Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты уагъд æрцыд Ӕхсæнадæмон зонадон-практикон конференци «От скифов до осетин». Ацы мадзал бацæттæ кодта университеты къухдариуæгад ирон æвзаг æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юрийыл 60 азы сæххæсты юбилеймæ. Ардæм фæуазæг сты бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, стæй ма Уæрæсейы Федерацийы ахуыргæндтæ.

Мадзал йæ раныхасæй байгом кодта университеты ахуыргæнæг Тадтаты Иринæ æмæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта цытджын уазджытимæ, раарфæ кодта юбилярæн. Уазджыты ‘хсæн уыдысты ахæм зынгæ ахуыргæндтæ, куыд Скæсæн зонады институты директоры хæдивæг Скаков Александр, Скифтæ æмæ аланты иртасæн центры хистæр зонадон кусæг Туаллæгты Алан, Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны Гуманитарон æмæ социалон иртасынæдты институты хистæр зонадон кусæг, историон зонæдты доктор Дзаттиаты Руслан, Цӕгат Ирыстоны археологи ӕмӕ историйы институты зонадон кусӕг Мамиты Михаил, Уæрæсейы зонæдты академийы дзæуджыхъæуккаг зонадон Центры директор Цыбырты Алексей, Цæгат Ирыстоны национ музейы разамонæг Къубалты Валери æмæ æндæртæ.

«6 июны зынгæ ирон ахуыргонд, Ирыстонæн æцæг патриот Дзиццойты Юри банысан кодта йæ гуырæнбон. Бирæ азты дæргъы æппынæдзух архайы, иртасы нæ фыдæлты истори, популяризаци кæны дунейыл ирон культурæ æмæ удварн æмæ дзы стыр буц стæм», – банысан кодта Иринæ.

Университеты ректор Тедеты Вадим йæ раныхасы, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн, кæй саккаг кодтой ацы конференцимæ æрбацæуын, уый тыххæй, стæй зæрдиагæй раарфæ кодта юбилярæн.

«Ныры онг Дзиццойты Юри егъау куыст бакодта, уый нырма ницы у. Фидарæй мæ уырны, дарддæр стырдæр хайбавæрд кæй бахæсдзæн ирон истори æмæ культурæйы къæбицмæ, кæй йын бантысдзæн ноджы фылдæр. Махæрдыгæй та йын алы хатт дæр арæзт цæудзысты æппæт уавæртæ дæр кусынæн», – загъта ХИПУ-йы ректор.

Бибылты Анатоли дæр йæ раныхасы æрдзырдта ахæм мадзал ауадзыны ахсджиагдзинадыл, банысан кодта, зæгъгæ, Дзиццойты Юри бирæ азты дæргъы кусы æмæ архайы йæ райгуырæн бæстæйы размæцыдыл, абоны онг бахаста стыр хайбавæрд ирзонынадмæ.

«Зæххыл иу адæмыхатт дæр нæй, кæцыйы нæ фæнды йæ рагфыдæлты истори базонын. Нæ адæмы истори та цымыдис кæны æрмæст ирæтты нæ, фæлæ æндæр бæстæты ахуыргæндты, этнографты, кæцытæ сæрмагондæй ахуыр кæнынц ирон æвзаг. Иумæйагæй сисгæйæ, дунейы культурæйы историмæ алкæцы адæмыхатт дæр бахаста хъæздыгдзинад æмæ дзы мах дæр фæстæ нæ фæлæууыдыстæм. Ныридæгæн дæр ма иртасæн куыстыты рæстæджы рабæрæг вæййынц ноджы бирæ сусæгдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ республикæйы къухдариуæгад кæддæриддæр архайдзæн, цæмæй нæ истори лæмбынæгдæр сахуыр кæнынæн арæзт цæуой æппæт уавæртæ дæр, ардæм нæм цæуой зынгæ историктæ, цæмæй нæ кæстæр фæлтæртæ ноджы арфдæр зонындзинæдтæ исой сæ рагфыдæлты историйы тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Конференцийы ма доклад сарæзта Александр Скаков ахæм темæйыл: «Образы змеи, лягушки и рыбы в мифологии древнего народа», раныхас ма кодтой иннæ ахуыргæндтæ дæр. Уымæй уæлдай ма Дзиццойты Юрийы 60 азы юбилеймæ презентаци сарæзтой чиныг «ALLON»-æн. Цыбырты Алексей дæр йемæ æрхаста цалдæр ног чиныджы ирон историйы тыххæй, кæцытæн фæстæдæр хицæнæй уыдзæн презентаци, æмæ дзы балæвар кодта Бибылты Анатолийæн, Дзиццойты Юрийæн æмæ Александр Скаковæн.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.