27-æм апрелы Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты уагъд æрцыд историон зонæдты доктор, профессор Санахъоты Мураты рухс ном арыны цытæн хыгъдон зонадон конференци 2016-æм азы бакæнгæ куыстæн.  Хайад дзы райстой ацы институты зонадон кусджытæ, нæ республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ, ХИПУ-йы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Сæрмагондæй конференцимæ фæуазæг ис æмæ дзы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр.

Зонадон конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт. Уый, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта конференцимæ чи фæуазæг сты, æппæт уыдонæн æмæ дарддæр цыбыртæй загъта конференцийы куысты тыххæй. «Абон мах нæ зонадон хыгъдон конференцийы арæм, нæ зынаргъ коллегæтæй сæ иу, дзæнæттаг Санахъоты Мураты рухс ном (Уымæн ацы аз у йæ юбилей). Нæ институты мах уынаффæ кодтам, æрмæст хыгъдмæ чи хауы, уыцы фарстыл нæ, фæлæ ма-иу цæмæй æркæсæм,  нæ паддзахады, æгас Кавказы æмæ Уæрæсейы Федерацийы дæр зындгонд чи сты, нæ уыцы зындгонд ахуыргæндты юбилейон бонтæ нысан кæнынимæ баст фарстытæм дæр. Ахæмтæм хауынц Санахъоты Мурат, Цхуырбаты Иван, Бязырты Алыксандр æмæ бирæ æндæр зындгонд ахуыргæндтæ.

Цалынмæ нæ конференцимæ ахизæм, уæдмæ уал мæ фæнды арфæйы ныхæстæ зæгъын нæ зынаргъ Президент Бибылты Анатолийæн адæм æй кæй сæвзæрстой æмæ абон нæ паддзахады сæргъ кæй слæууыд, уый тыххæй. Тынг æхсызгон нын у, абон ацы конференцимæ кæй æрбацыд æмæ дзы хайад кæй исы, уыцы хъуыддаг дæр. Абон цы докладтæм байхъусдзыстæм, уыдон та мах бацархайдзыстæм æмæ сæ рауаддзыстæм иу æмбырдгондæй», – загъта институты директор. Ныхасы бар лæвæрд æрцыд институты истори æмæ этнологийы хайады хистæр зонадон кусæг, историон зонæдты кандидат Пухаты Къостайæн. Уый бакаст доклад ахæм темæйыл: «Санахъоты Мураты рухс ном арыны тыххæй», цыран бæстонæй æрдзырдта йæ коллегæ, дзæнæттаг Санахъоты Мураты цард æмæ зонадон архайдыл.

– Нæ институты ахуыргæндтæй æрыгон историктæ цæвиттон кæмæй исой, ахæмтæ нæм бирæ ис. Уыдонæй сæ иу уыд историон зонæдты доктор, профессор Санахъоты Мурат Петры фырт, кæцы йæ фæстæ ныууагъта арф фæд Хуссар Ирыстоны историон зонады. Санахъоты Мураты æз тынг хорз зыдтон, иу хайады бирæ азты дæргъы фæкуыстам. Уымæ гæсгæ мæнæн мæ бон фидарæй зæгъын у Мурат кæй уыд æппæтварсон ахуыргонд, универсалон историк. Уымæн йæ зонадон цымыдисдзинад æнхъæвзта ирæтты хæстон историйæ зонадон историографимæ, ирæтты рагисторийы фарстатæй суангдæр Советон дуджы онг. Историографийы фадыджы Хуссар Ирыстоны Санахъоты Мурат абоны онг дæр нымад цæуы сæйраг специалистыл. Уымæ гæсгæ зæгъын хъæуы уый æмæ йæ амæлæты хъуыддаг кæй бандæвта нæ историон зонадыл. Уый ахæм диссаджы адæймаг уыд æмæ-иу æппынæдзух алцæмæдæр цымыдис кодта, алцы базонын æй фæндыд. Кæд-фæнды йæ цæмæйфæнды ма бафарстаис, алы хатт дæр-иу цæттæ уыд уыцы рагон чингуытæй цитатæтæ æрхæссынмæ. Санахъоты Мурат йæ царды фæстаг бонтæм уыд йæ бæстæйы патриот. Уый Хуссар Ирыстоны нæ ныууагъта æмæ нæ ацыдис республикæйæ гуырдзиаг-ирон хæстон архæйдтыты рæстæджы. Тынг рыст йæ зæрдæ гуырдзиаг фашисттæ нын 2008-æм азы дæр цы фондзбонон хæст расидтысты, уый тыххæй. Абон не ‘хсæн нал ис, амардис æнæнхъæлæджы æмæ рухсаг уæд», – загъта Пухаты Къоста.

Конференцийы РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы æх-хуысгæнæг Плиты Инал та сарæзта доклад ахæм темæйыл: «Санахъоты Мурат – хуссарирыстойнаг-болгариаг хæлардзинады æхсæнады къухдариуæггæнæг». Докладгæнæг банысан кодта, Санахъоты  Мурат ма,  зындгонд ахуыргонд уæвгæйæ, кæй архайдта дунеон æхсæнадон хъуыддæгты дæр. Сæрдариуæг кодта хуссарирыстойнаг-болгариаг хæлардзинады æхсæнадæн. Санахъоты Мурат стыр хайбавæрд бахаста хуссарирыстойнаг-болгариаг ахастытæ  райтынг  æмæ  сфидар кæныны хъуыддагмæ. Йæ номимæ баст сты уыцы æх-сæнады фыццаг æмæ вазыгджын къах-дзæфтæ, – загъта докладгæнæг.

Плиты Инал ма куыд банысан кодта, афтæмæй Санахъойы фырт бирæ зонадон куыстытæ снывонд кодта болгариаг адæмы тохты историйы фæдыл æмæ уымæ гæсгæ бауарзта Болгарийы бæстæ. Арф кæй сахуыр кодта ацы бæстæйы истори, уый тыххæй йæ бон уыдис æмæ сыл дзырдтаит бирæ сахаттæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй Санахъоты Мурат цы стыр зонадон бынтæ ныууагъта, уыдон кæронмæ куыстгонд æмæ систематизацигонд кæй нæма ‘рцыдысты æмæ уый та раст нæу.

Зонадон конференцийы ма дарддæр цымыдисон докладтæ сарæзтой: зонад-иртасæн институты ног æмæ ногдæр историйы хайады хистæр зонадон кусæг, философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста, «Понятие «Окна возможностей» в интеграционно-воссоединительном процессе Осетии», институты ирон литературæйы историйы хайады хистæр зонадон кусæг Бигъуылаты Иринæ, «Байаты Гаппойы архайд фæсарæнты» æмæ институты экономикæйы хайады зонадон кусæг Къæбысты Г. – «Влияние процессов глобализации на проблемы уровня жизни населения РЮО».Докладтæ се ‘ппæт дæр уыдысты тынг цымыдисон æмæ ахсджиаг. Уый банысан кодта мадзалы кæрон нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр.

– Фыццаджыдæр, бузныг зæгъын кæй мæ æрбахуыдтат, уый тыххæй. Бузныг ма зæгъын, чидæриддæр бацæттæ кодта докладтæ, уыдонæн дæр. Куыд Президент, афтæ мæ фембæлд сымахимæ, у фыццаг хатт. Мæн фæнды банысан кæнын уый æмæ ахуырад æмæ зонад кæй сты приоритетондæр. Цæмæн? Уымæн æмæ æнæ ахуыргæндтæй махæн размæ цæуæн нæй. Сымах хъуамæ дзурат фидар æмæ уæндонæй рæстдзинады сæраппонд. Комкоммæ куы нæ дзура нæ интеллигенци, нæ зонад, уæд уый мæгуырау хъуыддаг у.

Ацы институтæй рахызт бирæ зонадон кусджытæ, кæцытæй мах абон стæм сæрбæрзонд, кæцыты куыстыты мах абон кæсæм æмæ сæ ахуыр кæнæм. Уый стыр хъуыддаг у, уыцы стыр ахуыргонд адæймæгтæ махæн   ныууагътой егъау æмæ арф хъуыды кæмæн ис, уыцы куыстытæ. Абон дæр дзы ацы институты кусынц стыр ахуыр-гæндтæ.

Дзырд уын дæттын, сымахимæ, зонад-иртасæн институтимæ, æнгом кæй кусдзыстæм, уымæй. Уый æмрæнхъ, нæ университет æмæ нæ Ахуырады министрадимæ дæр. Сымах уе ‘ппæт дæр æнгомæй куынæ кусат, уæд махæн размæцыд нæ уыдзæнис ахуырады, зонады фадыджы.

Ныртæккæ бирæтæ райдыдтой дзурын Советон дуджы ахуырады систе-мæйыл, ома, йæ фæстæмæ раздахой. Уæрæсейы Федераци дæр цадæггай здæхы уыцы системæмæ æмæ мах дæр хъæуы ууыл ахъуыды кæнын, цæмæй нæ ахуырады къабазы кусджытæн, скъолатæй райдайгæйæ æмæ зонадон кусджытыл фæугæйæ, уа бастдзинад.

Æз бузныг зæгъын Пухаты Къостайæн, Санахъоты Мураты цард æмæ зонадон куысты архайды фæдыл цымыдисон доклад кæй сарæзта æмæ темæ хорз кæй райхæлдта, уый тыххæй. Ахæм конференцитæ нæ ахуыргæндты тыххæй уадзын хъæуы æрмæст зонад-иртасæн институты æмвæзадыл нæ, фæлæ ма хъæуы мадзæлттæ аразын университеты, скъолаты. Кæд ацы хъуыддаджы сымах исты æххуыс хъæуа Хицауады ‘рдыгæй, уæд, табуафси, æрбахатут-иу нæм æмæ сæ иумæ ауаддзыстæм. Бузныг иннæ докладгæнджытæн дæр. Дзугаты Къоста цы темæйыл æрдзырдта, уыимæ æз мæхæдæг цæргæ кæнын, уый мæнæн мæ туджы ис. Уартæ нæ рагфыдæлтæй абоны онг куы кæсæм, уæд дзы мах уынæм ахæм ситуаци, нæ адæмы æхсæн кæй цæуы дихдзинад æмæ иу хъуыдыйыл кæй не стæм ацы фарсты тыххæй. Уый стыр трагеди у. Адæм иумæ куынæ уой, æнгом куынæ цæуой, уæд махæн сомбон нæй. Мæнæн адæмы иудзинад бирæ ахсджиагдæр хъуыддаг у хæд-бар паддзахадæй. Адæмы иудзинадæн егъау нысаниуæг ис æмæ хъуамæ уæм иумæ. Арæх фæдзурынц, зæгъгæ, куыддæр нæ экономикон рæзт фæтынгдæр уа афтæ, зæгъгæ, æнцондæр уыдзæн  Уæрæсейы скондмæ бацæуын. Фæлæ уый раст хъуыды нæу. Куыдфæнды ма уа, уæддæр Ирыстоны скаст у Уæрæсемæ æмæ схъæздыг уыдзæнис, йæ экономикæйыл баст куы уæм, уæд уый фæрцы. Æз афтæ нæ зæгъын æмæ цалынмæ нæ баиу уæм, уæдмæ нæ бынæтты бадæм æмæ нæдæр нæ экономикæйыл дзурæм æмæ нæдæр йæ размæцыдыл хъуыды кæнæм. Нæ. Фæнды уæм, æви ма уæм Уæрæсейы сконды, уæддæр нæ хъæуы нæ экономикæ размæ кæнын. Арæх ма фæзæгъæм, зæгъгæ, Уæрæсейы скондмæ куы бацæуæм, уæд не ‘взаг фесафдзыстæм, ома, ассимиляцигонд æрцæудзыстæм. Цæмæдæр гæсгæ цæцæйнæгтæ нæ сафынц се ‘взаг, афтæ Дагъыстаны бирæнацион адæмтæ дæр. Не ‘взаджы хъысмæт ис нæ къухты æмæ йæ куыд ахуыр кæнæм, куыд ыл дзурæм, уымæй кæнгæ у йæ сомбон дæр. Не ‘взаг нæхæдæг куы нæ уарзæм æмæ йæм бæрнондæр ахаст куы нæ дарæм, уæд нын æй ничи бауарзын кæндзæнис. Цæмæй æвзаг ма фесæфа, уый тыххæй йыл хъæуы дзурын. Ирон æвзаджы уавæр Хуссар Ирыстоны бирæ хуыздæр у Цæгат Ирыстонимæ абаргæйæ, разы дæн уемæ. Фæлæ махмæ дæр ис ахæм бинонтæ æмæ хæдзары сæ сывæллæттимæ нæ дзурынц сæ мадæлон æвзагыл. Уæдæ уый кæмæй кæнгæ у? Нæхицæй, кæй зæгъын æй хъæуы. Мах нæхæдæг нæ фæлæгъстæ кæнæм ирон æвзаджы ахуыргæнæгæн, цæмæй сывæллонæн нывæра йæ «4», зæгъгæ, йæ аттестат ма фехæла, уый тыххæй? Кæд сæфæм, уæд нæхи аххосæй. Уымæн стыр нысаниуæг ис æмæ нæ хъæуы ацы фарстытæм лæмбынæгдæр хъусдард аздахын, – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Бибылты Анатолийы ацы хъуыдытимæ сразы сты иууылдæр æмæ йæ равдыстой сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.