Махæн, ирæттæн гуырдзы не ‘нусон знæгтæ кæй сты, уый дызæрдыггаг никæмæн у, ирæттæ та æууæнкджын æмæ æнæхин адæм сты, æндæра 1920 азы гуырдзы махæн цы тугуарæн геноцид сарæзтой, уый фæстæ ма куыд  æууæндыдыстæм уыдоныл, куыд ма сæмдзæхтон стæм семæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз уæдыккон нæ дæн, фæлæ-иу мæ фыды æфсымæры усæй цытæ фехъуыстон, уыдæттæ цыма мæхæдæг мæхиуыл бавзæрстон, афтæ арф айстон зæрдæмæ.

Гуырдзиаг фашисттæ Хуссар Ирыстоны цъыбыртты сыгъд куы кодтой, куы цагътой æнæазым адæмы, сывæллæттæ æмæ сылгоймæгты фыдмитæ сын куы кодтой, уæд ма ирон адæм сæ сæрæн  уый зыдтой æмæ лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ Зикъарайы æфцæгыл.

Уыцы лигъдæттимæ уыдысты мæ фыдыфыд Тома, йе ‘мкъай Цоцион æмæ сæ авдаздзыд фырт Ило, мæ фыдыфсымæр йе ‘мкъай æмæ йæ 6-мæйдзыд лæппуимæ. Уыдон, æмæ лигъдæттæ иууылдæр, цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдон-иу нын арæх дзырдта мæ фыдыфсымæры ус. Мах, сывæллæттæ-иу йæ алыварс атымбыл стæм æмæ-иу ын лæгъстæ кодтам, цæмæй та нын истытæ радзура, куыд лыгъдысты Цæгатмæ, æфцæгы сæрты. Йæ ныхас-иу райдыдта афтæ: «Хуыцау сын ма ныббарæд уыцы тæригъæдтæ» æмæ-иу нын райдыдта дзурын: «Цардыстæм нæхицæн дзæбæх, фос нæм бирæ уыд æмæ  хæрдцух никуы уыдыстæм. Мæ хицау æмæ нæ лæг (афтæ хуыдта йе ‘мкъайы) куыстуарзаг уыдысты, иудзырдæй, цард нæм цæджджинагау æхсыст. Уалынмæ адæм райдыдтой дзурын, зæгъгæ, нæм гуырдзы бырсынц, цæгъдынц æмæ судзынц хъæутæ. Фæлæ-иу мах нæхицæн ныфсытæ авæрдтам, зæгъгæ, махыйонг кæцæй схæццæ уыдзысты (Нæ хъæу, Гуыцмæзты хъæу уыдис бæрзонд ран, хъæдрæбыны). Мах æнхъæлдтам, æрмæст быдырты цы хъæутæ ис, уыдон судзынц. Уалынмæ дын иу бон дæллаг хъæутæй райхъуыст æхсæнгарзы гæрæхтæ, адæм райдыдтой лидзын хъæдырдæм. Нæ сиахс гуырдзиаг уыд, уанаттаг Уасо. Мæ хицау æм æхсæвы ныццыд æмæ йæм бахатыд, цæмæй йын йæ бинонты сæхимæ ныккодтаид, фæлæ Уасо не сразы, исчи, дам, мæ банымудздзæн æмæ мын мæхи дæр æд хæдзар басудздзысты. Махæн дæр ма цынæ лидзгæ уыд. Иу дзæкъулы цыдæр хæринæгтæ афснайдтам, иннæйы мæ сывæллоны бызгъуыртæ æмæ – лидзгæ. Нæ бирæ фосæй ма иу хъугыл мæ хицау бæндæн абаста, сывæллон, дам, цы хæрдзæн æмæ йæ йæ фæстæ акодта. Иннæ фос иууылдæр уынджы ныууагътам. Цæуæм, лидзæм, мæ лæппу мæ къухы, иу дзæвгар æй фæхастон, стæй мæ бон нал уыд æмæ мын æй æргъомау мæ фæсонтыл бабастой æмæ мын цъус фенцондæр. Илойæн дæр йæ бон нал уыд цæуын æмæ-иу куы йæ мады къухыл хæцыд, куы йæ фыды.

Нæ хæринæгтæ дæр кадавар кæнын райдыдтой æмæ ма-иу дзы фæйнæ чысыл къæбæр ахордтам. Алырдыгæй сывæллоны кæуын æмæ фосы уасын хъуыст. Мæ хицау йæ хъуджы дæр фæндагыл ныууагъта, нал, дам, мын цыд. Фæстæмæ-иу куы ракастыстæм, уæд судзгæ хъæуты фæздæгæй никæцæйуал ницы зынд, фæздæг кæмтты ныббадт мигъау.

Уыцы хъизæмæрттæ нын цыма фаг нæ уыдысты, уыйау ма лигъдæттыл тиф дæр сыстад, æвæццæгæн æххормаг æмæ чъизийæ. Мингæйттæй цагъды кодтой фæндæгтыл уазал æмæ стонгæй, низтæй. Зикъарайы æфцæгмæ нæма схæццæ стæм, афтæ ме ‘фсин дæр æрбарынчын. Æввахс нæм нал цыд, йæ авдаздзыд лæппуйы ме ‘вджид бакодта, цæут, зæгъгæ, ма лæуут. Йæхæдæг фæсфæд хъæды бацыд. Нæ лæг иуцъус махимæ рацыд, стæй мын афтæ зæгъы: «Æз мæ мады нæ ныууадздзынæн, йæ сыджытыл æй сæмбæлын кæнон æмæ уæ стæй аййафдзынæн».  Мæ хицау дæр нал акуымдта, раздæхт фæстæмæ уæддæр, дам, мæлын æмæ мæ зæххыл уæддæр амæлон. Баззадтæн иунæгæй, Захар мæ къухы, Ило та мын мæ къабайы фæччийыл хæцы, афтæмæй цæуæм. Алырдыгæй мæрдтæй йедзаг, ныгæнгæ дæр сæ куыд бакодтаиккой, иуæй тагъд кодтой, иннæмæй та сын кæм уыд, ингæн цæмæй скъахтаиккой, ахæм мигæнæнтæ. Æнæбары-иу сыл сыджыт бакалдтой æмæ ноджы низ сытынг. Цæуынæн ма чи уыд, уыдон цыдысты æмæ афтæмæй тыхамæлттæй ныххæццæ стæм Цæгатмæ. Æрбынат кодтам Салугæрдæны. Цардыстæм уым, фыдæбойнаджы цардæй, фæлæ гуырдзыйæ æдас кæй уыдыстæм, уый нын тых уагъта не уæнгты. Нæ лæг зынæг нæ уыд, æз æнхъæлдтон, уый дæр удæгас нал у. Уый та йæ мады баныгæдта, йемæ нæ фæцархайдта æмæ æнхъæлдта низ ууыл дæр бахæцыд æмæ йæ бинонтæм нал баввахс кодта йæхи, уыдон дæр куы фæрынчын уой, уымæй тæрсгæйæ. Куы йæ базыдта, нæ фæрынчын, уæд æрцагуырдта йæ бинонты æмæ иумæ цардыстæм. Ило йе ‘фсымæры куы ауыдта, уæд æм разгъордта æмæ йæ фæрсы: «Гыцци кæм ис, цæмæннæ йæ ‘рбакодтай демæ»… Кæуынæй йæхи мардта. Йæ кæуынмæ мах дæр куыдтам.

Уалынмæ нæм ныхъуыстис, зæгъгæ, гуырдзы æнæхъæн Хуссар Ирыстоны цъыбыртты сыгъд бакодтой, фæнык фестын кодтой хъæуты æмæ аздæхтысты. Уæд лигъдæттæ райдыдтой здæхын сæ райгуырæн къуымтæм, æниу ма дзы цæй къуымтæ уыд, Ирыстоны хуссар хай æнæхъæнæй æртхутæджы бын фæцис. Мах дæр æрцыдыстæм нæ хъæумæ, фæлæ ма дзы цæй хъæу уыдис?.. Хæдзар нæ, бæлас дæр дзы нал уыд. Æгас хъæуы ма нæ даргъ скъæт уыдис, æндæр ницыуал. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ нæ гуырдзиаг сиахс Уасо нал бауагъта басудзын. Хъæу, дам, пиллон арты куы сыгъдис, уыцы рæстæджы Уасо схæццæ хъæумæ, нæ хæдзар сыгъдис, фæлæ скъæтыл нæма бандзæрстой арт æмæ йæ уый нал бауагъта басудзын. Хъæуы адæмæй ма чи æрыздæхт, уыдон иууылдæр цардысты махимæ не скъæты, цалынмæ сæхицæн, кæм цардаиккой, уыдæттæ арæзтой, уæдмæ. Гъе, ахæм хъизæмæрттæ нын бавзарын кодтой гуырдзы», – йæ кæуындзæг-иу ын йæ хъуыр æрбахгæдта мæ фыды-фсымæры усæн…

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.