæуылдæр фылдæрбæрцæй æнцой кæна бæрндзинад. Уый нæ алкæйы хæс дæр у, цæмæй æмхуызонæй бæрндзинад хæссæм сывæллæтты хъомылады хъуыддаджы», – загъта министр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, министрад ныр дыккаг аз реализаци кæны рæзгæ фæлтæры удварнон-хæрзæгъдауон хъомылады программæ. «Хæрзаудæн акцитæ, социалон проекттæ, национ культурæ, театр, музейтæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл мадзæлтты архайды хъуыддаг нæ ахуырадон программæйы ахсынц ахсджиаг бынат, фæлæ æрмæст уыдоныл не ‘рлæудзыстæм. Стыр хъусдард здæхт цæуы ахуыргæнинæгты фæллойадон хъомыладмæ дæр.

Министр сæрмагондæй æрдзырдта 2017-2018 ахуыры азы куысты фæстиуджытыл. Æрæмбырдуæвджытæн се ‘ргом аздæхта, скъолатæн цы æнтыстытæ уыдис, афтæ ма цавæр ахсджиаг проблемæтыл æмбæлдысты æмæ абон дарддæр кæуыл ахъуыды кæнын хъæуы ахуыры рæстæджы, æппæт уыдæттæм. Проблемон фарстытæй кæй банысан кодта министр, уыдон уыдысты скъолатæ зынгсивæрзты рæстæджы сигнализацийæ æххæст ифтонг кæй не сты, афтæ ма кæй хъæуы санитарон-эпидемиологон нормæтæ æрнывыл кæнын дæр, сывæллæтты иуæй-иу цæхæрадæтты хъазæн фæзуæттæ саразын, сывæллæттæн сæрдыгон хосгæнæн лагертæ сорганизаци кæнын, нæ республикæйы ахуырдзауты физикон хъомылад фæхуыздæр кæнын.

Министр, скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ кæй нæ фаг кæнынц æмæ сын ацы хъуыддаджы республикæйы разамынад кæй æххуыс кæны, уый тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта Президент Бибылты Анатолийæн. «Кæцыдæр рæвдауæндæтты сывæллæтты контингент зынгæ фылдæр у, цас æмбæлы, уыцы сывæллæтты нымæцæй. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æндавы сывæллæттимæ куысты гъæдыл дæр. Цы дыууæ рæвдауæндоны арæзт цæуынц, уыдон бирæбæрцæй æвæрццагæй бандавдзысты проблемæйыл», – райзæрдæйæ дзырдта министр.

Гасситы Натали ма æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта республикæйы ахуырадон уагдæтты капиталон цалцæггæнæн æмæ реконструкцийы куыстмæ, кæцытыл куыст цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты. «Ног ахуыры азмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты Ленингоры поселочы фыццæгæм рæвдауæндон, астæуккаг иумиагахуырадон скъола Орчъосаны хъæуы æмæ ма 5-æм сентябры та ленингойраг уырыссаг скъолайы ахуыргæнинæгтæм æнхъæлмæ кæсы ног, нырыккон ифтонгадимæ скъола», – фехъусын кодта министр.

Уымæй дарддæр ма Гасситы Натали радзырдта хуссарирыстойнаг ахуыр-гæнинæгты хайадисты тыххæй æндæр æмæ æндæр бæрæгбонон мадзæлтты, олимпиадæтæ, конкурсты, кæцытæ уагъд цыдысты республикæйæн æдтейæ. Фехъусын кодта, зæгъгæ, министрад бацæттæ кодта нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты тыххæй активон куыст чи бакодта, уыдоны схорзæхджын кæныныл. Уыдон та уыдысты нæ горæты скъолаты хореографтæ æмæ сфæлдыстадон къордты къухдариуæггæнджытæ.

Фыццæгæм астæуккаг скъолайы ахуыры хайы гæс Радуль Анжела ног ахуыры азы цытæн раарфæ кодта делегаттæ æмæ уазджытæн. Банысан кодта, зæгъгæ, нæ хæс у, цæмæй æхсæнадæн бацæттæ кæнæм æрмæст ахуырдзинад кæмæ уа, ахæм фæлтæр нæ, фæлæ ма, ныфсджын, тыхджын æмæ æндæр ахæм хорз миниуджытæй хайджын адæймæг-тæ. Мах нæ уроктæм цæуæм цæттæйæ, уадзæм алыгъуызон мадзæлтæ, ахуыргæнинæгтæн уарзын кæнæм Фыды-бæстæ, цайдагъ кæнæм куыстыл, ирон  æвзаг æмæ æгъдæуттыл.

Дзауы скъола-интернаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гасситы Ильнайæн та йæ раныхасы сæйраг хъуыды уыдис, зæгъгæ, фæстаг азты дуг афтæ тагъд ивы æмæ алчи не ‘ххæсы ног фæзындтæ афоныл банкъарын æмæ рахатыныл. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм æвзонг фæлтæрмæ хъæуы фылдæр æмæ хуыздæр хъусдард аздахын. Уыимæ карзæй дзырдта цæмæй æрыгæтты ‘хсæн цы фæткхалджытæ фæзыны, уыдон хъусдардæй иуварс ма зайой æмæ сæ рæстæгыл, цалынмæ æндæртыл нæ бандæвтой,  уæдмæ сæ барфтауой раст фæндагыл.

Æвзонг натуралистты станцы ахуыр-гæнæг Тедеты Ильна та банысан кодта, зæгъгæ, махæн дæр нæ сæйрагдæр хæс у æрыгон фæлтæрты царды раст фæндагыл æфтауын. «Уый сæраппонд, зæгъгæ, уадзæм алыгъуызон мадзæлт-тæ. Арæх æрбахонæм зындгонд адæймæгты-ахуыргæндты, йæ дæсныйад хорз чи зоны, ахæм æмбæстæгты. Семæ фембæлдтытæй нæ хъомылгæнинæгтæ райсынц бирæ хорз зонындзинæдтæ. Уадзæм ма практикон ахуыртæ дæр. Нæ ахуыргæнинæгты акæнæм æрдзы хъæбысмæ æмæ сæ зонгæ кæнæм флорæ æмæ фаунæимæ. Уымæй дарддæр ма æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ дæр ахуыр кæнынц рагон æмæ нырыккон ирон хæринæгтæ аразыныл», – загъта уый.

Гимнази «Альбион»-ы психолог-ахуыргæнæг Плиты Лана дæр банысан кодта, зæгъгæ, цард кæй фæивта, уый æрыгæттæй бирæтыл бандæвта мæгуырауæрдæм æмæ нæ фæзонынц, аразын цы фæхъæуы, раст цы у, уый. Йæ хъуыдымæ гæсгæ фæсивæды зондахастыл тынг æндавынц дзыллон информацийы фæрæзтæ, уæлдайдæр та телеуынынад. Уымæ гæсгæ домы цæмæй бынæттон телеуынынады арæхдæр æвдыст цæуой Советон Цæдисы уагъд кинонывтæ.

Ленингоры районы администрацийы ахуырады хайады сæргълæууæг Гусойты Ласко та банысан кодта, зæгъгæ, нын аразын цы бантыст, уымæй нын фылдæр ис аразинæгтæ. Гусойты лæппу банысан кодта, цæмæй Хуссар Ирыстоны истори æрмæст хистæр кълæсты ма ахуыр кæной, фæлæ йæ ахуыр кæнын райдайой 5- æм къласæй.

Бузныг загъта ахæм рæсугъд æмæ цымыдисон мадзал кæй сарæзтам иу-уылдæр иумæ нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты боны цытæн стадионы, уый тыххæй. Ахæм хъуыддаг сарæзтам æмæ нæм, зæгъгæ, цыдæриддæр уазджытæ уыдис, уыдон æй ахастой сæ зæрдæты. «Иууылдæр, куыд иу адæймаг, афтæ дзурынц, зæгъгæ, ахæм рæсугъд бæрæгбон мах æввахс рæстæджыты никуы федтам. Уый махæн не ‘ппæтæн дæр у стыр æхсызгон хъуыддаг æмæ уын ноджыдæр зæгъын стыр бузныг. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын», – загъта уый.

Ахуырады къабазы фыццаг рады цы хъæуы æнæмæнгæй дæр скъуыддзаг кæнын, уыдонæй сæ иуыл банымадта ахуырадон процессы астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ нæ сывæллæттæ дарддæр кæдæм бацæуой ахуырмæ æмæ стæй цы аразой, уый». Хъыгагæн, махæн нæ ныййарджытæ фылдæрбæрцæй сæ сывæллæтты бæсты равзарынц сомбон сæ сывæллæттæ кæм хъуамæ ахуыр кæной, уыцы дæсныйадтæ. Фылдæр сæ хъус дарынц æхцаимæ баст дæсныйæдтæм. Уымæ гæсгæ нæм абон ис фылдæр стоматологтæ, юристтæ, экономисттæ. Уыимæ иумæ нæм, зæгъæм, нæй ветеринартæ, реанимотологтæ, кардиологтæ, афтæ ма онкологион низты специалисттæ дæр, уымæн æмæ уым æхца цъус ис. Бафиппайын мæ фæнды уый æмæ нæ сывæллæтты раст цæрын кæй нæ ахуыр кæнæм, уый.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ нæ республикæйы æмбæлон æмвæзадыл астæуккаг ахуырады скъола æмæ уæлдæр ахуыргæнæндоны æхсæн кæй нæй æмархайд, уый. Скъолаты хуыздæр ахуыргæнинæгтæ хъуамæ æмбæликкой æмæ хайад исиккой университетон царды, цæмæй ахуыргæнинагмæ цымыдисдзинад æвзæра йæ сомбоны равзаргæ дæсныйадмæ, ахуырмæ æмæ фæндвидарæй цæуа уыцы дæсныйад райсыны фæндагыл. Махмæ, хъыгагæн, абон ахæм метод нæ уæвынад кæны. Уый махæн у тынг æнæмæнг хъуыддаг æмæ йыл арæх фæдзурын. Уый тыххæй ныхас кодтон нæ университеты ректоримæ дæр, фæлæ дзы нырма ницы федтон уыцы куыстæй», – загъта йæ хъуыды Президент. Дарддæр æрдзырдта астæуккаг ахуырады скъолайæн нæ министрадтæ æмæ ведомствотæн дæр хъуамæ уаид æмархайддзинад. Уымæ та фылдæр хъуамæ сæ хъус æрдариккой министрадтæ æмæ ведомствотæ, уымæн æмæ сæ сæ куысты фæхъæуы сомбоны хорз специалисттæ. «Цæмæннæ ис гæнæн, зæгъæм, æмæ нæ ахуыргæнинæгтæн уынын кæнæм Хъахъхъæнынады министрад цы æфсæддон техникæ æмæ нæм ифтонггæрзтæ ис, уыдон æмæ афтæ дарддæр. Сывæллон йæхи цæстæй цы фена, уымæ йын фæзыны цымыдисдзинад æмæ йæхæдæг сæвæры йæ царды нысан. Абон мах нæ сывæллæттимæ куы фæныхас кæнæм, зæгъгæ, цы дæсныйад равзæрстай, уæд бæрæг бæлвырд дзуапп нæ райсæм», – банысан кодта Президент Бибылты Анатоли.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, сывæллоны хъæуы раст фæндагыл кæнын æмæ дзы гоймаг схъомыл кæнын. Стæй ма уый дæр æмæ бирæхатт ахуыргæнинагмæ цы нысан нæ фембæлы, уый йын нывæрынц ныййарджыты æфсæрмæй, кæнæ хæстæджыты æндæвдадæй. «Уый раст нæу, афтæмæй мах не схъомыл кæндзыстæм фидæны хорз æмæ тыхджын специалистты.Уæд хæдзары бадæт нæ сывæллæттæ æмæ сын уырдæм æвæрдзыстæм нысæнттæ. Стæй мах фæхъуыды кæнæм æмæ фæагурæм мадæлон æвзаг зонадон æгъдауæй чи сахуыр кæндзæн, ахæм сывæллæтты. Кæм агурæм мах ахæм сывæллæтты, кæд æмæ сын уæлдæр кæнæм сæ нысæнтты æмæ ахуыры æмбæлон æмвæзадмæ не схизынц ахуыргæнинæгтæ? Цæй æмæ райдайæм æмæ æрдомæм нæ сывæллæттæй хуыздæр ахуыр. Уадз æмæ исæт фидар «3» цæйнæфæлтау исой лæмæгъ «4»-тæ», – банысан кодта Президент. Скъолаты ахуырдзауты ‘хсæн бархалынадтыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, ацы хъуыддаджы бæрндзинад кæй хæссы къласгæс кæнæ та директор. « Хатт къухдариуæггæнджытæ сывæллæтты хъомылады куысты хъуамæ æрхъуыды кæниккой ахæм фæткойтæ æмæ цæмæй ахæм сывæллæттæ дæр бамбарой, афтæ аразæн кæй нæй. Фæлæ мах та нæхицæн æнцад сбадæм. Æз дæн æфсæддон адæймаг æмæ кæддæриддæр дзурын комкоммæ. Уый махæй алкæй хæс дæр у, цæмæй хуыздæр хъомылад дæттæм нæ рæзгæ фæлтæрæн. Мах хъуамæ ма тæрсиккам нæхимæ бæрндзинад исынæй. Мах сымахимæ иумæ хъуамæ уæм ахæм тых æмæ командæ, кæцы сывæллæтты кæна хорз цардмæ», – уайдзæфгæнгæ дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент йæ раныхасы рæстæджы сдзуапп кодта ахуыргæнджыты фарстытæн дæр. Уыдонæй сæ иу уыд цæрæнуаттæй ифтонг кæныны фарст. Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, уый у республикæйы къухдариуæгады сæйраг хæстæй сæ иу. «Раст уын æй зæгъдзынæн æмæ ацы фарстмæ кæй æркæсдзыстæм, куыд æмбæлы, афтæ. Уымæ гæсгæ ис иунæг ахæм фадат, цæмæй цæрæнуат кæй хъæуы, уыдон слæууой иумæйаг рады, кæцы махмæ ис горæты администрацийы. Уым ис ахуыргæнджыты категори дæр. Кæд æмæ мах ацы фарст раст аскъуыддзаг кæнæм, уæд цæрæнуатæй ифтонг, æрцыдысты, кæмæн нæй, уыцы бинонтæ. Æз абон ахæм уæрæх аудиторийы раз зæгъын уый æмæ цæрæнуат дих кæй цæудзæн раст. Уый фæдыл кусы къамис, кæцыйы сконды сты прокуратурæ, РХИ-йы паддзахадон æдасдзинады комитет, горæты администраци, РХИ-йы Президенты администраци æмæ мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ. Цы номхыгъды кой фæкæнут, ома, сын хæдзæрттæ ис, афтæмæй ма ноджы рады лæууынц, уыдон сты тынг бирæ. Æз уын зæгъын тынг бирæ нæ, фæлæ æгæр тынг бирæ. Къамис сæ бæрæг кæны æмæ сæ зонæм», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Конференцийы куысты хайад райстой æмæ дзы раныхас кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Пæррæстаты Мананæ æмæ не ‘мбæстаг, Канадæйы цæрæг Мæргъиты Инал.

Конференцийы кæрон Еналдыты Жаннæ бакаст бакуыстгонд резолюцийы проект æмæ йыл схъæлæс кæныны фæстæ, ист æрцыдис.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ,

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.