Санкт-Петербурджы уагъд æрцыд В. Соловьевы номыл æмбуархæстыты XI-æм фестиваль. Уым боксæй фыццаг бынат бацахста хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсен. Уый архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+92 кг).

Арсены архайдæй райгонд баззад йæ тренер Хаситы Владислав.

«Арсен алы раунды дæр архайдта хуыздæр. Уымæ гæсгæ тæрхонгæнджытæ уæлахиздзауыл банымадтой мæ хъомылгæнинаджы», – банысан кодта Хаситы Владислав.

 

Грекъаг-ромаг хъæбысхæст

Татарстаны кæронмæ бахæццæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Магас Сахабатдиновы номарæн æппæтуæрæсейон ерыстæ. Турниры сыгъзæрин майдан рамбылдта Годжыцаты Георги. Ирон спортсмен 77 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз Ростовы областы минæвар Виктор Еритенкойыл. Ерысты 63 кг уæзы категорийы æвзист призер ссис Теблойты Даниэль. 130 кг уæзы категорийы та æртыккаг бынат бацахста Хуыбиаты Азæмæт.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.