Бирæ цæрыны сусæгдзинад нырыккон размæцыд дуджы дæр нымад у, адæймаджы уæвынады сусæгдзинæдтæй æппæты цымыдисагдæр фарстатæй сæ иуыл. Бирæтæ йæ бæттынц хæхбæсты цардимæ, хæххон сыгъдæг æрдзы æууæлтимæ. Куыд æппæт Кавказы, афтæ Ирыстоны дæр тынг бирæ уыд бирæ чи цард, ахæмтæ æмæ раздæр уый диссаг никæмæ каст. Ацы фарсты фæдыл бæрæггæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны æппæты фылдæр чи фæцард, уыдонæй иутæ уыдысты  Беджызаты Пепе, Хъороты Агор æмæ Дзугаты Хосæхъо. Агор райгуырд 1800 азы. Фæцард 159 азы. Ирыстоны номдзыд поэт Дзугаты Георгийы фыд Хасæхъо та фæцард 110 азы. Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы фыццаг сæрдар, новеллæтæ «Мæсгуытæ дзурынц»-ы автор, поэт революционер Беджызаты Чермены фыд Пепейы ингæны дурыл фыст ис, 173 азы кæй фæцард. Уыдон се ‘ппæт  дæр цардысты иу комбæсты, хæххон царды уавæрты, хордтой экологион æгъдауæй сыгъдæг хæринаг, бирæ змæлыдысты физикон æгъдауæй. Уый кæд иуæй-иуты хъуыдымæ гæсгæ у бирæ цæрыны сæйрагдæр фæрæз, уæд ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ та бирæ цæрыны сæйрагдæр аххосаг у адæймаджы генетикон сконд. Уыцы хъуыды дæр раст кæй у, уый тыххæй дæнцæгæн æрхæссæм ирон æвзагзонынады патриарх Абайты Васойы. Бирæ азты дæргъы Васо йæ царды бонтæ фервыста хæххон сыгъдæг уæлдæфæй дард Мæскуыйы. Куыд æппæт нырыккон адæм, афтæ хордта, экологион æгъдауæй сыгъдæг чи нæ уыд, ахæм хæринаг, физикон змæлд дæр бирæ нæ кодта. Фæлæ уыимæ Васо фæцард 101 азы.

«Счастье – это состояние, когда чувствуешь, что ты нужен народу»,- дзырдта ССР Цæдисы адæмон артист, нывгæнæг Образцов. Дзырд дæр ыл нæй, адæймаг æхцондзинад куы иса йæ куыстæй, æхсæнады æмæ бинонты ахастæй, уæд уыцы уавæр бирæбæрцæй æндавы йæ царды æмгъуыдыл.

Раздæры дуджы æгъдау куыд домдта, афтæмæй хистæртæ аудыдтой кæстæртыл, æфтыдтой сæ раст фæндæгтыл, амыдтой сын царды алыгъуызон зын фæзилæнтæ. Кадджын хистæрæн кад кодтой канд бинонты ‘хсæн нæ, фæлæ æгас хъæубæсты æмæ комбæсты дæр. Уый ‘руаджы хъæубæстæ дæр уыдысты кадджын. Кæстæрты ‘рдыгæй хистæртæй аргъуц кæнын, æгъдау сын дæттын, кад сын кæнын, уыд адæймаджы хъомылад æмæ æгъдауыл дзурæг. Æнæ хистæр хæдзар нымад уыд æгадыл, хистæры зондамынд æмæ кæстæры хъару уыдысты ирон цардаразджытæ. Афтæмæй хистæр æнкъардта, кæй хъæуы йæ бинонты, йæ хъæубæсты. Уыцы æвæрццаг æнкъарæнтæ та ахъаз уыдысты хистæры царды дæргъвæтиндзинадæн.

Абарæм ма уæдæ ныр, уæды æмæ абоны хистæртæй иуæй-иуты царды уавæртæ. Цахæмфæнды  уавæрты ма фæцардаид кардзыд адæймаг йе ‘взонджы бонты, цахæм фæнды хæрд ын ма уыдаид, уæддæр ис хъæбултæй, ис бинонтæй йæ царды фæстаг бонтæ зæрæдты хæдзармæ кæ-мæн æрхаудысты, æввахс адæмы аудындзинад чи не ‘нкъары, уый бирæ куыд хъуамæ фæцæра? Нæй йæ цардæн мидис, а-зæххыл йæхи нымайы, уæлдайыл. Ахæм æппæрццаг хъуыдытæ та бирæ фæцæрынæн ахъаз не сты. Уый, мæнмæ гæсгæ, у кæстæрты  æбуалгъы рæдыд. Æмбисæндтæн се ‘ппæтæн дæр сæ фæзынд баст у царды уавæртимæ, æмæ мæнгæй нæ фæзынд ахæм æмбисонд: «Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс», – зæгъгæ. Уæдæ нырыккон дуджы царды æмгъуыд кæй фæцыбыр, уый дæр диссаг нал у. Кæд ма искæцы ахæм адæймаг ис æмæ йæ сæдæ азы сæрты ахызт, уæд уымæн канд бинонты ‘хсæн нæ, фæлæ ма йын хъуамæ кад кæной æппæт ирон адæм дæр.

Нæ республикæйы Мæскуыйаг микрорайоны цæрæг Тедеты Гафийыл ныр сæххæст уыдзæн 117 азы. Гафи йæ цардæй у райгонд, у куырыхон зонды хицау æмæ бинонтæн зонд-амонæг. Кæд бирæ зындзинæдты сæрты рахызт йæ дæргъвæтин царды, баййæфта хъæбулты удзиæнттæ, алыгъуызон фыдæбæттæ, уæддæр нæ фæцудыдта царды уæззау уаргъы бын. Раздæрау у уæздан, æфсармджын æмæ хæларзæрдæ удыхъæды хицау. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй йе ‘мкъай Тедеты Григолимæ сæ цард куы баиу кодтой, уæд райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. Григолы акодтой фронтмæ æмæ Гафи баззад йæ ног бинонтимæ. Нæ фæтарст зындзинæдтæй, куыд хæдзары, афтæ хъæубæсты иумиаг хъæууонхæдзарадон куыстытæм дæр никуы зивæг кодта. Колхозон куыстыты кæддæриддæр уыд раззагонтимæ. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын цыд алыгъуызон хорзæхтæй. Григол хæстæй сыздæхт сахъатджынæй, фæлæ сæрæгасæй. Фæстæдæр сын зæнæг рацыд авд сывæллоны. Ныртæккæ Гафи у хъæбулы хъæбулы хъæбулты буц æна. Йæ зæнæджы нымæц у фæндзаймæ æввахс.

Раст зæгъгæйæ, Гафийæн  бирæ цæрынæн ахъаз  цы у, уый зын равзарæн у; иуæй уый йæ царды фылдæр хай æрвыста хæххон сыгъдæг уæлдæф кæм уыд, ахæм ран – Дзауы районы Сохты хъæуы, аннæмæй та уый абоны онг дæр бирæбæрцæй æнкъары йæ кæстæрты аудындзинад, æнкъары, кæй сæ хъæуы æмæ сын кæй нæу уæлдайаг. «Æз ацы бинонтæм чындзы куы ‘рцыдтæн, уæдæй нырмæ рацыд фæндзай азы бæрц. Уал азы дæргъы Гафиимæ цæрæм иу хæдзары, фæлæ мах нæ хъуыды, кæнæм æмæ искуы не ‘хсæн хыл  кæнæ хъæлæба уыд, фæцардыстæм чындз æмæ æфсины нæ, фæлæ мад æмæ хъæбулы  цардæй. Абоны онг дæр стæм хъæрмуд», – загъта Гафийы чындз Кокойты Нано.

Кæд Гафийæн йæ царды фæндæгттæ зын æмæ уæззау уыдысты, уæддæр ахæм æвæрццаг æнкъарæнтæ æмæ  хорз  царды уавæртæ уымæн ахъаз сты, йæ царды бонтæ даргъ кæнынæн.

Уæдæ бирæ фæцæрынæн ахъаз канд хæххон уæлдæф æмæ сæрсæргæнаг суадоны дон не сты, уымæн ма ахъаз у амонддджын цард дæр. Хуыцау зæгъæд, цæмæй нæ чысыл æфхæрд Ирыстоны фылдæрæй-фылдæр кæной æгъдауджын кæстæртæ æмæ бирæцæрæг куырыхон хистæртæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.