Нырыккон размæцыд дуджы бирæ цæрыны сусæгдзинад  у адæймаджы уæвынады  цымыдисагдæр фарстатæй сæ иу. Куыд æппæт Кавказы, афтæ Ирыстоны дæр тынг бирæ уыд, бирæ чи цард, ахæм адæймæгтæ æмæ раздæр уый диссаг никæмæ каст.

1-æм августы Дзауы районы Сохты хъæуæй рацæуæг Джиоты Гафи банысан кодта 109 азы. Бирæ зындзинæдты сæрты рахызт йæ дæргъвæтин царды, баййæфта хъæбулты удзиæнттæ, алыгъуызон фыдæбæттæ, фæлæ абон цы зæрдæйы уагимæ сæмбæлд йæ райгуырæн боныл, уый у йæ фидар удыхъæдыл дзурæг. Нæ фæцудыдта царды уæззау уаргъы бын, йæ дарддæры цардмæ кæсы, йæ азтæм нæ кæсгæйæ, позитивон цæнстæнгасæй. Уæздан, æфсарм-джын æмæ хæларзæрдæ удыхъæды хицау, йæ куырыхон зондæй у йæ бирæ бинонты æнгомгæнæг æмæ  зондамонæг.

 Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй йе ‘мкъай Тедеты Григолимæ сæ цард баиу кæныны фæстæ рацыд чысыл рæстæг æмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Григолы акодтой фронтмæ æмæ Гафи баззад йæ ног бинонтимæ. Нæ фæтарст зындзинæдтæй, кодта куыд хæдзары куыстытæ, афтæ ма никуы зивæг кодта хъæубæсты иумиаг хæдзарады алыгъуызон куыстытæ кæнынмæ дæр. Колхозон куыстыты кæддæриддæр уыд раззагонтимæ. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын цыд алыгъуызон хорзæхтæй.

Григол хæстæй сыздæхт сахъатджынæй. Фæстæдæр сын зæнæг рацыд авд сывæллоны. Ныртæккæ Гафи у хъæбулы хъæбулы хъæбулты буц æна. Йæ цоты нымæц ахызт фæндзайæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, махæй алкæмæн дæр зынаргъ у нæ æна. Уарзæм æй æмæ йыл аудæм. Йæхæдæг дæр у хæларзæрдæ, куыд ацæргæ адæймаг, афтæ уæлдай хатт никуы никæй батыхсын кæны», – радзырдта йæ чындз Цхуырбаты Дианæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй Гафийæн уадиссаг нæ фæцудыдта йæ цæсты рухс. «Цæсты рухс кæд чысыл фæцудыдта, уæддæр йæ кармæ гæсгæ, уыны тынг хорз, йæ лæдзæджы æнцой раирхæфсы йæхи дæр кæртмæ,  хъусæй дæр хъусы хорз», – загъта Дианæ.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, æрдзы экологион уавæр хорз куы вæййы, уæд уый у адæймаджы бирæ рацæрыны сæйраг аххосаг. Гафи йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый, сæйраджыдæр, æнкъары йæ хъæбулты хорз ахаст, æнкъары, кæй сæ хъæуы, кæй йын аргъ кæнынц йæ карæн æмæ йæ зондамындтытæн, уый. Уыцы уарзон ахаст та Гафи нымайы йæ дæргъвæтин царды сæйраг аххосагыл. «Æз, канд  хæххон бынаты кæй фæцардтæн, уый нæ рахондзынæн мæ царды хуыздæр хай. Уымæн æмæ уæд цард уыд зынвадат, фыдæбон кодтам бирæ. Абон мæнæн мæ хъæбултæ мæ фарсмæ куы нæ уаиккой, куы нæ мæм дариккой ахæм æнувыд ахаст, уæд, æвæццæгæн, бирæ цæрон, æви – цъус, уæддæр мæхи амонд-джыныл нæ нымаин. Ныр та мæ фæнды уыдонæн се ‘ппæтæн дæр раарфæ кæнын, уыдонимæ Ирыстоны  æппæт кæстæртæн дæр, цæмæй сын уа сабырад æмæ уой царды хæрзиуджытæй хайджын», – загъта Джиоты Гафи.

Гафимæ йæ хъæбултæ се ‘ппæт дæр аудгæ ахаст кæй дарынц, уымæн ма  бæлвырдгæнæн уыд, 1-æм августы йын цы парахат гуырæнбон скодтой, уый дæр. Йæ гуырæнбоны цытæн ын мах дæр арфæ кæнæм æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы ноджы дæр бирæ азты æнæниз æмæ уæнгрогæй фæцæрыны фæндиæгтæ.                                                                               

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.